Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2015 азы 16 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалы фембæлдис Хуссар Ирыстонæй Женевайы дискусситы хайадисджытимæ, фæсконфликтон ситуацийы фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты Муратимæ.

Фембæлды рæстæджы дыууæ фарсы дæр æркастысты Женевайы бадзырдтимæ бастуæвæг процессы фарстытыл, кæцытæ уагъд цæудзысты ацы аз 17-18 марты Женевайы плангонд чи цæуы, уыцы 31-æм раунды æруынаффæйы предмет.

Фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой регионы æдасдзинад бахъахъхъæныны сæраппонд дискусситы ахсджиагдзинад æмæ сæ цæттæдзинад загътой ацы раунды фæлгæтты архайд æмæ конструктивон куыст бакæныны фæдыл. Хуссарирыстойнаг фарс та ногæй банысан кодтой тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ бакусыны конкретон фæстиуджытæ къухты бафтын кæныны ахсджиагдзинад.

Консультацитæ фæуыны фæстæ Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттæ фембæлдысты, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Гуырдзыстоны ахæстæтты чи сты, уыдоны хиуæттимæ.

Афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны чи сты, Сырх Дзуары Дунеон Комитеты офисы уыдис Сырх Дзуары Дунеон Комитеты миссийы делегатты фембæлд Æмсæрдæрттимæ.

Цхинвал, 2015 азы 17 февраль

 

16.02.2015