Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

26 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлдис Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады Сæргълæууæг Ян Мишкоцимæ.

Фембæлды рæстæджы дыууæ фарсы дæр æрдзырдтой 2015 азы миссийы архайды æппæт спектрты фæдыл дæр. Ян Мишкоц Министрæн информаци радта, зæгъгæ, Сырх Дзуары Дунеон Комитет 2015 азы адарддæр кæндзæнис йæ куыст, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон фарсты фæдыл, сæ бинонтимæ сын сæ бастдзинад сног кæныны æмæ сын сæ æнæниздзинад хъахъхъæныны æвæстиатæй æххуыс кæныны. Уымæй дарддæр ма мисси скъуыддзаг кæндзæнис хъæууон бынæтты донæй ифтонг кæныны проблемæтæ æмæ æппынæдзух æххуыс кæндзысты социалон æгъдауæй хъахъхъæд чин æ цæуынц, уыцы бинонтæн æмæ хицæн адæймæгтæн.

Санахъоты Давид йæхи рады стыр аргъ скодта Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Сырх Дзуары Дунеон Комитеты ахадæн архайдæн æмæ банысан кодта ацы дунеон организациимæ æмкуысткæнынады ахсджиагдзинад.

Фембæлды хайадисджытæ сæ цæттæдзинад загътой æргом диалогы æмæ дарддæры координацигонд архайды фæдыл.

Цхинвал, 2015 азы 27 февраль

 

27.02.2015