Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2015 азы 16 майы Сардинийы г. Сассарийы уагъд æрцыдис дунеон конференци ахæм темæйыл: «Националон хæдбардзинад æмæ дунеон æмхæдбарад». Сорганизаци йæ кодта парламентон къорд æмæ Федераци Медитерранеа-Маре Нострум (Бæстыастæу денджыз – нæ иумиаг денджыз) Сардинийы Регионалон Советы фарсхæцынадæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй конференцийы арфæйы ныхас ракодта Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиа.

Конференцийы хайадисджытæ æрсидтысты дунеон æмæхсæнады Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны сæраппонд.

Цхинвал, 2015 азы 22 май

 

22.05.2015