Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр Дыууæ Фарсы,
Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн æмбарад æмæ æмхуызон пайдайы бындурыл базарадон-экономикон æмгуыстад рæзын кæнынмæ тырнгæйæ,
Дыууæ Фарсæй алкæцыйы хæдбар æддагонэкономикон политикæ уадзыны суверенон бартæ нымайгæйæ,
экономикон активондзинады рæзтæн ахъаз кæныны, куыстæй ифтонг кæнын, куыстыгъæд фæбæрзонддæр кæнын æмæ ресурстæй рационалонæй спайда кæныны фæндонимæ,
товарты, лæггæдтæ, бавæрдтытæ æмæ кусæгдыхæн иумæййаг базар саразынæн ахъаз кæныны фæндонимæ,
сразы сты дæлдæруæвæгыл:
Уац 1
Дыууæ Фарсы нæ пайда кæнынц таможнæйон пошлинæтæй, афтæ ма фидтонтæ æмæ исæггæгтæй, сæ нысæнттæ æмæ экономикон эффектмæ гæсгæ, товартæ Уæрæсейы Федерацийы территорийæ кæнæ Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон территорийæ Дыууæ Фарсæй кæцыфæндыйы территоримæ (таможнæйон территоримæ) дæр ласгæйæ.
Ацы уацы фыццаг абзацмæ гæсгæ бавдисгæ уавæры райсгæ номхыгъд Республикæ Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы Федерацийы территоримæ товартæ ласыны рæстæджы фидаргонд у, ацы Фидыды æнæфæхицæнгæнгæ хай чи у, уыцы 1 уæлæмхасæны.
Ацы уацы фыццаг абзацмæ гæсгæ бавдисгæ уавæры райсгæ номхыгъд Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон территоримæ Уæрæсейы Федерацийæ товартæ ласыны рæстæджы фидаргонд у, ацы Фидыды æнæфæхицæнгæнгæ хай чи у, уыцы 2 уæлæмхасæны.
Уац 2
Товарты рауагъд бæлвырд цæуы Таможнæйон цæдисы фæлгæтты Уæрæсейы Федераци кæмæй пайда кæны, уыцы Товарты уадзæг бæстæ бæлвырд кæныны фæткойтæм гæсгæ.
Ацы уацы нысангонд чи у, уыцы Товарты уадзæг бæстæ бæлвырд кæныны фæткойты цыфæнды ивындзинæдты тыххæй дæр Уæрæсейы Федераци исы æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ Хуссарирыстойнаг Фарсæн рæстæгыл информаци радтыны тыххæй.
Уац 3
Товартыл, кæцытæ ласт цæуынц Дыууæ Фарсæй иуы паддзахады территорийæ (таможнæйон территорийæ) иннæ Фарсы паддзахады территоримæ (таможнæйон территоримæ) нæ æвæрдæуы, нæ дæр комкоммæ, нæ дæр иуварсыг мидæггагон фидтонтæ кæнæ цыфæнды хуызы мидæггагон фидтонтæ æмæ æмбырдтæ, фыдыбæстæйон товартæ кæнæ æртыккаг бæстæйæ ластцæуæг аналогон товартыл комкоммæ кæнæ иувæрсыгæй уымæй дарддæр куыд æвæрд цæуы, уымæй дарддæр.
Дыууæ Фарсы ахæм товартæн аразынц аналогон фыдыбæстæйон товартæм хауæг уавæртæй къаддæр хæрзиуæгон чи нæ у, ахæм уавæртæ, кæцытæ хауынц уыдон мидæггагон базары ауæй кæнынмæ, ауæй кæнынмæ сæ бавдисын, балхæнын, транспортировкæ, адих кæнын кæнæ сæ спайда кæнынмæ æппæт нормативон барадон акттæ æмæ домæнтæм. Ацы абзацы уагæвæрдтæ нæ хъыгдарынц дифференцион мидæггагон транспортон æмбырдтæй спайда кæнынæн, кæцытæ бындуриуæг кæнынц товарты рауагъдыл нæ, фæлæ æрмæстдæр транспортон фæрæзты экономикон дæнцæгтыл.
Ацы уацы уагæвæрдтæй нæ пайдачындæуы нормативон барадон акттæм кæнæ домæнтæм, кæцытæ бæстон кæнынц коммерцион æгъдауæй дыккаг хатт ауæй кæнынæн кæнæ коммерцион бындурыл ауæй кæныны нысанæн нæ, фæлæ паддзахадон хъуагдзинæдтæн спайда кæнынæн товартæ æлхæнынæн.
Уац 4
Кæд ацы Фидыды æндæр ахæм исты нысангонд нæй, уæд Дыууæ Фарсæй иу дæр нæ фидар кæны æмæ (кæнæ) нæ хъахъхъæны иннæ Фарсы паддзахады территорийæ (таможнæйон территорийæ) цыфæнды товартæ æрбаласынæн дæр ныхдуртæ кæнæ фæкъуындæгдæргонд уавæртæ.
Кæд ацы Фидыды æндæр ахæм исты нысангонд нæй, уæд Дыууæ Фарсæй иу дæр нæ фидар кæны æмæ (кæнæ) нæ хъахъхъæны иннæ Фарсы паддзахады территоримæ цыфæнды товартæ аласынæн дæр ныхдуртæ кæнæ фæкъуындæгдæргонд уавæртæ, таможнæйон пошлинæтæ, фидтонтæ кæнæ æмбырдты йедтæмæ.
Ацы уацы уагæвæрдтæ нæ хауынц Дыууæ Фарсы ахастытæм, кæцытæй пайдачындæуы ветеринарон, санитарон æмæ фитосанитарон домæнтæн, кæцытæ хауынц экспортон контролы фарстатæм, афтæ ма Иугонд Нациты Организацийы Уставмæ гæсгæ дунеон санкциты паддзахадты хайадистæн æнæмæнгхъæуæг райсгæ барæнтæм.
Уац 5
Ацы Фидыды æнæфæхицæнгæнгæ хай чи у, уæлæмхасæн № 3 нысангонд гуырахсты фæлгæтты Уæрæсейы Федерацийы территорийæ Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон территоримæ Уæрæсейы Федерацийы рауадзгæ ластцæуæг товартыл (дарддæр - нефты продукттæ), кæцытæ нысангонд сты Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сæ спайда кæнынæн, æттæмæ ласыны тыххæй таможнæйон пошлинæтæй нæ пайдачындæуы:
ацы Фидыды уæлæмхасæн № 3 йы банысангонд нефты продукттæм ахасты сфидаргонд гуыррахсты - ацы Фидыд йæ тыхы бацæуыны бонæй йæ тыхы бацæуыны азы 31 декабрмæ;
ацы Фидыды 6 уацмæ гæсгæ иу афæдзæн нефты продуктты сфидаргонд гуырахстмæ ахасты - ацы Фидыд йæ тыхы бацæуыны фæстæ иннæ радон азы 1 январæй.
Ацы уацы дыккаг æмæ æртыккаг абзацты банысангонд гуырахстæй уæлæмæ нефты продукттæ ласгæйæ пайда цæуы Уæрæсейы Федерацийы архайæг æттæмæ ласыны тыххæй таможнæйон пошлинæйы ставкæйæ.
Уац 6
Ацы Фидыды 5 уацы æртыккаг абзацмæ гæсгæ æттæмæ аласыны тыххæй пошлинæйæ кæмæн нæ пайда кæнынц, уыцы нефты продуктты гуырахст фидаргонд цæуы уæрæсейаг нефты продуктты афæдзы мидæггагон хардзкæнынад Республикæ Хуссар Ирыстоны цас у, уымæ гæсгæ.
Дыууæ Фарсы бæрнджын органтæ бæлвырд кæнынц уæрæсейаг нефты продуктты мидæггагон хардзкæнынады афæдзон гуырахсттæ, æнæ таможнæйон пошлинæтæ æххæст кæнгæйæ, æмæ сæ фидар кæнынц хицæн суагъæйæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны алы азы дæргъы дæр уæрæсейаг нефты продуктты хардзкæнынад цас у, уый корректировкæ цæуы уыцы азæн 1 октябрмæ. Иннæ радон азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг нефты продуктты афæдзы мидæггагон хардзкæнынады гуырахст æмразыйæ фидар кæнынц Дыууæ Фарсы бæрнджын органтæ алы азæн дæр 1 октябрмæ.
Кæд æмæ Дыууæ Фарсы паддзахадты бæрнджын органтæ уæрæсейаг нефты продуктты афæдзы мидæггагон хардзкæнынад Республикæ Хуссар Ирыстоны цас у, ууыл æххæстæй нæ бадзурой, уæд нефты продукттæ ласт цæуынц æнæпошлинæйон уавæры, уый размæ календарон азы уæрæсейаг нефты продукттæ æнæ таможнæйон пошлинæйæ куыд æрвыстæуыд, ахæм гуырахстæй.
Уац 7
Ацы Фидыд реализаци кæныны фæдыл Дыууæ Фарсы бæрнджын органтæ сты:
Хуссарирыстойнаг Фарсæй – Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон рæзты министрад;
Уæрæсейаг Фарсæй – Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Энергетикæйы министрад – нефты продукттæ ласыны гуырахсттæ æмразы кæныны хайы.
Бæрнджын органты ивындзинæдты рæстæджы уый тыххæй Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн хъусын кæнынц дипломатон каналтыл.
Уац 8
Ахæм рæстæджы, кæд æмæ иу Фарс иннæ Фарсы территоримæ (таможнæйон территоримæ) экспортæй ласæггæгтыл пошлинæтæ нæ æвæры кæнæ æвæры ныллæгдæр ставкæтæ æртыккаг бæстæтæм æрвитæг экспортон товарты пошлинæтимæ абаргæйæ, уæд иннæ Фарс бар нæ дæдты ахæм товарты реэкспортæн.
Ахæм рæстæджы, кæд æмæ реэкспорт фидаргонд не ‘рцыд, кæнæ дзы фактон æгъдауæй не спайдачындæуыд, уæд иннæ Фарсы территоримæ (таможнæйон территори) экспортæй лæсæггæгты пошлинæтыл бынтон нæ кæнæ ныллæг ставкæтæй пайдагæнæг Фарсæн бар ис, уыдоныл схæца, æртыккаг бæстæты таможнæйон территоритæм экспортæй кæмæй пайда кæны, уыдоны æмвæзадмæ.
Уац 9
Ахæм рæстæджы, кæд æмæ товартæй æддагон базарады сферæйы товартæм ахасты ма спайдачындæуа бар ма радтын æмæ фæкъуындæгдæргонд уавæртæй, уæд алы Фарс дæр иннæ Фарсы паддзахады территорийæ (таможнæйон территорийæ) ластцæуæг товартæ, кæцытæ нысангонд сты кæцыфæнды æртыккаг бæстæйы паддзахады таможнæйон территорийæн æмæ (кæнæ) цæуынц кæцыфæнды æртыккаг бæстæйы паддзахады таможнæйон территорийæ иннæ Фарсы паддзахады таможнæйон территоримæ æмæ сæ экспортертæ, импортертæ кæнæ ласджытæм уа транзитæй ифтонг кæныны æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ, кæцыфæнды æртыккаг бæстæйы паддзахадты экспортертæм, импортертæм кæнæ ласджытæм чи уа, уыдонæй мæгуыраудæр чи нæ уа, ахæм лæггæдтæ, уæд йæ паддзахады территорийыл ифтонг кæны æнæныхдур транзит.
Цыфæндыгъуызон транспортыл транзиты тарифтæ дæр, сæвæрын-равдæлонгæнæн куыстыты тарифтæ дæр сæм бафтаугæйæ, хъуамæ уой экономикон æгъдауæй сфидаргонд.
Уац 10
Дыууæфарсон экономикон ахастыты тарифон æмæ æнæтарифон бæстонкæнынад æххæст кæнгæйæ, статистикон информацийæ кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ, таможнæйон процедурæтæ ауадзгæйæ Дыууæ Фарсы пайда кæнынц Таможнæйон цæдисы (ТН ÆЭА ТЦ) иууон Товарон наменклатурæйы æддагэкономикон архайдæй.
Уац 11
Дыууæ Фарсы таможнæйон фарстаты фæдыл кæрæдзийæн дæдтынц регулярон бындурыл информаци, уыцы нымæцы, таможнæйон статистикæ кæм уа, ахæм информаци дæр.
Дыууæ Фарсы паддзахадты хицауиуæгады органты таможнæйон хъуыддæгты къабазы бæрнджын органтæ æмразыйæ аразынц ахæм информацийæ æххуыс кæныны фæтк.
Уац 12
Дыууæ Фарсæн сæ бон у исой барæнтæ, кæцытæ хауой товартæй æддагон базарадмæ, кæд æмæ уыдон баст сты:
æхсæнадон морал æмæ æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынимæ;
хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад ифтонг кæнынимæ;
æмбæстæгты цард кæнæ æнæниздзинад, алфæмблай æрдз, цæрæгойты æмæ зайæгойты цард кæнæ æнæниздзинад хъахъхъæнынимæ;
культурон æргъадтæ кæнæ культурон бынтæ хъахъæнынимæ;
интелектуалон исад хъахъхъæнынимæ;
æнæххæсткæнгæ æрдзон ресурстæн кæрон скæнын ма бауадзынимæ;
мидæггагон базарадæн ахсджиаг чи у, уыцы хæлцадон кæнæ æндæр товарты мидæггагон базарады хъуагдзинад кæнæ фæкъаддæр кæнын ма бауадзынмæ;
æддагон финансон уавæр æмæ фидыны балансы æмвæзад бахъхъахъхъæнынимæ;
сыгъзæрин кæнæ æвзисты экспорт æмæ (кæнæ) импортимæ;
æхсæндунеон химæрайсгæ хæстæ æххæсткæнынимæ.
Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн хъусын кæнынц банысангонд барæнтæй (барæнæй) спайда кæныны фæндондзинады тыххæй барæнты (барæны) сæ (йæ) тыхы бацæуынæй 1 мæй раздæр.
Уац 13
Ацы Фидыд реализаци кæныны нысæнттæн æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн базарадон-экономикон æмгуыстад сбæрзонд кæныны охыл рекомендацитæ бакусыны тыххæй Дыууæ Фарсы фидар кæнынц экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамис (дарддæр – Æхсæнхицауадон къамис).
Æхсæнхицауадон къамисы бындурон хæстæ сты:
дыууæфарсон базарадон-экономикон æмгуыстады уавæрмæ æркæсын;
базарадон-экономикон æмгуыстады дарддæры рæзтмæ хауæг фæндæттæ цæттæ кæнын;
Дыууæ Фарсы паддзахадты территоритыл регистрацигонд хæдзариуæуæггæнæг субъектты ‘хсæн экономикон æмгуыстады уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн фæндæттыл кусын;
ацы Фидыдæй пайда кæнын кæнæ йæ æмбарын кæнынимæ бастуæвæг фарстатыл уынаффæ кæнын.
Æхсæнхицауадон къамис арæзт цæуы, сæрдæрттæ кæмæн ис, ахæм Уæрæсейаг æмæ Хуссарирыстойнаг хæйттæй. Алы Фарс дæр æвзары Æхсæнхицауадон къамисы йæхи хайы сæрдар. Æхсæнхицауадон къамис Уæрæсейаг æмæ Хуссарирыстойнаг хæйтты сконд, сæ нымæрдартимæ арæзт цæуынц Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæдтынадмæ гæсгæ. Æхсæнхицауадон къамисы рабадтмæ гæнæн ис хуынд цæуой уынаффæгæнджытæ æмæ эксперттæ.
Хицæн фарстатыл уынаффæ кæныны тыххæй Æхсæнхицауадон къамис гæнæн ис араза кусæгон къордтæ æмæ сын бæлвырд кæна сæ хæстæ.
Æхсæнхицауадон къамис йæхæдæг бæлвырд кæны йæ куысты фæтк.
Æхсæнхицауадон къамисы рабадтытæ уагъд цæуынц куыд хъæуой, уымæ гæсгæ, куыд фæтк, афтæ афæдз иу хатт, радгай Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны.
Иу хайы сæрдары инициативæмæ гæсгæ гæнæн ис уагъд æрцæуа Æхсæнхицауадон къамисы æнæрадон рабадт кæнæ уагъд æрцæуа сæрдæртты фембæлд.
Æхсæнхицауадон къамисы Хуссарирыстойнаг æмæ Уæрæсейаг сæрдæрттæ бадзурынц Æхсæнхицауадон къамисы рабадт æрсидыны тыххæй æмæ æмразыйæ фидар кæнынц боны фæтк, йæ ауадзыны бонæй æппынкъаддæр 1 мæй раздæр. Сæрдæртты æмразыдзинадмæ гæсгæ Æхсæнхицауадон къамисы рабадты гæнæн ис æркастæуа, боны фæткмæ хаст чи нæ æрцæуа, ахæм фарстатæм дæр.
Æхсæнхицауадон къамисы уынаффæтæ фидар цæуынц суагъæтæй.
Йæ иу рабадтæй иннæ рабадты æхсæн Æхсæнхицауадон къамисы архайдмæ хауæг фарстатыл кусæгон фæткмæ гæсгæ уынаффæ кæнынц Æхсæнхицауадон къамисы сæрдæрттæ. Æхсæнхицауадон къамисы архайдмæ хауæг организацион фарстатæ скъуыддзаг кæнын ифтонг цæуынц Æхсæнхицауадон къамисы Хуссарирыстойнаг æмæ Уæрæсейаг хæйтты нымæрдарты æмархайдæй.
Уац 14
Ацы Фидыдмæ Дыууæ Фарсы æмразыдзинадæй гæнæн ис хаст æрцæуа, йæ æнæаскъуынгæ хай чи уой, ахæм ивындзинæдтæ, кæцытæ фидаргонд цæуынц æмбæлон суагъæйæ.
Уац 15
Ацы Фидыды уагæвæрдтæ æмбарын кæнын кæнæ сæ пайда кæнынмæ хауæг быцæутæ скъуыддзаг цæуынц Дыууæ Фарсы ‘хсæн баныхæсты фæрцы.
Уац 16
Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуыны тыххæй Дыууæ Фарсы æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй фæстаг хъусынгæнинаг дипломатон каналтыл фыстæй фехъусын кæныны бонæй.
Ацы Фидыды 1 Уацæй Уæрæсейы Федерацийы территоримæ ластцæуæг товартæм хауæг хайы пайда цæуы 2009 азы 20 январы сырæзгæ барадон ахастытæм гæсгæ.
Ацы Фидыды архайд урæд цæуы, иу Фарс иннæ Фарсæн йæ архайд æруромыны фæндон фыстæй куы фехъусын кæна, уымæй 12 мæйы фæстæ.
Арæзт æрцыд сахар Мæскуыйы 2012 азы марты мæйы 2 боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæйдæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.
УÆЛÆМХАСÆН 1
к Соглашению между Правительством Республики Южная Осетия и Российской Федерации Правительством о режиме торговли товарами
Р А Н Ы М А Д
Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн товартæ уæй кæныны уавæры фæдыл Фидыдмæ
ТЦ ÆЭА ТН Код Товары ном
1701 99 100 1 Урс сæкæр** 1701 99 100 9
2207 Сыгъдæг этилон спирт спирты концентраци æппæнкъаддæр 80 об.%-имæ; этилон спирт æмæ æндæр спиртон хæццæгонд нуазинæгтæ цыфæнды концентрациимæ**
2208 90 910 0 Сыгъдæг этилон спирт спирты концентраци 80об.%-æй къаддæримæ**
2208 90 990 0
2402 Сигарæтæ, лыг кæрæттимæ сигарæтæ, сигареллæтæ, сигареттæ тамако кæнæ йæ ивджытæй**
______________________
* Ацы ранымадæй спайда кæныны нысæнттæн къухдариуæг кæнын хъæуы ТЦ ÆЭА ТН код, афтæ товары номæй дæр.
** Пайда цæуы Таможнæйон цæдисы Иууон таможнæйон тарифы ставкæйæ, кæцы архайы таможнæйон декларацийы регистрацийы бонæй.
УÆЛÆМХАСÆН 2
Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн товартæ уæй кæныны уавæры фæдыл Фидыдмæ
Р А Н Ы М А Д
Уæрæсейы Федерацийæ Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон территоримæ ластцæуæг æмæ товартæ уæй кæныны уавæрæй истæрцæуæг товартæн*
ТЦ ÆЭА ТН Код Товары ном
0406 Цыхтытæ æмæ къæдор**
2201 Дæттæ, уыцы нымæцы æрдзон кæнæ аразгæ минералон, газджын, æнæ сæкæр кæнæ æндæр адджынгæнæг кæнæ хæрзад ароматон бафтауинæгтимæ дæттæ; их æмæ мит**
2203 00 Задæй арæзт бæгæны**
2204 Сæнæфсиры натуралон сæнтæ, уыцы нымæцы хъæбæргонд сæнтæ**
2205 Вермуттæ æмæ сæнæфсиры натуралон сæнтæ, кæцытæм æфтыдæуы зайæгойты кæнæ ароматон буарадтæ**
2207 Сыгъдæг этилон спирт спирты концентраци æппæнкъаддæр 80 об.%-имæ; этилон спирт æмæ æндæр спиртон хæццæгонд нуазинæгтæ цыфæнды концентрациимæ**
2208 Сыгъдæг этилон спирт спирты концентрациимæ 80 об.%-æй къаддæримæ; спирты настойкæтæ, ликертæ æмæ алыгъуызон спиртон нуазинæгтæ**
_____________________
* Ацы ранымадæй пайда кæныны нысæнттæн къухдариуæг кæнын хъæуы куыд ТЦ ÆЭА ТН кодæй, афтæ товары номæй дæр.
** Ист цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг товарты таможнæйон афысты бонæй Таможнæйон тарифы ставкæ.
УÆЛÆМХАСÆН 3
Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн товартæ уæй кæныны уавæры фæдыл Фидыдмæ
Р А Н Ы М А Д
Уæрæсейы Федерацийæ Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон территоримæ кæй ластæуы æмæ ласыны тыххæй таможнæйон пошлинæ кæуыл нæ æвæрдæуы, уыцы товартæн*
ТЦ ÆЭА ТН Код Товары ном Гуырахст (тонн)**
2710 11 410 0 Моторон æртаг октанон 95 нымæцæй къаддæр 16 000
2710 19 310 0
2710 19 350 0
2710 19 410 0 Дизелон æртаг 19 000
2710 19 450 0
2710 19 490 0
________________________
* Ацы ранымадæй пайда кæныны нысæнттæн къухдариуæг кæнын хъæуы, куыд ТЦ ÆЭА ТН кодæй, афтæ товары номæй дæр.
** Уæрæсейы Федерацийы Хицауад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады ‘хсæн товартæ уæй кæныны фæдыл Фидыды 5 уацы дыккаг абзацмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийæ Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон территоримæ ластцæуæг товартæй ласыны тыххæй таможнæйон пошлинæ æвæрд кæуыл нæ цæуы, уыцы товарты гуырахст.