11 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй, уыдис кусæгон фембæлд Женевайы дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисæг делегацийы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинад æрбæстон кæныны фæдыл Женевайы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО Æмсæрдæрттимæ фембæлд, кæцытæ Республикæмæ æрцыдысты радон дискусситы раунды хæдразмæ.
Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæныл æдасдзинадимæ бастуæвæг фарстаты нырыккон ситуацийы фæдыл, афтæ ма ацы аз 1 июлы чи хъуымæ уа, Женевайы дискусситы уыцы 32-æм раунды боны фæткы фарст.
Банысан æрцыдис, зæгъгæ, Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы ‘хсæн æфсæддон æмкуысткæнынад кæй арфдæр кæны, уый фæдыл регионы фидар æдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны сæраппонд абсолютон приоритет, куыд раздæр, афтæ ныр дæр у Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг сразыдзинад саразын.
Фæрстæ банысан кодтой, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй, æмткæй стабилондзинад кæй у, уымæ нæ кæсгæйæ, дарддæр дæр æмбæлон куыст цæуа арæнгæрон районты æндыгъдад къаддæр кæныныл. Ацы контексты ахсджиаг роль ахсы Женевайы процессы фæлгæтты арæзт чи ‘рцыдис, инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм рæстæгыл хъус æрдарыны механизмтимæ æмкуысткæнынады фæдфæдылон æмæ эффективон архайдæн.
Хуссарирыстойнаг фарс радон хатт загъта йæ æнæразыдзинад лигъдæтты тыххæй Гуырдзыстон БНО ГА кæй бавдыста, уыцы резолюцийы проектæн схъæлæс кæныны тыххæй. Гуырдзыстоны фарсы ‘рдыгæй æнæконструктивон позици, кæцыйы æрвылаз дæр лигъдæтты фарст политизаци кæнынмæ кæй тырнынц, уый йæ фæдыл расайы æнæхъуыдыдзинад æмæ, гæнæн нæ вæййы Женевайы дискусситы ацы ахсджиаг гуманитарон проблемæйыл æруынаффæ кæнынæн. Афтæмæй та Женевайы дискусситæ сты иунæг-иу æхсæнадæмон бынат, кæцыйы сты ацы фарст æрбæстон кæнынмæ чи цымыдис кæны, уыцы фæрстæ, БНО Генералон Ассамблейæ хъауджыдæр Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы минæвæрттæн нæ вæййы хайад райсыны фадат.
Визиты фæлгæтты ма уазджытæ фæмбæлдысты РХИ æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны хиуæттимæ.
Женевайы дискусситы Æмсæрдæртты йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х.
Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттæ ма уыдысты Ленингоры районы. Уым, бынаты, базонгæ сты уæвæг ситуациимæ.
Цхинвал, 2015 азы 11 июнь