Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. комментарий МИА «Хуссар Ирыстон абон»-æн Уæрæсейы Федерацийы Президент В.В. Путин БНО ГА 70-æм сессийы кæй раныхас кодта, уый фæдыл

Ацы бонты æппæт дунеон æмæхсæнады хъусдард здæхт у БНО ГА 70-æм юбилейон сессийы цы цаутæ цæуынц, уыдонмæ.

Уæрæсейы Президент Владимир Путин 2015 азы БНО Генералон Ассамблейы, æнæмæнг, æнхъæлмæ кæмæ кастæуыдис, йæ уыцы раныхасы радзырдта, дунейы цæугæ цаутæ Уæрæсе цахæмæй уыны, Æввахс Скæсæн æмæ Украинæйы проблемæты тыххæй.

Æз Уæрæсейы Президенты раныхасмæ хъуыстон стыр цымыдисимæ. Сусæггаг никæмæн у, Хуссар Ирыстоны политикон ориентаци кæддæриддæр здæхт кæй уыди Уæрæсейы Федерацийы ‘рдæм. Уымæ гæсгæ, хицæн фарстаты Уæрæсейы боны фæткы позицитыл бирæбæрцæй баст у Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон ориентаци дæр.

Фæстаг азты бирæ дзырд цæуы БНО роль кæй фæлæмæгъдæр, кæй фæныллæгдæр йæ ахадындзинад, ууыл. УФ Президент фактон æгъдауæй загъта БНО ногæй цæрдхъом скæнын, сиды, цæмæй æрымысой æмæ фæстæмæ ма лæууой уыцы нысæнттæй, йæ райдианæй кæцыты сæраппонд арæзт цыдис, цæмæй æцæгæлон къухты инструмент ма уой.

Путин йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон ног историон уавæрты нæй альтернативæ глобалон къухдариуæгадæн консенсус аразынмæ ахастыты, кæд æмæ æххæстæй аргъ цæуа дунейы бирæхуызон культурон-цивилизацион æмæ рæзты моделы бирæхуызондзинадæн. В.В. Путин загъта дунеон фæтк фидар кæныны тыххæй, бирæполярон дунейы фарс хаосы ныхмæ, «Ислаймаг паддзахады» ныхмæ æхсæнпаддзахадон антитеррористон коалици саразыны тыххæй, ома бацамыдта, глобалон характер кæмæн ис, уыцы иууыл карздæр проблемæтæй фервæзыны амæлттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй кæйдæрты бахъæудзæнис бирææнусон стереотипты ныссæттын, æнусон уæлбикъондзинады сæраппонд претензитыл къух сисын. Мæн уырны,уымæн æндæр фæндаг кæй нæй, уый. Науæд тыхы бары йеттæмæ æндæр ницахæмуал фæтк базайдзæнис. Уый у Хуссар Ирыстоны проблематикæмæ тынг æввахс чи у, ахæм, уымæн æмæ сыхаг Гуырдзыстон æмæ йе ‘мцæдисонтæ бирæ азты дæргъы немæ фæлварынц æрмæстдæр тыхы æвзагæй «дзурыныл», уымæн та, мæнмæ гæсгæ, нырыккон дунейы нæй æруадзæн.

Путин бацамыдта, æмбар æмæ иудадзыг æдасдзинады ахæм тыгъдад, кæцы уа канд равзаргæтæн нæ, фæлæ алкæмæн дæр. Нæ бæстæйæн æдасдзинады фарст абоны бонмæ дæр у иууыл ахсджиагдæртæй сæ иу. Хъыгагæн, Гуырдзыстон нæ разы кæны Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй сразыдзинадыл йæ къух æрфыссыныл.

Уæрæсейы Президент йæхи равдыста, канд йæхи бæстæйы æцæг лидерæй нæ, фæлæ ма ахæм лидерæй, кæцыйы алыварс æрæмбырд уыдзысты дунеон тыхтæ дæр, кæцытæ цæттæ сты дунеон ахастыты архитектурæ бахъахъхъæнынмæ æмæ не ‘руадздзысты дунеон барады фесæфты хъуыддаг.

Æмткæй сисгæйæ, Путин раныхас дзуапп лæвæрдта абоны боны фæткæн æмæ хорз уаид æндæр паддзахадты сæргълæуджытæ дæр куы байхъусиккой уæрæсейаг политикы рекомендацитæм, ситуацийæн æрвонг аргъ скæныны хъуыддаджы дзы цæвиттон куы райсиккой æмæ проблемæйæн канд æргом æмæ комкоммæ дзурынæй нæ, фæлæ куы фенын кæниккой, æцæгæй цæттæ кæй сты ууыл уынаффæ кæнынмæ æмæ йæ аскъуыддзаг кæнынæн фæндæгтæ агурынмæ.

 

30.09.2015