Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

3 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. сæргълæудæй Хуссар Ирыстонмæ здæхти Тирасполæй, цыран хайад иста Днестргæрон Молдаваг Республикæйы сырæзты 25 азы бæрæгбонон мадзæлтты. Делегацийы уæнгты Кишиневы аэропорты æрурæдтой Молдавийы Республикæйы тыхон уагдæтты минæвæрттæ.

Развæлгъау ист бадзырдтæм æмæ раздæр Молдавийы хицауад цы æнæкъуыхцы транзитон ацыды гарантитæ радта, уыдонмæ æнæ кæсгæйæ, хуссарирыстойнаг делегацийы раз цæлхдуртæ æвæрд æрцыд, нæ Фыдыбæстæмæ здæхыны рæстæджы. Уымæй дарддæр ма делегацийы хайадисджытæн 10 азы ‘мгъуыдмæ ист æрцыд Молдавийы Республикæмæ бацæуыны бар.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Молдавийы Республикæйы хицауады архайд нымайы, бынтондæр æруадзæн кæмæн нæй æмæ дунеон барады нормæты ныхмæ чи у, ахæмыл, æмæ йын аргъ кæны куыд провокационыл хуссарирыстойнаг делегацимæ ахасты æмæ æргом дискриминационыл - Днестргæрон Молдаваг Республикæмæ ахасты.

Бынтондæр бæлвырд у, молдаваг хицауад кæй сфæнд кодта, цæмæй слæууа Гуырдзыстон цы фæндагыл рацыдис 2008 азы августы онг Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ ахастыты, ахæмыл, цы фæстиуджытæ йын уыдзæнис, ууыл нæ хъуыды кæнгæйæ. Уый та йæ, гæнæн ис, æмæ æркæна сыхаг бæстæтимæ барæй æндыгъдад рæзын кæнынмæ.

Дунеон æмæхсæнад иттæг хорз уыны, Молдавийы Республикæ кæй тырны, цæмæй суа йе ‘ххæстбарджын минæвар, фæлæ йын ацы инцидент хъуамæ суа ахæм, кæцы æвдиса бæстæйы бæрндзинад æмæ бадзырдтытæм йæ цæттæдзинад.

Цхинвал, 2015 азы 8 сентябрь

 

03.09.2015