Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,
Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, æххуыс кæныны рæстæджы сæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, медицон æххуыс бакæныны къабазы æмгуыстад сифтонг кæныны нысæнттæн,
Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион медицинон æххуыс бакæныны гъæд æмæ фадат фæбæрзонддæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад нымайгæйæ,
Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæлардзианад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй 2008 азы 17 сентябры фыстæрцæуæг Бадзырдыл бындуриуæг кæнгæйæ,
æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæнын организаци кæнынады эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны ахсджиагдзинад æмбаргæйæ,
Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæттынадтæй къухдариуæггæнгæйæ,
сразы сты дæлдæруæвæгыл:
Уац 1
Ацы Фидыды пайдагонд æмбарынадтæ сты ахæмтæ:
«Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг, Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг» - Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг, цæрæнбынатмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны регистрацигонд;
«Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг, рæстæгмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрæг» - Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг, Республикæ Хуссар Ирыстоны рæстæгмæ цæрæгæй кæнæ уым уæвæгæй регистрацигонд;
«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, Уæрæсейы Федерацийы æдзух цæрæг» - Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, Уæрæсейы Федерацийы цæрыны æвдисæндар райсæг;
«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, рæстæгмæ Уæрæсейы Федерацийы цæрæг» - Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, Уæрæсейы Федерацийы рæстæгмæ цæрыны бар райсæг;
«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, рæстæгмæ Уæрæсейы Федерацийы уæвæг» - Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, Уæрæсейы Федерацимæ æрцæуæг, цæрыны æвдисæндар, кæнæ рæстæгмæ цæрыны бар кæмæ нæй;
«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг» - Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, цæрæн бынатмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны регистрацигонд;
«дыууæ æмбæстагдзинад кæмæн ис, ахæм адæймаг, Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг» - Уæресейы Федерацийы æмбæстагдзинад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад кæмæн ис, ахæм æмбæстаг, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрæнбынатмæ гæсгæ регистрацигонд;
«æрвитæг паддзахад» - Дыууæ Фарсæй иуы паддзахад, кæцы бæрнджын органы номæй йе ‘мбæстæгты æрвиты иннæ Фарсы паддзахадмæ специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион медицинон, æххуыс кæнын рæстæджы йæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, æххуысмæ æрвитæг;
«исæг паддзахад» - иу Фарсы паддзахад, иннæ Фарсы паддзахады æмбæстæгтæн специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзонд технологион, æххуысы рæстæджы йæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, медицинон æххуыс бакæнæг;
«Уæрæсейы Федерацийы медицинон организаци» - Уæрæсейы Федерацийы æнæниздзинадхъахъхъæныны паддзахадон системæйы кæнæ муниципалон æнæниздзинадхъахъхъæныны системæйы организаци, кæцы æххæст кæны медицинон архайд;
«Республикæ Хуссар Ирыстоны медицинон организаци» - медицинон архайд æххæст кæнæг Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæныны паддзахадон ситемæйы организаци;
«специализацигонд медицинон æххуыс» - стационарон уавæрты æмæ боны стационарон уавæрты дохтырты-специалистты медицинон æххуыс бакæнын, уыимæ прафилактикæ, диагностикæ æмæ низтæн хос кæнын (уыцы нымæцы сывæрджын, гуырын æмæ райгуырды фæстæ рæстæг),
кæцытæ домынц специалон методтæ æмæ вазыгджын медицинон технологитæй спайда кæнын, афтæ ма медицинон реабилитаци;
«бæрзонд технологион медицинон æххуыс» - специализацигонд медицинон æххуысы хай чи у æмæ хос кæнынæн ног вазыгджын æмæ (кæнæ) уникалон методтæй спайда кæныны медицинон æххуыс бакæнын, афтæ ма зонадон æгъдауæй сбæлвырдгонд эффективондзинадæй гуыррахстджын методтæй, уыцы нымæцы чырæг технологитæй, роботон техникæ, информацион технологитæ æмæ генон инженерийы методтæй, кæцытæ фæлтæрд æрцыдысты медицинон зонад æмæ æнгæс зонад æмæ техникæйы æнтыстыты бындурыл, баххуыс кæнын;
«экстренон медицинон æххуыс» - пациенты цардæн тас кæмæй у, ахæм æнæнхъæлæджы фæзынгæ низты, хроникон низты фæкарздæры рæстæджы специализацигонд медицинон æххуыс бакæныны формæ;
«æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс» - пациенты цардæн æргом тасдзинад чи нæ æвдисы, ахæм æнæнхъæлæджы фæзынгæ низты, хроникон низты фæкарздæры рæстæджы специализацигонд медицинон æххуыс бакæныны формæ;
«планон медицинон æххуыс» - специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, фæрынчыны рæстæджы медицинон æххуыс, кæцытæ тасдзинад не ‘взæрын кæнынц пациенты цардæн, нæ домынц экстренон æмæ æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс, бæлвырд æмгъуыдмæ сæ аргъæвын, пациенты æнæниздзинад февзæрдæрыл чи нæ бандавдзæн, йæ цард æмæ æнæниздзинадæн тас кæмæй нæу, ахæм низтæн медицинон æххуыс бакæныны формæ.
Уац 2
1. Дыууæ Фарсы æмгуыстад кæнынц ацы Фидыды 1 уацы банысангонд Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, æххуысы рæстæджы сæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, медицинон æххуысы гъæд æмæ уавæртæ фæбæрзонддæр кæныны нысæнттæн, номхуындæй:
кæрæдзийæн зонадон-методикон, организацион æмæ æндæр фарстаты специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, æххуысы рæстæджы сæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, медицинон æххуыс бакæныны куысты фæлтæрддзинадæй æххуыс кæнын;
специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, æххуысы рæстæджы сæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, медицинон æххуыс нывылгæнæг Дыууæ Фарсы паддзахадты нормативон-барадон актты гармонизаци кæнын;
специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион медицинон æххуыс бакæныны рæстæджы кæрæдзийæн æхсæнпаддзахадон иформацион æххуыс кæнын;
медицинон документаци, йæ куысты фæтк, æфснайын, иформацийæ пайда кæнын æмæ йæ хъахъхъæнын, статистикон формæты хыгъд унификаци кæнынмæ домындзинæдтæ гармонизаци кæнын.
2. Специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, æххуысы рæстæджы хостæй ифтонгад дæр æм бафтаугæйæ, медицинон æххуыс бакæнынимæ бастуæвæг персоналон зонæнтæ (медицинон документаци дæр сæм бафтаугæйæ) радтын æххæст цæуы персоналон зонæнтæ хъахъхъæныны тыххæй Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæттынад æмæ æхсæндунеон бадзырдтæм гæсгæ.
Уац 3
1. Ацы Фидыд реализаци кæныны бæрндзинадхæссæг бæрнджын органтæ (дарддæр – бæрнджын органтæ) сты:
Хуссарирыстойнаг Фарсæй – Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинадхъахъхъæнын æмæ социалон райрæзты министрад;
Уæрæсейаг Фарсæй – Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинадхъахъхъæныны министрад.
2. Дыууæ Фарсæй алкæцы дæр бæрнджын органты баивыны рæстæджы 30 боны дæргъы иннæ Фарсæн фыстæй хъусын кæны уыцы ивындзинæдты тыххæй.
3. Дыууæ Фарсы специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, æххуысы рæстæджы сæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, медицинон æххуысы тыххæй фарстаты фæдыл ахъаз кæнынц бæрнджын органтæн иумиаг мадзæлттæ уадзынæн, кæцытæ æххæст цæуынц ацы Фидыды фæлгæтты, бæрнджын органты ‘хсæн дыууæфарсон бадзырдты нысангонд уавæрты.
Уац 4
1. Экстренон медицинон æххуыс, афтæ ма æххуыс сывæрджыны æмæ гуырыны рæстæджы экстренон æмæ æнæаргъæвгæ уавæрты æххæст цæуы иу Фарсы æмбæстагæн, кæцы уа иннæ Фарсы паддзахады территорийыл æнæкъуылымпыйæ, æнæаргъæй æмæ Дыууæ Фарсы паддзахадты медицинон организациты æххæст гуыррахстæй.
Ацы пункты фыццаг абзацы нысангонд чи у, уыцы æмбæстаджы цардæн тасдзинад аиуварс кæныны уысмæй фæстæмæ медицинон æххуыс бакæнын æххæст цæуы, æдзух кæм цæры, уыцы паддзахады территорийыл. Ацы пунктмæ гæсгæ медицинон æххуыс кæм бакондæуыд, уыцы медицинон организацийы дохтырты къамисы ратгæ медицинон бæлвыргæнæнтæ химæ уæвгæйæ, гæнæн ис æмбæстаджы, æдзух кæм цæры, уыцы паддзахады территоримæ аласынæн транспортæй сифтонг кæнын.
Медицинон бæлвыргæнæнтæм гæсгæ æмбæстаджы транспортæй сифтонг кæнын æххæст цæуы:
исæг паддзахады тыхтæ æмæ фæрæзтæй – исæг паддзахады территорийы фæлгæтты;
æрвитæг паддзахады тыхтæ æмæ фæрæзтæй – Дыууæ Фарсы паддзахады арæнгæрон территорийы онг;
Дыууæ Фарсы бæрнджын органты æмразыдзинадмæ гæсгæ сбæлвырдгонд æндæр уавæрты.
2. Æмбæстаджы цардæн тасдзинад аиуварс кæныны фæстæ йæхи равзæрстмæ гæсгæ гæнæн ис дарддæры медицинон æххуыс æххæст цæуа, медицинон æххуыс бакæнæг паддзахады территорийыл ацы Фидыды 5 уацы 1 пункты банысангонд фæткмæ гæсгæ.
Уац 5
1. Ацы Фидыды 1 уацмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрджытæй дыууæ æмбæстагдзинады кæмæн ис, уыдонæн планон медицинон æххуыс бакæнын, æххуысы рæстæджы йæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, Уæрæсейы Федерацийы медицинон организациты æххæст цæуы Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ.
2. Æдзух кæнæ рæстæгмæ Уæрæсейы Федерацийы цæрæг Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæ Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг фæдзæхсты сты, Уæрæсейы Федерацийы медицинон организациты планон медицинон æххуыс бакæнын (бæрзондтехнологион æххуыс бакæныны йедтæмæ) æххæст цæуы æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстады хардзæй.
3. Уæрæсейы Федерацийы æдзух кæнæ рæстæгмæ цæрæг, æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстады уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн планон медицинон æххуыс, æххуысы рæстæджы йæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, Уæрæсейы Федерацийы медицинон организациты медицинон æххуыс бакæнын ахæм гуырахстæй, кæцы нæй æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстады базæйон программæйы, афтæ ма рæстæгмæ Уæрæсейы Федерацимæ æрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, æмæ æдзух Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрæг æмбæстæгтæн, æххæст цæуы Уæрæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ фидгæ мидицинон лæггæдты тыххæй æвдисæн бадзырдтæм гæсгæ, кæнæ барвæндон медицинон фæдзæхстады бадзырдтæм гæсгæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты банысангонд категориты æмбæстæгты пайдайæн.
4. Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух кæнæ рæстæгмæ чи цæры, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны медицинон организациты планон медицинон æххуыс, æххуысы рæстæджы йæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, æххæст цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ. Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн медицинон æххуыс бакæныны хардз фыст цæуы, медицинон фæдзæхстады полисы банысангонд уавæртæм кæнæ уый ивæг документмæ гæсгæ, кæцы архайы Уæрæсейы Федерацийы территорийæн æддейæ медицинон æххуыс райсынæн, гъе та Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаджы фæхонæг физикон кæнæ юридикон цæсгомы, кæцы йæхимæ исы Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагæн медицинон æххуыс бакæныны хæрдзтæ, гарантийы бындурыл.
5. Уæрæсейы Федерацийы рæстæгмæ цæрæг кæнæ рæстæгмæ æрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, афтæ ма æдзух Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрæг дыууæ æмбæстагдзинадимæ æмбæстæгтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны медицинон организациты планон медицинон æххуыс, æххуысы рæстæджы йæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, æххæст цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ.
Уац 6
1. Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты, Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг дыууæ æмбæстагдзинадимæ æмбæстæгты, кæцытæ не сты æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстады системæйы, Уæрæсейы Федерацийы медицинон организацитæм планон медицинон æххуыс райсыны тыххæй æрвитын æххæст кæны Уæрæсейы Федерацийы бæрнджын орган, ацы Фидыдмæ Уæлæмхасæны нысангонд документы бындурыл, кæцытæ бавдисы Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрнджын орган уыйимæ электронон информацион технологитæй дæр спайда кæнгæйæ.
2. Ацы Фидыды 5 уацы 3 пунктмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы медицинон организацитæм Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты планон медицинон æххуыс бакæнынмæ æрвитын æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрнджын орган Уæрæсейы Федерацийы медицинон организацитыл, кæцытæ Уæрæсейы Федерацийы бæрнджын органы бавдыстмæ гæсгæ кæнынц специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион медицинон æххуыс, информацийы бындурыл, уыцы нымæцы электронон информацион технологитæ спайда кæнгæйæ.
Планон медицинон æххуыс бакæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрнджын орган организаци кæны ацы Фидыды 5 уацы 3 пункты банысангонд æмбæстæгтæн медицинон æххуыс бакæныны тыххæй хæрдзтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджеты фæрæзтæй бафидыны гарантиимæ фыстæг радтын.
3. Ацы Фидыды 1 уацмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны медицинон организацитæм специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион медицинон æххуыс бакæнынмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æрвитын æххæст цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ.
4. Иннæ Фарсмæ æрвыстцæуæг документтæ аразыны официоалон æвзаг у уырыссаг æвзаг.
5. Дыууæ Фарсы паддзахадты медицинон организацитæ кæй дæттынц, уыцы рæстæгмæ æнæкуыстхъомдзинад бæлвырдгæнæг докоменттæ гæнæн ис ивд æрцæуой Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæттынадмæ гæсгæ сфидаргонд хуызæгмæ гæсгæ æмбæстаджы рæстæгмæ æнæкуыстхъомдзинады бæлвыргæнæнтæй.
Уац 7
Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы Баиугонд æфсæддон базæйы æфсæддонслужбæгæнджытæ, кусджытæ æмæ службæгæнджытæ, афтæ сæ бинонты уæнгтæн дæр Дыууæ Фарсы паддзахадты медицинон организациты æнæмæнгхъæуæг медицинон æххуыс цæуы, ацы категорийы æмбæстæгтæн медицинон-социалон гарантиты фæдыл Дыууæ Фарсы æхсæнадæмон бадзырдтæм гæсгæ.
Уац 8
Ацы Фидыд нæ ныхилы, Дыууæ Фарсæй исчи хайадисæг кæм у, уыцы æндæр æхсæндунеон бадзырдтæй ратæдзгæ бартæ æмæ хæстæм.
Уац 9
Ацы Фидыдмæ Дыууæ Фарсы æмразыдзинадмæ гæсгæ гæнæн ис хаст æрцæуа ивындзинæдтæ, кæцытæ арæзт цæуынц хицæн суагъæтæй.
Уац 10
Дыууæ Фарсы ‘хсæн ацы Фидыды уагæвæрдтæ æмбарын кæнын æмæ (кæнæ) сæ пайда кæныны рæстæджы фæзынгæ быцæутæ скъуыддзаг цæуынц бадзырдтæ æмæ баныхæсты фæрцы.
Уац 11
Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, Дыууæ Фарсы йæ тыхы бацæуыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй кæрæдзийæн дипломатон каналтыл фæстаг фыст бæлвырдгæнæн фехъусын кæныны бонæй 30-æм бон.
Уац 12
Ацы Фидыды архайд урæд цæуы, иу Фарс иннæ Фарсæн йæ архайд æруромыны фæндон дипломатон каналтыл фыстæй куы фехъусын кæна, уыцы бонæй 6 мæйы фæстæ.
Фыст æрцыд сахар Мæскуыйы 2013 азы октябры мæйы 25-æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзагыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.
УÆЛÆМХАСÆН
2013 азы октябры мæйы 25-æм боны
Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн фыстырцæуæг специалон, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион медицинон æххуысы къабазы, хосты ифтонгад сӕм бафтаугæйæ, æмгуысткæнынады тыххæй Фидыдмæ
РАНЫМАД
документтæн, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн, кæцытæ æдзух цæрынц Республикæ Хуссар Ирыстоны, дыууæ æмбæстагдзинадимæ æмбæстæгтæн, кæцытæ æдзух цæрынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ фæдзæхст не сты æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхсты системæйы, специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, медицинон æххуыс Уæрæсейы Федерацийы медицинон организациты райсыны тыххæй
1. Æмбæстаджы (йæ закъонон минæвары, æууæнчы адæймаджы) куырдиат (фыстæй), кæцыйы ис æмбæстаджы тыххæй ахæм зонæнтæ:
1) мыггаг, ном, фыды ном (уæвындзинадимæ);
2) æдзухон цæрæнбынаты, рæстæгмæ цæрæнбынаты тыххæй бæрæггæнæнтæ;
3) гоймаг æмæ æмбæстагдзинад бæлвырдгæнæн документы реквизиттæ;
4) постон адрес (фыстæй дзуаппытæ æмæ хъусынгæнинæгтæ æрвитыны тыххæй);
5) контактон телефоны номыр (уæвындзинадимæ);
6) электронон адрес (уæвындзинадимæ);
2. Æмбæстаджы сæрмагонд бæрæггæнæнтæ бакусыны тыххæй разыдзинад.
3. Ахæм документы халдихтæ:
1) Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаджы паспорт кæнæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаджы гоймаг бæлвырдгæнæн Уæрæсейы территорийæн æддейæ, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорт (дыууæ æмбæстагдзинадимæ адæймæгтæн);
2) Æмбæстаджы райгуырды тыххæй бæлвырдгæнæн (14 азы онг кары сывæллæттæн);
3) Æмбæстаджы æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхсты полис (уæвындзинадимæ);
4) Æмбæстаджы æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхсты бæлвырдгæнæн (уæвындзинадимæ);
5) Æмбæстаджы медицинон документацийæ рафыст, кæм хос кæны уыцы медицинон организацийы къухдариуæггæнæджы къухфыстимæ, кæцыйы ис низы (уавæры) диагноз, æмбæстаджы æнæниздзинады тыххæй зонæнтæ, кæцытæ уагъд æрцыдысты диагностикæ æмæ хос кæныны рæстæджы, специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион медицнон æххуыс бакæныны æнæмнгхъæуындзинады тыххæй рекомендацитæ;
6) Лабораторон, инструметалон æмæ иртасынæдты æндæр хуызты фæстиуджытæ, кæцытæ фидар кæнынц сæвæргæ диагозы.
4. Пациенты закъонон минæвары (æууæнчы адæймаджы) тыххæй бæрæггæнæнтæ æмæ ахæм документы халдихтæ (æмбæстаджы номæй йæ закъонон минæвары (æууæнчы адæймаг) бахатыны рæстæджы:
1) æмбæстаджы закъонон минæвары (æууæнчы адæймагы) паспорт;
2) æмбæстаджы (æууæнчы адæймагы) закъонон минæвары æххæстбартæ чи фидар кæны, ахæм документ.