Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты пресс-службæйы хъусынгæнинаг

13-14 декабры Женевæйы цæуы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы 38 раунд. Хуссарирыстойнаг фарсы сæргъ лæууы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.

13 декабры Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта дыууæварсон консультацитæ æхсæнадæмон делегациты минæвæрттимæ.

Уагъд ма æрцыд æртæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Абхазы делегацитимæ.

14 декабры, дискусситы сæйраг кусæгон боны дæргъы фыццаг кусæгон къорды адарддæргонд æрцыд куыст тыхæй ма спайда кæныны принципыл æнувыддзинады тыххæй иумæйаг фидиуæныл. Уымæй дарддæр ма, æрдзурдзысты регионы æдасдзинады актуалон фарстаты тыххæй.

Дыккаг кусæгон къорды дзырд цæуы гуманитарон фарстатыл, уыдон нымæцы æбæрæгæй сæфтыты агурыны æмæ Гуырдзыстоны территорийыл ирон историон бынтæ бавæрыны фарстатыл.

Цхинвал, 2016 азы 14 декабрь

 

14.12.2016