Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æрвылкъварталон хыгъды, афтæ ма Сербийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ивица Дачич катайдзинад загътой, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы адæймаджы бартæ хъахъхъæныны уавæры тыххæй. Арæзт æрцыдис хъусынгæнинаг «ЕЦÆО мисси кæронмæ сæндидзын кæныны æмæ уыцы территоритæм æхсæндунеон цæстдарджыты бауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад».
Диссаг нæу сербаг дипломатæн Беручашвилийы уагдон сæрмагондæй кæй сарæзта, уыцы докладæй йæ бон ахæм хатдзæгтæ саразын кæй бацис, уый, уымæн æмæ адæймаджы барты тыххæй исты хатдзæгтæ аразын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны демократийы уавæр гуырдзиаг политикты рагацау бацæттæгонд æвдисæндарты бындурыл у худæджы хъуыддаг. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ гуырдзиаг политиктæ сæ ныгуылæйнаг коллегатимæ зæрдиагæй архайынц дунеон æмæхсæнадæн рæдыд хъуыддæгтæ аразын кæныныл.
Ацы тыхполитиктæ адæймаджы бартæ халыны тыххæй сæхи ницыуынæг цæмæн кодтой, ныр афтæ тынг кæуыл тыхсынц Хуссар Ирыстоны уыцы территорийыл Гуырдзыстон хуссарирыстойнаг адæмы активонæй куы куынæг кодтой æмæ республикæйы æмбæстæгтæн царды хуымæтæг бартæ дæр куы истой, уæд? Объективон реалондзинадыл дзырд куы цæуа, уæд æрсидын хъæуы дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй се ‘ргом аздахой Гуырдзыстонæн йæхи мидæг адæймаджы барты уавæрмæ æмæ царды æмвæзадмæ, кæцытæ сты бирæ хуыздæрхъуаг, Хуссар Ирыстоны царды стандарттæ та Гуырдзыстонæй сты уæлдæр æмæ хорзæрдæм кæй æнкъардæуы, ахæмтæ. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ фидарæй хъахъхъæд цæуынц Рспубликæ Хуссар Ирыстоны бындурон закъон – йæ Конституцийæ, чи дзы цæры, уыдонæн дæтты сæ бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæныны гаранти.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бар-æнæбары дæр хъæуы, цæмæй сын сæ зæрдыл æрлæууын кæна Хуссар Ирыстоны ныхмæ 2008 азы августы Гуырдзыстоны агрессийы хæдразмæ ацы дунеон организацийы авторитет тынг дæлæмæ кæй æрхаудис, уый.
ЕЦÆО цæстдарджытæ гуырдзиаг-ирон конфликты раздæры зонæйы æвдисæнтæ кæй уыдысты тыхæй архайыны сценари бацæттæ æмæ сæххæст кæнынæн, уый æгъоммæ арвыстой сæ кусджыты æмæ бынæттон цæрджыты ныууагътой амæттæгтæй æмæ уый тыххæй ЕЦÆО коллективон къухдариуæггæнæг органтæн хъусын дæр нæ фæкодтой.
Хуссар Ирыстонæн уыдис уый бар æмæ æнхъæлмæ кастаит ЕЦÆО архайæг сæрдар дунеон организацитæм, цæмæй принципиалон аргъ скодтаиккой ахæм фактæн æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæггæнæг режим ирон адæмæн тугуарæн хæст куы сцырын кодта æмæ уымæй ЕЦÆО æппæт бындургæнæг документты архайд гуымир æгъдауæй кæй фехæлдта, уыдонæн, фæлæ афтæ нæ бакодтой.
Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уæддæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фидарæй зæгъы, цæттæ кæй у конструктивон, комкоммæ диалогмæ дунеон структурæтимæ, уыцы нымæцы ЕЦÆО, æмæ хъусын кæны, нæ бæстæйы территоримæ бацæуыны хъуыддаг регуляцигонд кæй цæуы йæ мидæггагон закъондæттынадæй.
Цхинвал, 2015 азы 3 июнь