Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

16-æм ноябры уагъд æрцыд ЕЦ-Гуырдзыстоны ассоциацийы советы дыккаг рабадт, цыран Евроцæдис радон хатт «бафидар кодта, Гуырдзыстоны территориалон иудзинад кæй нымайы, уый» æмæ тыхстдзинад равдыста Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмцæдис æмæ интергацийы тыххæй Бадзырдыл фæдыл.

Евроцæдисы позици рагæй бæрæг уыди æмæ Хуссар Иыстоны дисы никæй бафтыдта. Гуырдзиаг политиктæ æмæ дипломаттæ зæрдиагæй дарддæр кæнынц сæ сидт Евроцæдисмæ, цæмæй сæ фарс рахæцой сæ дезинформаци æмæ сæ æрымысгæ претензиты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территоритæм. Евроцæдисы минæвæрттæ сæхи æрдыгæй, сæ протежеты куырдиатмæ гæсгæ, гуырдзиаг позици æнæбындур кæй у, уымæ æнæкæсгæйæ, регулярон æгъдауæй æвдисынц Тбилисимæ сæ солидарондзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бирæ хæттыты фехъусын кодта, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ йæ территори кæй не сты æмæ кæй никуы уыдысты гуырдзиаг паддзахады иу хай, уый, æмæ уыцы фактыл дызæрдыгдзинад та нымад цæуы регионы сабырад æмæ æдасдзинады ныхмæ арæзт архайдыл.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырдмæ Ныгуылæны æдзухон цымыдис дис æвзæрын кæны, уымæн æмæ ацы бадзырд у РХИ æмæ УФ-ы æхсæн 2008 азæй фæстæмæ цы бадзырдон-барадон базæ сырæзт, уымæн йæ логикон дарддæркæнынад æмæ йæ райрæзт. Ацы бадзырд нæу здæхт æртыккаг бæстæты ныхмæ æмæ ахъаз кæндзæни регионалон æдасдзинады системæйæн.

Регионы сабырад æрфидар кæныны охыл Евроцæдисы минæвæрттæн фидарæй уынаффæ кæнæм, цæмæй, гуырдзиаг хицауад искæй территоритæ йæхи куы хона æмæ Тбилисмæ реваншистон хъуыдытæ куы æвзæра, уæд сæ фарс мауал хæцой.

Цхинвал, 2015 аз 19 ноябрь

 

19.11.2015