10 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райста Даниель Ортегайы Никарагуайы Президенты бынатмæ бахызты кадджын церемонийы.
Церемони уыд Манагуайы Революцийы Фæзуатыл.
Козаты Нарим Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй Республикæ Никарагуайы Президент Даниель Ортегамæ Республикæ Никарагуайы Президент кæй сси, уый фæдыл арфæйы фыстæг радта.
Фыстæджы дзырдæуы:
Дæ уырнинаг уæлахиз æвзæрстыты рæстæджы сси Дæ бæрзонд авторитеты ирд æвдисæн æмæ бæстæйы фидар кæнынмæ æмæ рæзынмæ здæхт цы политикæ уадзыс, ууыл разыдзинад æмæ æппæтадæмон уарзондзинадыл дзурæг.
Хуссар Ирыстоны нæ рох кæнынц, Никарагуайы адæм Уæрæсейы фæстæ нæ бæстæйы æхсæнадæмон банымайыны хъуыддаджы размæцыдæн ахъазгæнæг фыццагтæ кæй систы, уый. Ацы фыстæджы ма мæ фæнды нæ къухдариуæгад æмæ нæ адæмы номæй Дæуæн бузныджы ныхæстæ зæгъын Дæ ацы лæджыхъæдджын уынаффæйы тыххæй.
Хуссар Ирыстоны нæ фидарæй уырны нæ бæстæты æхсæн цы хæларадон ахастытæ ис, уыдонæн хорз перспективæтæ кæй ис, уый.
Мæ зæрдæ Дын зæгъы, цытджын Президент, æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ Дæ дарддæры паддзахадон архайды, æмæ Никарагуайы хæларадон адæмæн та – сабырад, бæркад æмæ фарн.