Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

Европарламент 2 февралы цы уынаффæ рахаста Гуырдзыстонæн æнæвизæйон режим бакæныны фæдыл, уый гуырдзиаг къухдариуæгадмæ сæвзæрын кодта æгæрон эйфори, æмæ уый адыл райдыдтой ацы хорзæхтæ хъарын «Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ цæрынц бæстæйы хицауады контролы бын чи нæ ис, уыцы территоритыл – Абхаз æмæ Цхинвайлаг регионы».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ногæй нысан кæны, Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æмахастытæ куыд рæзынц, сæ визæйон кæнæ æнæвизæйон ахастытæ, уый хауы æрмæстдæр Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм æмæ парахат нæ цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтыл. Зыгъуыммæ логикæйæ дарддæр ын ницы ис схонæн гуырдзиаг хицауады минæвæртты ацы архайд – хæдбар паддзахад Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн ахæм æнхъарæнтæ кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ хæдбардзинады фæндаг равзæрстой 25 азы размæ æмæ сын ницы ис иумæйагæй гуырдзиаг паддзахадимæ. Гуырдзыстонæн йæ бон куыннæ сси Хуссар Ирыстоны адæм скуынæг кæнын агрессийæ, уæд та райдыдта алыхуызон хиндзинæдтæ æмæ пропагандистон фæзилæнтæй пайда кæнын. Фæлæ Гуырдзыстоны ныры хицауадæн, сæ размæ чи уыд, уыдонау, сæ бон сæ къух сисын нæу Гамсахурдиайы рæстæджы ма кæй æрымысыдысты, уыцы Хуссар Ирыстоны алы цæрæгæн дæр хъыг чи у, ахæм нæмттæй, куыд «Цхинвайлаг регион», «а.х. Хуссар Ирыстон». Уымæй дарддæр ма алыхуызон ныхдуртæ æвæрынц Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æхсæнадæмон бастдзинæдты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн ма ис закъонон бындурыл ист уæрæсейаг æмбæстагад æмæ уæрæсейаг документтæ, уыдонимæ сæ бон у æппæт дунейыл балц кæнын. Фæлæ растдæр гуырдзиаг хицауад æмæ сæ ныгуылæйнаг армдарджытæ аразынц алыхуызон ныхдуртæ Евроцæдисы бæстæтæм бацæуынæн. Фаг рæстæг рацыд, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад бамбæрстаид, иунæг-иу гæнæн кæмæн ис, æмахастыты уыцы модель, кæцыйæн ис уæвæн фидæны Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн, уый у дыууæ æмбар паддзахады паритетон ахастытæ.

Цхинвал, 2017 азы 3 февраль

 

03.02.2017