Цалдæр азы дæргъы фæд-фæдыл БНО Генералон Ассамблея райсы Гуырдзыстон кæй æрбавдисы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдæттæ æмæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæ чи аивтой, уыцы адæймæгты тыххæй резолюцийы проект. Гуырдзыстоны азæй-азмæ документы текст фæлхатт кæнгæйæ, фæнды, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн политикон æмæ зыгъуыммæгондæй лигъдæтты проблемæ равдиса афтæ, цæмæй бафидар кæна йæ æнæлегитимон территориалон даутæ.
2015 азы июны Гуырдзыстон БНО Генералон Ассамблеямæ лигъдæтты æмæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæй чи фæиппæрд, уыдон фæдыл цы резолюцийы проект бахаста, уый текст нæ хицæн кæны БНО Генералон Ассамблеяйы раздæры райстгонд резолюциты проекттæй, дзырдæуы дзы, рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæй чи фæиппæрд æмæ «лигъдæтты æмæ сæ фæдонты бартæ бæлвырд кæныны фæстæмæ баздæхыны тыххæй иумиагæй Гуырдзыстоны территоримæ, уыцы нымæцы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ дæр».
Дунеон æмæхсæнадæн кæй хъарынц, уыцы резолюцийы проекты ницы дзырд цæуы уый тыххæй æмæ уыцы лигъдæттæ æмæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæ чи фæивтой, уыдон комкоммæдæр кæй фæзындысты, уый баст кæй у, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы хæстытæ сарæзта, уыдонимæ. Ницы дзырд дзы цæуы уый тыххæй дæр æмæ сæдæ минæй фылдæр ирæттæ кæй фæлыгъдысты Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны территоритæ этникон асыгъдæггонд кæй æрбынат кодтой Уæрæсейы Федерацийы территорийыл æмæ сæ æрмæстдæр нымад адæймæгтæн бантыстис фæстæмæ раздæхын.
Резолюцийы тексты ма дзырд нæ цæуы уый тыххæй дæр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хицауад сæхи сæрмагонд инициативæйæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæй чи фæиппæрд, уыдонæй дæсгай мин гуырдзиагы кæй раздæхтой. Гуырдзыстоны бавдисгæ резолюцийы тексты, канд сæвзæргæ политикон реалитæ, сæрмагондæй та ахæм уавæр æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæй сты хæдбар паддзахадтæ, фæлæ ма бæлвырд кæны уый дæр æмæ Гуырдзыстонмæ бынтондæр кæй нæй вазыгджын гуманитарон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынмæ тырнындзинад дæр.
Ирдæй зыны уый æмæ азæй-азмæ Гуырдзыстон цы резолюци бахæссы, уый кæй нæ ахъаз кæны, Гуырдзыстонæй, Хуссар Ирыстонæй æмæ Абхазæй лигъдæтты уавæрæн, фæлæ ма негативонæй æндавы Женевайы дискусситы цыдыл, кæцытæ дарддæр дæр сты иунæг-иу ахæм фæзуат, кæцыйы Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстонæн фадат ис, цæмæй уæрæхæй уынаффæ кæной уæвæг проблемæты спектрыл, уыцы нымæцы лигъдæтты æмæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæй чи фæиппæрд, уыцы адæймæгты проблемæтыл дæр.
Лигъдæтты проблемæтæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы дипломатон хиндзинæдтæ æмæ пропагандистон эффектæнхъæл резолюцитæ нæ, фæлæ сты кофронтацион амындтæ æмæ тыхæй ма спайда кæныны сæраппонд юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл къухтæ æрфыссын æмæ йæ кæройнаг фæстиуджытæ та – Гуырдзыстон иуæрдыгæй æмæ Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон – иннæрдыгæй фарсы ‘хсæн сабырадон сразыдзинадыл бадзырд.
Гуырдзыстоны лигъдæтты проблемæ кæй политизаци кæны, уый ацы хъуыддаджы халы Женевайы дискусситы фæлгæтты куыст. Уымæн æмæ Гуырдзыстон хуыздæрыл нымайы, цæмæй фарстатыл уынаффæ цæуа лигъдæттæ æмæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæй чи фæиппæрд сты, уыдоны проблемæтимæ бастæй ахæм дунеон авторитетон органы, цахæм у БНО Генералон Ассамблея. Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз та домынц, цæмæй спайда кæной сæ бартæй æмæ хайад исой ацы проблемæйыл БНО уынаффæ куы цæуа, уæд уым. Цалынмæ политикон хъæзтытæ цæуой лигъдæтты проблемæтыл Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны фæсчъылдым, уæдмæ ацы проблемæйæн Женевайы дискусситы фæстиуæг нæ уыдзæнис.
Женева, 2015 азы 1 июль