Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

БНО Уæрæсейы Федерацийы Æдзухон минæвар В.И. Чуркины раныхасы фæдыл

Баиугонд Нациты Организацийы Уæрæсейы Æдзухон минæвар Виталий Чуркин БНО Æдасдзинады Советы æмбырды 20 октябры æрсидтис, цæмæй АИШ йæ къух сиса бæстæйы уавæрæй фыдхъомыс кæныныл, кæцы йæхимæ исы æппæтдунеон организацийы. Сæрмагондæй ныхас цыдис Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы минæвæртты ахасты визæйон дискриминацийыл, кæцытæн æрымысæггаг аххосæгтæм гæсгæ АИШ-ы хицауад бар нæ дæтты бæстæмæ бацæуынæн. Уымæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн нæ дæттынц лигъдæтты проблематикæйы фæдыл паддзахадтæ-хайадисджытæм дзырд куы фæцæуы, уæд уыдонæн объективон информаци радтыны фадат, кæцыты æрвылаз дæр Гуырдзыстон рахæссы БНО Генералон Ассамблеймæ.

Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты визайон дискриминаци æххæст кæнгæйæ йæ сателлит Гуырдзыстоны интересты сæраппонд Америкæйы Иугонд Штаттæ уадзынц дывæр стандартты политикæ сæхи куыд фæнды БНО æхсæнадæмон фæзуæттæм бар дæттынц иутæн, куыд, зæгъæм Косово æмæ иннæтæн та бар нæ дæттынц. Ахæм практикæ канд æхсæндунеон барадон базæйы принципты ныхмæ не сты, фæлæ ма паддзахады бæрндзинады роль бæрндзинад æххæст кæныны æмбарынадæн дæр, Баиугонд Нациты Организацийы штаб-фатер равæрынæн территори дæттыны.

Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы, сæ фарсхæцджыты къухтæй Хуссар Ирыстонæн æмæ Абхазæн хæдаразгæ ныхдуртæ аразгæйæ, æмæ дзы æргомæй сайын æмæ фальсификацийы фæрцы политикон дивиденттæ райсынмæ тырнгæйæ, Гуырдзыстон дардæй-дарддæр кæй кæны ахсджиаг гуманитарон проблемæты барæй куыд нæ цæуой арæзт, ахæм æгъдауыл æмæ æркæсынæн. Уыдон тыххæй Гуырдзыстоны официалон минæвæрттæ демагогон æгъдауæй уынаффæ кæнынц бæрзонд трибунæтæй.

Цхинвал, 2015 азы 22 октябрь

 

22.10.2015