Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

8 сентябры АИШ-ы Конгрессы минæвæртты Палатæ хъæлæсты абсолютон фылдæр хайы бындурыл райста Резолюци 660, цыран, реалондзинадæй бынтон иппæрд чи у, ахæм мификон терминтæ «территориалон иудзинад»-ы æмæ Уæрæсейы æрдыгæй «Гуырдзыстоны районты оккупаци»-йы тыххæй тезистæй дарддæр ма ис сидт Гуырдзыстонæн «хи бахъахъхъæныны фадæттæ» радтынмæ.

Гуырдзыстоны алыварс АИШ æмæ НАТО-йы активондзинады ахæм ног уылæн Хуссар Ирыстоны æвзæрын кæны бæрæг тыхстдзинад. Сæрмагондæй, НАТО-йы Генералон секретарь Йенс Столентберг Гуырдзыстонмæ йæ балцы рæстæджы цы ныфсдæттæн фидиуæнтæ сарæзта, Гуырдзыстон НАТО-мæ ист кæй æрцæудзæн æмæ йæ хихъахъæнынад кæй фæфидардæр уыдзæн, зæгъгæ, уый тыххæй. Æппæт адæттæ загъд æрцыдысты, НАТО Гуырдзыстоны территорийыл æфсæддон ахуыртæ «Agile Spirit 2016» куы уагъта, уыцы рæстæджы.

Уый фæстиуæгæн æнæмæнг æвзæры фарст: Гуырдзыстон кæй ныхмæ хъавы спайда кæнын, йæ скæсæйнаг партнерты фæрцы цы æфсæддон потенциал фидар кæны, уымæй?

2008 азы трагикон цаутæ цы фæстиуджытæм æркодтой, уый алкæмæн дæр зындгонд у. Хуссар Ирыстоны хорз хъуыды кæнынц, 2004 æмæ 2008 азты, АИШ æмæ НАТО-йы инструктортæ кæй бацæттæ кодтой, уыцы æфсад скæсæйнаг бæстæтæй ист æхæснгарзæй сабыр цæрджыты кæй мардтой, уый.

Гуырдзыстон никуы сусæг кодта «йæ территоритæ» химæ æрбайсыны фæнд. Химæ раздахын сæ милитаризаци æмæ тых спайда кæнын фæрцы кæй хъавы, уый дæр дызæрдыггаг нæу. Æппæт адæттæ зынтæй бадынц гуырдзыстоны хицауады ахæм фидиуæнтимæ, зæгъгæ, уыдон тырнынц «æфсымæрон ирон адæмимæ» ахастытæ нормализаци кæнынмæ.

Гуырдзыстонæн цыфæнды æфсæддон æххуыс, йæ мотивацимæ æнæкæсгæйæ, тыхджындæр кæны уымæн йæ реваншистон равг, стæй уæд ахъаз кæны стабилондзинад фехалынæн æмæ регионы æндыгъдады эскалацийæн.

Æдасдзинад реалонæй сфидар кæнынæн ахъаз уыдзысты Гуырдзыстоны бæрæг юридикон гарантитæ, Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй кæй нæ спайда кæндзысты, хуссарирыстойнаг фарс Женевæйаг дискусситы фæлгæтты активонæй цæуыл фæдзуры, уыдон.

 

Цхинвал, 2016 азы 12 сентябрь

 

12.09.2016