Æхсæнадæмон уголовон тæрхонгæнæг Фату Бенсуда 2008 азы августы цауты фæдагуырды сног кæныны фæдыл
Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны прокурор Фату Бенсуда официалонæй ракуырдта ÆУТ-æй 2008 азы августы цаутыл, Гуырдзыстон радон хатт Хуссар Ирыстоны ныхмæ æххæстмасштабонæй агресси куы сарæзта, ууыл ног фæдæсгæрст ауадзыны тыххæй санкци.
2008 азы августы цауты фæдыл фæдæсгæрст æххæст кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хайди Тальявинийы къухдариуæгадæй Евроцæдисы æхсæндунеон къамис, кæцы æрцыдис ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, хæст райдайыны тыххæй бæрндзинад æвæрд цæуы Гуырдзыстоныл. 2008 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ кæй бабырста, уый трагикон фæстиуджытæ зындгонд сты алкæмæн дæр: Уæрæсейы фидауынгæнджыты фæцагъд, стыр пырхытæ æмæ адæймæгты зиæнттæ, Уæрæсейы сæхи чи баауон кодтой, уыцы цыппар минæй фылдæр ирон лигъдоны.
Зæгъын хъæуы уый æмæ Хуссар Ирыстонмæ 2008 азы онг дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ бабырста Гуырдзыстон. 1920 азы гуырдзиаг æфсад ирæттæм ахасты сæххæст кодта геноцид æмæ тоталон этникон асыгъдæгдзинад, кæцыты фæстиуæгæн мард фесты бирæ мингай адæймæгтæ æмæ ма дзы удæгасæй чи аирвæзтысты, уыдон та бахъуыдис сæ хæдзæрттæ ныууадзын æмæ сæхи бааууон кодтой Уæрæсейы территорийыл. 1990-æм азты райдианы Гуырдзыстоны æфсад, абырджытæ-боевиктæ Хуссар Ирыстоны басыгътой æмæ ныппырх кодтой дæсгай ирон хъæутæ, мингай æнæаххос ирæттæ систы Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы амæттæгтæ æмæ асыгъдæггонд æрцыдысты этникон æгъдауæй.
2004 азыта Гуырдзыстон ногæй бабырста Хуссар Ирыстонмæ. Гуырдзыстоны аппæт ацы фыдракæндты тыххæй æфхæрд ничи ‘рцыдис Гуырдзыстоны хицауадæй. Уымæй Гуырдзыстоны хицауиуæгад бафидар кодта, кæй сын ис сæрибарæй архайыны бартæ æмæ 2008 азы августы ног тугкалон хæст сæххæст кæнынæн Хуссар Ирыстонмæ ахасты.
2008 азы августы «сæ фæдтæ кæмæн нæма ныууазал сты», уыцы фæдæсгæрсты æрмæджытæ сæхимæ нæ аздæхтой Гаагайы зпкъондзинад хъахъхъæнджыты хъуыды æмæ куыдфæндыйы цæстæнгасæй акастысты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты рис, хъизæмæрттæм æмæ сæ бартæ хæлд кæй ницæмæ даргæйæ, мардтой æгъатырæй, уæрæхнысанон цæрæнуæттæ, æмбæстагон инфраструктурæйы объекттæ кæй пырх кодтой, уыдæттæ баззадысты ÆУТ-ы хъусдардæн æдте, кæд æмæацы рæсттæрхоны æхсндунеон организацитæм æрвыст æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг æфсады архайды фæстиуæгæн зиæнттæ кæуыл æрцыдысты, уыцы цыппар минæй фылдæр куырдиæттæ, уæддæр. 2008 азы цаутæм Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны прокуратурæйы офис фæдæсгæрст официалонæй æрмæстдæр 2013 азы райдыдта, уымæй дæр бынтондæр иувæрсыгон позицитæй. Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны ‘рдыгæй, суанг официалон фæдæсгæрст ауадзыны агъоммæ 2012, 2013, 2014 азты ÆУТ æвдыста, æрмæстдæр Гуырдзыстоны фарсы ‘рдыгæй позицийы цæстæнгас, кæцымæ гæсгæ ирæтты аххосджын кодтой, цыма лæбурдтой гуырдзиаг æмбæстæгтæм, пырх сын кодтой сæ цæрæнуæттæ æмæ сæ тыххæй сырдтой иу цæрæн бынатæй иннæмæ 2008 азы августæй октябрмæ, суанг ма сæ аххосджын кодтой адæймагады ныхмæ фыдракæндтæ аразыны хъуыддаджы дæр. Куыд зыны, афтæмæй дзырд нæ цæудзæнис гурдзиаг хицауады æмæ æфсæддонты фыдракæндтæ сбæрæг кæныныл, аххос аппарынмæ хъавынц, сæйраджыдæр, уыдон ныхмæ, кæцытæ систы гуырдзиаг хотыхджын агрессийы объект. Æнæнхъæлæджы нæу уый æмæ прокурор Бенсудайы хъусынгæнинаг ногæй разæнгарддзинады тыхтæ кæй бауагъта Тбилисы, кæцыран сæ фидарæй ныфс ис, цæмæй спайда кæной ÆУТ прокуратурæйы гæнæнтæй æмæ ногæй рафыссой 2008 азы августы Гуырдзыстонæн худинаггæнæг чи систы, уыцы цаутæ.
Æнæгуырысхойаг у ÆУТ прокуроры офисæн стыр уæз кæй ис, уый æмæ æхсин Бенсудайы домынад 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны цаутæн ногæй фæдæсгæрст ауадзыны тыххæй санкци райсын Дунеон уголовон тæрхондоны кæй æвæры, ахæм равзæрсты раз рæстдзинады æмæ прокурор куыд фæнд кæны рагацау арæзт трактовкæтæ, кæцытæ Хуссар Ирыстонмæ бабырсыны аххосджын чи сты æмæ цы æфсæддон фыдракæндтæ сарæзтой, уыдоны сæ æнæаххосджынæй равдисынмæ. Кæд æмæ Æхсæндунеон тæрхондонæн аргъ кæны йæ репутацийæн, уæд æппæт гæнæнтæй дæр хъуамæ спайда кæна, цæмæй йын кæй аразын кæнынц, уыцы иувæрсыг политизацигонд балæудæй йæхи бахиза.
Цхинвал, 2015 азы 20 октябрь