18 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Плиты Нодары.
Ныхæсты рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн рæзты перспективæты уавæрмæ. Дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр райгондæй банысан колтой, æндæр æмæ æндæр къабæзты æмкуысткæнынады позитивон динамикæ. Загътой, зæгъгæ, дарддæр дæр цæттæ сты, дыууæ паддзахады интерестæн дæр дзуапп чи дæтта, ахæм дывæрсыг бастдзинæдты дарддæры къахдзæфтæ аразынмæ.
Фембæлд уыдис конструктивон æмæ æххæстæй дзуапп лæвæрдта хуссарирыстойнаг-абхазаг æмкуысткæнынады ныры бæрзонд æмвæзадæн.
Цхинвал, 18 январь 2011 азы