Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад зæгъы стыр кад кæй кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æмæ йын æрвиты иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады Бадзырдыл къухтæ æрфыссыны 16 азы Боны цытæн.
1994 азы Цхинвалы къухтæ цы базæйон документыл æрцыдысты фыст, уый ссис ахсджиаг арæн нæ республикæйы ‘хсæн хæлардзинады ахастыты рæзтæн, æмгуысткæнынад æмæ кæрæдзийы фарсхæцынадæн. Уый ссис канд нæ стратегион нысæнтты иумиаг æвдисæн нæ, фæлæ мА ахæм программон документ дæр, кæцы здæхт у бирæ азты нæ æмархайды рæзт æмæ фидар кæнынмæ дæр.
Бадзырд æмæ рæзты уæлæмхæсæн Суагъæ æмæ æхсæнадомствойон сразыдзинæдтæ сты Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестровьейы фидар бындур конструктивон æмархайдæн. Уыдон æвдисæн сты нæ паддзахадты æттагонполитикон курсы иумиагдзинадæн, афтæ мА нæ æмхуызон тырнындзинадæн сабырад æмæ стабилондзинадмæ, Республикæты экономикæйы æмæ социалон сферæйы рæзтмæ.
Ацы циндзинады бæрæгбоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн ногæй зæгъы иууыл стырдæр кад æмæ йын аргъ кæй кæны, уый æмæ æппæт йæ кусджытæн хорздзинæдты, æнæмастдзинæдты, фæндиæгтæ.
г. Тирасполь, 2010 азы 12 октябрь