Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр – Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы,

2008 азы 17 сентябры сахар Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны фæдыл фыстæрцæуæг Бадзырдæй бындуриуæггæнгæйæ,

æхсæнпаддзахадон ахастыты, æмцæдисад æмæ интеграцион партнердзинады ног æмвæзадмæ хизгæйæ,

арф историон æмæ монон бастдзинæдтæ бындур кæмæн сты, уыцы æмцæдисадон ахастытæ дыууæ паддзахады национ интерестæн дзуапп кæй дæттынц, уый хынцгæйæ,

Баиугонд Нациты Организацийы Уагæвæрды принциптæм æнувыдзинад бафидар кæнгæйæ,
сразы сты дæлдæрфыстыл:

Уац 1

1. Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æххæст кæнынц æмразыгонд æддагон политикæ, кæцы æмхуызон хынцы Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы интерестæ æмгуыстады алыгъуызон сферæты, уый фæдыл кæрæдзийæн информацийæ æххуыс кæнынц бакæнгæ архайдтыты фæдыл, афтæ ма æмхуызон ахъаз кæнынц сабырад фидар кæнынæн, Кавказы регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинад бæрзонддæр кæнынæн.

2. Уæрæсейы Федераци æппæтамалæй ахъаз кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон бастдзинæдты рæзтæн, официалонæй йæ чи банымайа, уыцы паддзахадты нымæц рауæрæхдæр кæнын сæм бафтаугæйæ, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонæн æхсæнадæмон организацитæ æмæ баиугæндтæм бацæуынæн, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацийы инициативæмæ гæсгæ æмæ (кæнæ) йæ æххуысæй арæзт чи ‘рцыд, уыдонмæ.

Уац 2

1. Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы, регионы сæвзæргæ æфсæддон-политикон уавæр хынцгæйæ, регионы сабырдзинад æмæ æдасдзинадæн реалон тасдзинад кæй ис, уый нымайгæйæ ифтонг кæнынц хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумæйаг тыгъдад.

2. Уæрæсейы Федераци ифтонг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад, Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæн хъахъхъæнын дæр æм бафтаугæйæ. Уыцы нысанæн Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æмразыдзинадмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты æмæ æдасдзинады органты хицæн дæлхæйттæ конд цæуынц Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхтæ æмæ æдасдзинады органты скондмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхтæ æмæ æдасдзинады органты хицæн дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты æмæ æдасдзинады органты скондмæ бакæныны фæтк, сæ функцикæнынады фæтк, спайда сæ кæнын æмæ сæ ифтонг кæнынад бæлвырд цæуынц хицæн фидыдмæ гæсгæ, кæцыйыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы хъуамæ сæ къухтæ æрфыссой ацы Бадзырд йæ тыхы куы бацæуа уыцы бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

3. Кæд Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй иу искæцы паддзахады, паддзахадты къорд кæнæ æнæзакъонон гарзджын баиугæндты ‘рдыгæй агрессийы бахауа (гарзджын бабырст), уæд уый нымад цæудзæн куыд иннæ Бадзурæг Фарсы ныхмæ агресси (гарзджын бабырст) дæр, афтæ.

Уац 3

1. Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг паддзахадон арæныл сæрибарæй ахизыны хъуыддаг æххæст цæуы æдасдзинады æмбарынады фæткойтæ хынцгæйæ.

2. Ацы уацы 1 пункты реализаци кæнынимæ бастуæвæг мадзæлттæ æмæ сæ уадзыны æмгъуыдтæ бæлвырд цæуынц хицæн фидыды, кæцыйыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæ къухтæ фыссынц, ацы Бадзырд йæ тыхы куы бацæуа уыцы бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

Уац 4

1. Организацигонд фыдракæнддзинад æмæ фыдракæндты æндæр тæссаг фæзындты ныхмæ тох кæныны архайд координаци кæныны нысæнттæн Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы ацы Бадзырд йæ тыхы бацæуыны бонæй иуылфылдæр иу азы дæргъы аразынц мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центр.

2. Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центр æххæст кæны ахæм хæстæ:
Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты оперативон-нысаниуæгджын информацийæ кæрæдзийæн æххуыс кæнынад организаци кæнын, афтæ ма æнæмæнгхъæуæг оперативон æмæ криминалистон хынцынад уадзын;

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы интерестæм сæ æнæбарадон архайдæй чи ныхилы, уыцы фыдракæндон баиугæндты тыххæй зонæнтæн сæрмагонд банк саразын æмæ æххæст кæнын;

организацигонд фыдракæнддзинад æмæ фыдракæндон æндæр тæссаг фæзындты ныхмæ тох кæныны фæдыл информаци æмбырд æмæ анализ кæнын;

тугтæрхонон фæдагуырд кæнæ тæрхонрахаст æххæст кæнынæй чи æмбæхсы, уыцы адæймæгты тыххæй æхсæнпаддзахадон агуырд æмæ сæ радтыны хъуыддаг æххæсткæнынад;

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы æдасдзинадæн тæссаг кæмæй у, уыцы тæссаг фыдракæндты ныхмæ тох кæныны фæдыл æнæмæнгхъæуæг æмразыгонд архайдтытæ реализаци кæнынæн ахъаз кæнын;

æмгуыстады эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны фæдыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы фæндæттæ бакусын æмæ бавдисын.

3. Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры архайды фæтк æмæ йæ хæстæ бæлвырд цæуынц хицæн фидыдæй, кæцыйыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæ къухтæ фыссынц, ацы Бадзырд йæ тыхы куы бацæуа, уыцы бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

4. Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы этапгай бæрзонддæр кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты материалон-техникон ифтонгад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты кусджыты æхцайы фæрæзтæ æмæ социалон гарантитæ.

5. Ацы уацы 4 хайы банысангонд мадзæлттæ реализаци кæнынимæ бастуæвæг хæрдзты финанскæнынад æххæст кæны Уæрæсейы Федераци хицæн фидыды банысангонд фæткмæ гæсгæ, кæцыйыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæ къухтæ фыссынц, ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуыны бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

Уац 5

1. Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон органтæ интеграцигонд цæуынц Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон органтимæ Таможнæйон цæдисы закъондæдтынад æмæ таможнæйон хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынадмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон органты пайдагонд кæмæй æрцыд, таможнæйон операциты уыцы автоматизацийы фæрæзтæй, штатон программон фæрæзтæй, Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон органтæ кæмæй пайда кæнынц, таможнæйон хъуыддæгты къабазы уыцы технологион фæрæзтæй пайда кæнгæйæ.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон органты Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон органтимæ интеграцийы фæтк бæлвырд цæуы хицæн фидыдæй, кæцыйыл сæ Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы къухтæ фыссынц ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуыны бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

Уац 6

1. Уæрæсейы Федераци райсдзæн уæлæмхасæн мадзæлттæ, кæцытæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уыдзæн фæхуымæтæгдæргонд процедурæтæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад райсынæн, æмæ бахæсдзæн æнæмæнгхъæуæг ивындзинæдтæ æмбæстагдзинады тыххæй Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынадмæ, кæцытæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзух цæрæг æмбæстагæн йæ бон уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад райсын, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинадыл йæ къух сисыны æнæмæнгхъæуындзинад æнæ бахынцгæйæ.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад кæмæн ис, кæнæ цæрыны баргæххæтт, гъе та Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг уæвгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрыны бардæдтæг документ кæмæн ис, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæм нæ хауы, фæсарæйнаг æмбæстагдзинад кæмæн ис, кæнæ цæрыны баргæххæтт, гъе та фæсарæйнаг паддзахады æдзух цæрыны бар бæлвырдгæнæг документ кæмæ ис, уыцы æмбæстæгтæм ахасты Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынадмæ гæсгæ фæкъуындæгдæргонд уавæр паддзахадон æмæ муниципалон бынæтты, паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдты кусынæн, афтæ ма сæрибар цæуынц, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ кæй сты кæнæ сын Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзух цæрыны бардæттæг документ кæй ис, уый тыххæй æнæмæнг фехъусын кæнынæй.

3. Ацы уацы 2 хайы уагæвæрдтæ нæ хауынц Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæм, кæцытæн ма Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинады кæнæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзух цæрыны бардæдтæг документы уæлдай ис æндæр фæсарæйнаг паддзахады æмбæстагдзинад кæнæ фæсарæйнаг паддзахады æдзух цæрыны бардæдтæг документ.

4. Ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуыны бонæй ивд цæуынц 2010 азы 1 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты иумæйаг æнæвизæйон балцты фæдыл Фидыдмæ гæсгæ Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй иуы æмбæстæгтæн иннæ Бадзырдаразæг Фарсы территорийыл уæвынады æмгъуыдтæ чи бæлвырд кæны, уыцы фæкъуындæгдæргонд уавæртæ.

Уац 7

1. Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй этапгай æххæст кæны паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты астæуккаг куыстмызд Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказаг Федералон зылды æнгæс категориты кусджыты куыстмызды æмвæзадмæ скæныны хъуыддаг.

2. Уæрæсейы Федерацийы финансон фæрæзты хардзæй ацы уацы 1 хайы банысангонд куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны финанскæнынады фæтк, уавæртæ æмæ æмгъуыдтæ (этаптæ) бæлвырд цæуынц хицæн фидыдæй, кæцыйыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæ къухтæ фыссынц ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуæн бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

Уац 8

1. Уæрæсейы Федераци, 2016 азæй райдайгæйæ, ифтонг кæны æдзух Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цæры, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгты пенсион ифтонгад Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказаг федералон зылды астæуккаг пенсион ифтонгады æмвæзадмæ скæныны хъуыддаг.

2. Ацы уацы 1 хайы пенсион ифтонгад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй банысангонд фæтк, уавæртæ æмæ æмгъуыдтæ (этаптæ), уыцы нымæцы пенси райсынæн æнæмæнгхъæуæг куысты стажмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл райсгæ куысты стаж бафтауыны фæтк, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы фæрæзты хардзæй банысангонд хæрдзты финанскæнынады фæтк бæлвырд цæуынц хицæн фидыдæй, кæцыйыл Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы сæ къухтæ фыссынц ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуыны бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

3. Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуыны бонæй 2 азы дæргъы аразы æнæмæнгхъæуæг социалон фæдзæхстады системæ рæстæгмæ æнæкуыстхъомдзинады тыххæй æмæ мадæлдзинады, афтæ ма куыстуаты æрцæугæ æнамонд цауты рæстæджы æнæмæнгхъæуæг социалон фæдзæхстад æмæ профессионалон низты тыххæй.

Уац 9

1. Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстонимæ иумæ реализаци кæны мадзæлтты комплекс, кæцытæ ифтонг кæнынц:

æдзух Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цæры, уыцы Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты фæдзæхстад, Уæрæсейы Федерацийы æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстады системæйы;

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзух чи цæры, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæн Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынадмæ гæсгæ Уæрæсейы Федрацийы территорийыл медицинон æххуыс бакæнын организаци кæнын.

2. Ацы уацы 1 хайы банысангонд мадзæлтты комплекс æмæ йæ реализаци кæныны план бæлвырд кæны Уæрæсейы Федерацийы бæрнджын орган ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуыны бонæй иуылфылдæр 6 мæймæ.

Уац 10

1. Уæрæсейы Федераци ахъаз кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады рæзтæн.

2. Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырады гъæд фæбæрзонддæр кæныны нысæнттæн:

ахуырады сферæйы ахуырады тыххæй Уæрæсейы Федерацийы закъондæдтынадимæ æнгæсгæнæг нормативон барадон акттæ исын;

организацигонд цæуынц паддзахадон ахуырадон стандарттæ æмæ цæвиттойнаг ахуырадон программæтыл бакуыст, ахуырадон архайд чи æххæст кæны, уыцы организациты педагогон кусджыты уæлæмхас рацæттæ кæнын æмæ квалификаци бæрзонддæр кæнын;

æххæст цæуынц æмразыгонд мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты зонад æмæ техникæйы рæзты приоритетон фæдыздæхтыты специалисттæ цæттæ кæнынмæ.

Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы исынц мадзæлттæ сæ кæрæдзи специалистты ахуырдзинад æмæ квалификаци бæлвырдгæнæг документты нымайын ивтонг кæныны тыххæй.

3. Ацы уацы банысангонд хæстæ реализаци кæныны мадзæлтты план Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы бæрнджын органтæ æмразы кæнынц ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуыны бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

Уац 11

1. Уæрæсейы Федераци æххуыс кæны Республикæ Хуссар Ирыстонæн культурæ, аивад, уырыссаг æмæ ирон æвзæгты, спорт æмæ туризмы райрæзты программæтæ реализаци кæнынæн.

2. Ацы уацы 1 хайы банысангонд хæстæ реализаци кæныны фæдыл мадзæлтты план Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы бæрнджын органтæ æмразы кæнынц ацы Бадзырдæн йæ тыхы бацæуыны бонæй иуылфылдæр 6 мæйы æмгъуыдмæ.

Уац 12

Уæрæсейы Федераци ахъаз кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны райрæзтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты инвестицион программæты фæлгæтты.

Уац 13

1. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон хицауиуæгады органты ‘хсæн официалон хъуыддагкæнынад æххæст цæуы уырыссаг æвзагыл.

2. Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы паддзахадон æмæ муниципалон органты, афтæ ма сæ дæлхайадтæ æмæ территориалон æрганты ‘хсæн рабафыст гæнæн ис уагъд цæуа комкоммæ.

Уац 14

Ацы Бадзырд æмбæлдæуы ратификаци кæнын æмæ йæ тыхы цæуы ратификацион чингуытæ баивыны бонæй.

Уац 15

Ацы Бадзырд фыст цæуы 25 азы æмгъуыдмæ æмæ автоматикон æгъдауæй дарддæргонд цæуы алы радон дæсазон æмгъуыдмæ, кæд Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй искæцы йæ архайды радон æмгъуыды фæуыдæй æппынкъаддæр 1 аз раздæр фыстæй нæ фехъусын кæна йæ архайд æруромыны фæндон, уæд.

Ацы Бадзырдмæ гæнæн ис хаст æрцæуа, йæ æнæаскъуынгæ хай чи уа, ахæм ивындзинæдтæ, кæцытæ æрæзт цæуынц уæлæмхасæн суагъæтæй. Ивындзинæдтæ гæнæн ис бавдиса Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсæй кæцыфæндыдæр, иннæ Бадзырдаразæг Фарсмæ æмбæлон ныстуан арвитгæйæ.

 

Арæзт æрцыд сахар Мæскуйы 2015 азы марты 18-æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уыимæ дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

Date of issue
18/03/2015