10 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады коллективы базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Казбулатимæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «ног урæд министр уагдоны ног адæймаг нæу, хорз зонгæ у коллективимæ æмæ йын йæ бæрны цы уагдон бакодтон, уый куыстимæ».
Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад у бындурон уагдон, кæцы æххæст кæны æттагонполитикон фарстатæ, сæрмагондæй та йын нæ паддзахаддзинады дунеон позицитæ фидар кæныны фæдыл Президент йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон.
Йæхи рады Цхуырбаты Казбулат бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн йе стыр æууæнчы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йæ коллективимæ иумæ дарддæр дæр кусдзæнис Республикæйы хæрзиуæгæн, уагдоны раз цы хæстæ æвæрд цæуынц, уыдон скъуыддзаг кæныныл.
Цхинвал, 2015 азы 10 июль