Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

«НАТО-Гуырдзыстон 2016»-ы ахуырты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æвдисы тыхстдзинад 10-20 ноябры цы ахуыртæ хъуамæ æрцæуой уагъд «НАТО-Гуырдзыстон 2016», зæгъгæ, уыдон тыххæй. Ацы ахуырты сæйраг хæс нысангонд æрцыд, куыд «Гуырдзыстон, альянс æмæ партнер-бæстæты æфсæддон тыхты кæрæдзи æмбарындзинад фæбæрзонддæр кæнын, æмæ сæ къухдариуæгад æмæ контрол кæныны гæнæнтæ фæфылдæр кæнын».

Хуссар Ирыстон алыхатт дæр амыдта, Гуырдзыстоны æфсæддон потенциал АИШ æмæ НАТО-йы æххуысæй кæй рæзы, уыцы тæссаг фæстиуджытæм, сидтис Альянсы бæстæтæм, цæмæй сæ къух систой ацы хъуыддагыл, фæлæ, хъыгагæн, ацы æрсидтытæм хъусæг нæ разынди æмæ уый та йæ фæдыл расайдта 2008 азы августы агресси.

Гуырдзиаг политикты æнæрлæугæ агрессивон фидиуæнты фоныл, НАТО-йы ахуыртæ Гуырдзыстоны территорийыл нымад цæуынц, уавæр æндыгъд кæнынмæ здæхт радон деструктивнон архайдыл, уымæн æмæ азæй-азмæ бæрæг фылдæр кæнынц ацы хъуыддаджы архайæг æфсæдтæ стæй техникæйы масштаб æмæ нымæц. Æмæ сын цыфæнды аргументаци ма уа, уæддæр негативон æгъдауæй æндавынц регионы стабилондзинадыл.

«НАТО-Гуырдзыстон 2016»-ы ахуыртæ сты Гуырдзыстоны реваншистон политикæйы æххуысæн Цæгататлантикон альянсы провокацион курсы цæстфенгæ демонстраци æмæ Фæскавказы регионы уавæры барæй хæлд.

Нæ министрад радон хатт сиды Альянсы бæстæтæм, цæмæй сæ зæрдыл æрлæууын кæной 2008 азы августы фæстиуджытæ, регионы тыхты равæрд бахынцой æмæ ма æруадзой æнæрхъуыды архайд, кæцыйæн уыдзæн трагикон æмæ æнæраздахгæ фæстиуджытæ.

Цхинвал, 2016 азы 10 ноябрь

 

10.11.2016