Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. интервью ИА REGNUM-æн

Абон, 18 марты, Мæскуыйы къухтæ фыст æрцæудзысты æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн. Цахæм конкретон позитивон ивындзинæдтæ гæнæн ис æмæ æрцæуой, РХИ æмæ Уæрæсейы `хсæн бадзырд цæмæн ссис æнæууæнчы вотум рахæссыны `фсон, уый тыххæй ИА REGNUM-ы уацхæссæгæн дзуаппытæ дæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон уагдоны сæргълæууæг Санахъоты Дауыт.

— Къухтæ 18 марты кæй æрцæудзысты фыст, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у символикон. Иу азы размæ Хъырым æрбаиу Уæрæсеимæ. Æмæ абон, кæд ыл уынаффæ кæныны рæстæджы фæзындысты вазыгджындзинæдтæ, уæддæр кæройнаг, ногæй бакуыстгонд, уыцы нымæцы уæрæсейаг уагдæтты дæр, бадзырды вариантыл сæ къухтæ æрфысдзысты Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Мæн уырны, уыцы къухæрфыст кæй суыдзæнис нæ паддзахадты ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастыты рæзты радон этап.

НАТО ахæм тынг активон кæй ссис, Фæскавказы йе ‘фсад кæй сты æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы арæнтæм хæстæгæй-хæстæгдæр кæй кæны, ахæм уавæрты мах иумæ хъæуы адекватон дзуаппытæ агурын сæ ныхмæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг стратегион партнер Уæрæсейы Федерациимæ цæдисдзинад фидар кæнын у логикон æгъдауæй раст къахдзæф, кæцы æнæмæнг хъæуы экономикон æмæ гуманитарон сферæйы ноджы æнгомдæр æмгуыстадæн, афтæ æддагон политикæйы, хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фарстаты, дунеон барадон нормæтæ, Уæрæсейы РХИ закъондæттынад æххæст кæнгæйæ. Уæрæсеимæ Бадзырдыл къухтæ æрфыссыны фæстæ арæзт æрцæудзæнис хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумиаг тыгъдад æмæ уый уыдзæнис дзуапп регионы сабырад æмæ стабилондзинадæн тас цæмæйдæриддæр уа, кæцыфæнды ахæм архайдæн дæр.

Бадзырд эффективонæй æххæст куы цæуа, уæд Хуссар Ирыстоны алы цæрæгыл дæр уый бандавдзæн æвæрццагæй. Уый тыххæй та хъæуы хицауады æппæт къабæзты эффективон æмæ хорз куыст æмæ уымæн та хъæуы бæлвырд тыхтæ æмæ фæндондзинад, фæлæ мæн уырны, хицæн амбицитæ иуварс авæргæйæ, уый нæ бон кæй бауыдзæнис æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон кæй уыдзæнис дидинæфтауæг æмæ æнтыстджын.

ИА REGNUM: Уыцы Бадзырд гæнæн ис æмæ суа Дæ карьерæйы кæрон – Парламент дын рахаста æнæууæнчы вотум, уый тыххæй æмæ разы нæ уыдтæ ацы документмæ проекты уыдон версиимæ. Давид Георгийы фырт, Ды æцæгæй Дæ, Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ цæмæй баиу уа, уый ныхмæ?

— Нæ дæн.

ИА REGNUM: Уæдæ Дæ РХИ Парламенты спикер æмæ вице-спикер цæмæн аххосджын кæнынц ацы хъуыддаджы?

— Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй парламентон фылдæр хайы парти тырны, цæмæй «сæхи бакæной» Ирыстоны баиу кæныны идея. Иннæ политикты та фæнды, цæмæй сæ равдисой Уæрæсейы ныхмæ зæрдæахаст кæмæ ис, ахæм маргиналтыл. Фактон æгъдауæй уый у, алы ирон зæрдæмæ дæр Ирыстоны æввахс кæмæн у, уыдон идеяты политикон спекуляци. «Иугонд Ирыстон» ныртæккæ нæ Республикæйы у иууыл стырдæр парти, фæлæ нæу цæрджыты фылдæр хай кæй равзæрстой, уый. Ирыстоны баиу – бирæ вазыгджындæр у фондзкъахдзæфон пиар-кампанийæ. Кæрон скæнын хъæуы адæмæн рæузонд митæй зæрдæтæ æвæрынæн, се ‘нкъарæнтыл æнхъæлмæкасты зæрдæбавæрдæн. Баиу кæнын у дæргъвæтин процесс æмæ цалынмæ мидæггагон знæгтæ агурай, уæдмæ уал рæзын кæнын хъæуы хисæрмагонд паддзахадон институттæ. РЦИ-Аланиимæ саразын хъæуы фылдæр иудзинæдтæ, фæлæ уый æмрæнхъ тох кæнын нæ хъæуы æхсæнадæмон процессты дæр.

Мæнмæ æнахуыр диссаг кæсы исчи мæ антиуæрæсейаг зæрдæйыуаджы хицау куы схона, уый. Мæ мад у уырыссаг, æз дæн дыууæ – уырыссаг æмæ ирон культурæйыл хъомылгонд, кæрæдзийæ нæ хицæн кæнын Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны. Æмæ ма ныр дæр мæ бон нæу æмæ бамбарон антиуæрæсейаг зæрдæйыуагæй мæ чи аххосджын кæны, уыдон логикæ. Уый æнæгъдаудзинад у, нæлгоймаг йæ сæрмæ кæй хъуамæ ма хæсса, ахæм хъуыддаг.

Æз хуыздæрыл нымайын «рухс фидæн»-ыл тæрхæттæ нæ кæнын, фæлæ дипломаттæн куыд æмбæлы, ахæм куыст кæнын æнæуæлдай хъæлæбайæ. 17 январы Президенты цур политсоветы Бадзырды проект куы сæргом кодтон, уæд «æнæнхъæлæджы» раргом Хуссар Ирыстоны сæ бон кæй у юридикон æгъдауæй цъус зонæджы арæзт «Иугонд Ирыстон»-ы Бадзырд чи бакуса, ахæмтæ дæр, кæцыйы уагъд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы гуырымыхъдзинæдтæ. Уый та æнæуынондзинад равзæрын кодта Парламенты депутатты фылдæр хаймæ. Социалон хызæгты «Иугонд Ирыстон»-ы проект, партийы уæнгтæй сæ иуы бавдыстмæ гæсгæ фæзындис 2014 азы 16 декабры. Æвзæры ахæм æнкъарынад æмæ Бадзырды проект, кæцы, бонæн йæ фæстагмæ, разындис, Уæрæсе хорзыл кæй банымадта, уыцы вариантмæ бынтон æввахс æмæ цыма æз та фехæлдтон цахæмдæр æнæмбæрстгонд плантæ, цыма Хуссар Ирыстоны æхсæнадæй сусæг чындæуы документтыл кусыны процессмæ ахасты.

ИА REGNUM: Уæрæсе æмбæлон инвестицион программæйы фæлгæтты ныр æхсæз азы дæргъы æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн. Цахæм аргъ кæныс ацы æххуысæн?

— Уæрæсе у нæ сæйраг стратегион партнер æмæ æмцæдисон. Цы алыфарсон æххуыс нын кæны, уымæн æсаргъ кæнын зын у. Уый фæрцы Республикæ æндидзы йæ пырхæнтæй, кусынц социалон программæтæ, экономикон реабилитацийы программæтæ.

Кæд æмæ Гуырдзыстон кæй аразы, Хуссар Ирыстон уыцы изоляцийы ис, уæддæр уæрæсейаг коллегæты фарсхæцынады фæрцы планон æгъдауæй æххæст цæуы æттагонполитикон рæзты стратеги. Куыст цæуы, нырыонг уал нын нæ Республикæйы хæдбардзинад чи банымадта, уыцы фæсарæйнаг бæстæтимæ, диаспоратæ æмæ æмфыдызæххонтимæ. Кæд Гуырдзыстон æппæт тыхтæй дæр архайы, уæддæр суанг Евроцæдисы уæнгтæн дæр æмхуызон ахаст нæй Хуссар Ирыстонмæ. Мах æппæт дæр аразæм, цæмæй хайадисджытимæ аразæм бастдзинæдтæ æмæ æргом стæм æмæ æмбар сæрибар диалогмæ.

 

18.03.2015