Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2015 азы 2-3 июны Мæскуыйы уагъд цыдис æвзонг дипломатты Дыккаг форум. Хайад дзы райстой Абхазы, Сомихстоны, Белоруссийы, Хъазахстаны, Хъыргъызы, Молдавийы, Уæрæсейы, Таджикистаны, Туркменистаны æмæ Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдæтты минæвæрттæ. Форумы хайадисджытæ æнæформалон, хæларадон уавæрты руынаффæ кодтой æхсæнадæмон боны фæткы бирæ фарстатыл Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухдариуæггæнджытæ æмæ эксперттæ. Форумы уазджытæ уыдысты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Моргулов æмæ уæрæсейаг æндæр æттагонполитикон уагдоны къухдариуæггæнджытæ, Хæдбар Паддзахадты Цæдисы хъуыддæгты фæдыл УФ Паддзахадон Думайы комитеты сæрдар, евразиаг интеграци æмæ æмфыдыбæстæйæгтимæ бастдзинæдты фæдыл Леонид Слуцкий, афтæ ма æндæр эксперттæ дæр.

Форум йæ куыст фæцис кæронбæттæн Деклараци райсынæй, кæцыйы банысан æрцыдис æрвылаз дæр ахæм фембæлдтытæ уадзыны æнæмæнгхъæуындзинад.
Банысан кæнын хъæуы, Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр хайад кæй истой 2014 азы, апрелы, уагъд чи ‘рцыдис, уыцы æвзонг дипломатты фыццаг Форумы.

Цхинвал, 2015 азы 5 июнь

 

05.06.2015