Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Ацы аз 16 февралы уыдис Фуэнлабрады 1936-1939 азты Испанийы æмбæстагон хæсты хайадисæг Советтон Цæдисы Хъайтар Мамсыраты Хаджи-Умар Джиуæры фырты цырт байгом кæныны цытджын церемони. Уый уыдис Эрнест Хемингуэйы зындгонд роман «Кæй тыххæй зæлланг кæны дзæнгæрæг»-ы хъайтары прототип.

Ирыстоны номдзыддæр фырттæй сæ иуы цырт бæрæгбонон уавæрты байгом кæныны церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауыт, Цæгат Ирыстоны официалон делегаци Цæгат Ирыстон-Аланийы лидер Мамсыраты Таймураз, афтæ ма Хаджи-Умары чызг Ася æмæ йæ хæрæфырт Сархио Эрнандес.

Санахъоты Дауыт Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады номæй бузныджы ныхæстæ загъта Испанийы адæмæн, кæцытæ хъуыды кæнынц нацистон режимы ныхмæ чи тох кодтой, уыцы хъайтарты. Министры ныхæстæм гæсгæ уый у ахсджиаг цау æмæ дунейæн йæ зæрдыл æрлæууын кæндзæнис уыцы «морæгъуыз емынæ» абон та Украинайы кæй суагъта таутæ, уый.

Легендарон булкъон «Ксанти»-йæн ацы кады монумент сæвæрыны инициатор уыдис Дзанайты Азанбеджы номыл фонды президент Дзанайты Зауыр.

Ацы архитектурон монумент æвæрд æрцыдис горæт Parque de la Solidaridad (Парк Солидарности). Уыцы бынат равзæрста Фуэнлабрады мэр Мануэль Раблес Дельгадо.

Цхинвал, 2015 азы 17 февраль

 

17.02.2015