Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцæудзæн референдум, цыран æмбæстæгтæ равдисдзысты сæ ахаст сæ бæстæйы рагон ном – Паддзахад Алани сæндидзын кæнынмæ.

Бирæ адæм æппæт дунейы, сæрмгондæй хæларадон паддзахадты ацы уынаффæйæн стыр аргъ скодтой, æмæ йæ банымадтой Хуссар Ирыстоны æнувыддзинадыл демократон паддзахады принциптыл, йæ адæмы фундаменталон бар сæ паддзахады суверенитет æмæ историон бастдзинад бафидар кæныныл.
Сæ ахаст референдуммæ равдыстой Гуырдзыстоны дæр. Хъыгагæн, сæ фидиуæнты ницы уыд нæуæгæй, рагæй кæмæй сфæлмæцыдыстæм, уыцы пропагандистон штамптæй дарддæр Хуссар Ирыстон æмæ йæ стратегион æмцæдисон Уæрæсейы Федерацийы тыххæй – “фыдæлтыккон гуырдзиаг территоритæ”, “бындурон гуырдзиаг цæрджытæ”, “оккупаци”, “аннекси”, “фыдох равдисын”, “ма æруадзын” æмæ æндæр ахæм терминтæ, кæцытæ сын, гуырдзиаг политикты хъуыдымæ гæсгæ, сæ фидиуæнтæн исты уæз æмæ нысаниуæг хъуамæ радтой.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Тбилисы эмоционалон реакци ницы хуызы бандавдзæн нæдæр референдум ауадзыныл, уый у Республикæ Хуссар Ирыстоны мидæггагон хъуыддаг æмæ йæ адæмы суверенон бар, нæдæр йæ фæстиуджытыл. Фæлæ уæддæр æхсæнадæмон æмæхсæнады хъус хъуамæ æрдарæм нæ сыхаг паддзахады æнарæхст афæлвæрдмæ хи батъыссын Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты.

Гуырдзыстоны йæ хъуамæ бамбарой, сыхаг паддзахадты ‘рдæм ахæм политикæ, кæцы бындуриуæг кæны æрмæстдæр хи интерестыл æмæ претензитыл, дарддæр кæнын у бынтон æнæперспективон. Фаг рæстæг рацыд реалондзинад æрымбарынæн.

Цхинвал, 2017 азы 9 февраль

 

09.02.2017