Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры хæдивæг Коцты Аланы комментари

Тбилисы территориалон амбициты фæдыл

Тбилисы дарддæр фантазитæ кæнынц сæ территориалон амбициты фæдыл, уымæн æвдисæн у Паата Закареишвили æрæджы цы фидиуæн сарæзта, уый. Фидиуæны уый йæ хъуыдытæ нывæнды гуырдзиаг паддзахаддзинад искæй терииторитыл саразыны варианттыл.

Æвæццæгæн, комментари радтыны тыххæй ам тынгдæр бабæззид практикон психологи. Уымæн æмæ бæрæгæй зыны, сæ бæллицтæ сæ къухты кæй нæ æфтынц, уый аххосæй фрустрацийы уæвгæйæ, гуырдзыйы хицауады бахъуыд психологон баивынады манипуляторон технологиты æххуыс.

Æцæгдзинадæй та, Тбилис хъуамæ сразы уа реалондзинадимæ æмæ бамбара, Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады фидæн баст кæуыл у, ахæм иунæг субъект у Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм, æмæ уый та фидар æмæ цæхгæрæй алыг кодта, Гуырдзыимæ сын иумæ цæугæ кæй нæу, уый.

Цхинвал, 2015 азы 1 декабрь

 

02.12.2015