Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

22 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Республикæ Науруйы делегацийы. Йæ сæргъ лæууыдис Вице-президент Дэвид Адеанг. Делегацийы сконды ма уыдысты Парламенты вице-спикер Рэнин Акуа, Финансты министры хæдивæг Мартин Хант æмæ Парламенты депутат Сирил Бурамен. Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй фарс химæрайсты хайад райстой Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулат æмæ Æттагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл Парламенты комитеты сæрдар Коцты Игорь.

Дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр райгонддзинад загътой сæ ахастыты æмвæзадæй æмæ баныхас кодтой, гæнæн кæй ис конкретон фæдæздæхтыты дывæрсыг ахастытæ фидар æмæ рæзын кæнынæн, уыцы нымæцы æруынаффæ кодтой æндæр æмæ æндæр фæдгуыты сразыдзинæдтæ бакусыныл, сæрмагондæй та – кæрæдзимæ æнæвизайæ цæмæй цæуой, ууыл. Фембæлды рæстæджы загътой ахæм фæндондзинад, цæмæй снысан кæной консултæ æмæ делегацитæ, канд хицауадон æмвæзадыл нæ, фæлæ ма сфæлдыстадон æмæ спортивон коллективты æмвæзадыл дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид бахатыд, цæмæй Науруйы Республикæйы Президентмæ фæхæццæ кæной, кæй йæ хоны Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй 2015 азы 20 сентябры хайад райса Республикæйы сырæзтыл 25 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты.

Фембæлд ацыдис хъарм æмæ хæларадон уавæрты.

Цхинвал, 2015 азы 22 апрель

 

22.04.2015