Венесуэлæйы Республикæ Абхазы Минæвар Зауыр Гваджавайы тæфæрфæсы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыууæ азы бонмæйы охыл

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл дыууæ азы кæй сæххæст æмæ йæ фæдыл сабырæй цæрæг бирæнымæц адæймæгты мæлæт кæй расайдта, уый охыл Венесуэлæйы Абхазы Минæвар Зауыр Гваджава тæфæрфæсы тел арвыста РХИ Фæсарææйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы сæрмагондæй дзырдæуы:

«2008 азы августы гуырдзиаг-ирон конфликт кæй фæкарздæр, уый фæстиуæгæн фæмард сты Республикæйы сабырæй цæрæг æмбæстæгтæ, бирæтæ та дзы баззадысты æнæхæдзæрттæй.
Тæфæрфæрс кæнын гадзрахатæй рацæуæг агрессорты аххосæй чи фæмард æмæ æнæуый зиан кæуыл æрцыдис, Хуссар Ирыстоны уыцы сабыр цæрæг бинонтæн».

РХИ Æттагон хъуыддæгты министрады
Пресс-службæ

27.01.2011