Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн бастдзинады, информацион технологитæ æмæ дзыллон коминикациты къабазы æмгуыстады фæдыл

Республикæ Хуссар Иыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,

2008 азы 17 сентябры сахар Мæскуыйы фыстæрцæуæг Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн, хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы уагæвæрдтæй къухдариуæггæнгæйæ,

сæ паддзахадты экономикон æмæ социалон рæзты хæрзиуæгæн бастдзинад, информацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты къабазы кæрæдзийæн пайдайы æмгуыстад рæзын æмæ арфдæр кæнынмæ тырнындзинад фидар кæнгæйæ,

бастдзинад, информацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты сферæйы иумиаг программæтæ, проекттæ, базарадон лæггæдтæ æмæ технологитæ реализаци кæнынæн ахъаз кæнынмæ хъавгæйæ,

зонындзинæдтæ æмæ ресурстæй кæрæдзийæн æххуыс кæнын, кæрæдзийыл бастуæвæг архайды къабазы уæрæх тыгъдады реалон фæстиуджытæ къухы бафтын кæныны нысанæн æмархайд рауæрæхдæр æмæ æххæст кæныны бындуртæ сбæлвырд кæныны хæс сæ разы æвæргæйæ,

Дунеон постон цæдис æмæ Æппæтадæмон элекробастдзинады цæдисы нысæнттæ æмæ принциптæ, афтæ ма уыцы дунеон организациты фæлгæтты райсгæ нормативон, барадон æмæ æндæр акттæ хъусдардмæ исгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Дыууæ Фарсы иумæйагæй райсгæ нормæтæ æмæ дунеон барады прициптæм гæсгæ æмæ сæ паддзахадты закъондæттынадмæ гæсгæ æххæст кæнынц æмгуыстад бастдзинад, информацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты къабазы, Дунеон постон цæдисы актты уагæвæрдтæ æмæ Æппæтдунеон электробастдзинады цæдисы рекомендацитæм гæсгæ æмæ архайынц сæ компетенциты фæлгæтты.

Уац 2

Дыууæ Фарсы æмгуыстад æххæст кæнынц ахæм фæдыздæхтыты:

бастдзинад, информацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты сферæйы паддзахадон политикæ реализаци кæнынмæ хауæг информацийæ кæрæдзийæн æххуыс кæнын;

бастдзинад, информацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты къабазы техникон нывылкæнынады тыххæй информацийæ кæрæдзийæн æххуыс кæнын;

информацион системæты информацион æдасдзинады къабазы, уыцы нымæцы персоналон зонæнты информацион сиcтемæты, информацион-телекоммуникацион хызæджы æмæ бастдзинады хызæджы кæрæдзийæн фæлтæрддзинадæй æххуыс кæнын;

кæрæдзийæн фæлтæрддзинадæй æххуыс кæнын, радиоадæттæн фадыгæй спайда кæныны фæдыл, радиоэлектронон фæрæзтæ æмæ бæрзондуылæнахсæн ифтонггæрзтыл контрол кæнын;

дыууæ паддзахады бастдзинад, информацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты сфæрæйы рæзтæн инвестицитæ бакæнынмæ разæнгард кæнын;

дистанцион ахуырад æмæ телемедицинæйы къабазы æмгуыстад кæнын, æнæниздзинад хъахъхъæныны инфокоммуникацион технологитæй пайда кæнын, дистанцион медицинон консультацитæ сæм бафтаугæйæ;

Дыууæ Фарсы паддзахадты постон бастдзинады лæггæдты къабазы кæрæдзийæн фæлтæрддзинадæй æххуыс кæнын;

информацион технологиты къабазы, хайгай програмон ифтонгад рæзын æмæ уæй кæнын рауæрæхдæр кæныны къабазы кæрæдзийæн пайдайаг æмгуыстад уæрæхдæр кæныны мадзæлттæ бакусын;

бастдзинад, информацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты къабазы специалистты профессионалон цæттæкæнынадæн уавæртæ саразын;

иумæйаг консультацитæ уадзын æмæ информацион-коммуникацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты къабазмæ хауæг дунеон организациты хайад исыны æмразыгонд позицитæ бакусын;

иумæйаг конференцитæ, семинартæ æмæ симпозиумтæ уадзын, кæцыты ацы Фидыд реализаци кæнынæн Дыууæ Фарсы нымайой æнæмæнгхъæуæгыл;

информацион æмæ рауагъдадон сферæйы æмгуыстад кæнын, Дыууæ Фарсы паддзахадты территоритыл теле æмæ радиопрограммæтæ, периодикон мыхуыр, чингуытæ парахат кæнынæн ахъаз кæнын, националон телерадиокомпаниты ‘хсæн æмгуыстад рæзын кæнын, æмбæстæгты культурон-информацион домындзинæдтæ æххæст кæнын æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн традицион бастдзинæдтæ дарддæр фидар кæнын.

Ацы Фидыды фæлгæтты æмгуыстад æххæст кæныны конкретон уавæртæ гæнæн ис æмæ бæлвырд цæуой Дыууæ Фарсы цымыдисгæнæг организациты арæзт контракттæ кæнæ бадзырдтæй.

Уац 3

Дыууæ Фарсы аразынц хæрзиуæгон, барадон, организацион æмæ экономикон уавæртæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл уæрæсейаг телерадиоалæвæрдты организациты программæтæ æнæкъуылымпыйæ парахат кæнынæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон кусы æмæ æххæст кæны йæ территорийыл уæрæсейаг телерадиоалæвæрдты организациты программæтæ æнæкъуылымпыйæ æмæ хæрзхъæдæй исынæн ахъазгæнæг æнæмæнгхъæуæг барадон æмæ организацион-техникон мадзæлттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл уæрæсейаг телерадиоалæвæрдты организациты программæты трансляци, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сын чи ис, уыцы филиалты куыст æххæст цæуынц уырыссаг æвзагыл.

Дыууæ Фарсы сæ архайдтытæ координаци кæнынц телерадиоалæвæрдты ног технологитæм хизыны рæстæджы, уыцы нымæцы цифрæйон, ахъаз кæнынц ацы сферæйы æмгуыстадæн æмæ иумæйаг проекттæ реализаци кæнынæн.

Дыууæ Фарсы аразынц æнæмæнгхъæуæг уавæртæ Дыууæ Фарсæй иуы паддзахады регистрацигонд дзыллон информацийы фæрæзты минæварадтæ æмæ уацхæсджыты пункттæ иннæ Фарсы паддзахады территорийыл бакæнын æмæ нормалонæй уæвынад кæнынæн.

Уац 4

Радиоэлектронон фæрæзтæ æмæ бæрзондуылæнахсæн ифтонггæрзты куыст нывыл кæнын æмæ сæ уæвынадæн ахъаз кæныны нысанæн Дыууæ Фарсы уадзынц мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты контролон фæрæзтæ æмæ иумæйаг процедурæтæ æвæрынмæ.

Дыууæ Фарсы æппæт тыхтæй дæр пайда кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны радиоэлектронон фæрæзтæ æмæ бæрзондуылæнадæттæн ифтонггæрзтыл контрол кæныны системæ организаци кæнынæн, кæцытæ ифтонг кæнынц радиоадæттæн фадыджы, радиоэлектронон фæрæзтæ æмæ бæрзондуылæнадæттæн ифтонггæрзтæй пайдакæнынад.

Уац 5

Дыууæ Фарсы ахъаз кæнынц Дыууæ Фарсы паддзахадты ‘хсæн фыст корреспонденцитæ, æрвитæгкæгтæ, дунеон постон тагъдыл æрвитæгкæгтæ æрвитыны хъуыддаг æххæст кæнын æмæ рæзын кæныны кæрæдзийæн æххуыс кæнынæн, æхцайы фæрæзты посты фæрцы æрвитыны хъуыддаг уæрæхдæр кæнынæн, уыцы нымæцы электронæн посты æрвитæгкæгтæ, афтæ ма исынц æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ постон æрвитæгкæгтæ фæтагъддæр кæныны фæдыл, постон æрвитæгкæгтæ æмæ æрвыстцæуæг æхцайы фæрæзты хъахъхъæнынад.

Уæрæсейы Федераци æнæмæнгхъæуæг ахъаз кæны Республикæ Хуссар Ирыстонæн æндæр паддзахадтимæ постон æрвитæгкæгтæ кæрæдзимæ æрвитыны хъуыддаг сифтонг кæнынæн.

Уац 6

Дыууæ Фарсæй алкæцы дæр ифтонг кæны ацы Фидыдмæ гæсгæ пайда кæмæй цæуы, уыцы арæзтæрцæуæг кæнæ иумæйаг проектты фæлгæтты бавдисгæ исад хъахъхъæнын, сæ националон закъондæттынад æмæ дунеон бадзырдтæм гæсгæ, кæцыты хайадисæг у йæ паддзахад.

Ацы Фидыды фæлгæтты æмгуыстады рæстæджы сæвзæргæ интеллектуалон архайды исады фæстиуджытæм бардарынад дих кæныны фæтк бæлвырд цæуы иумæйаг конкретон проекттæ æххæст кæныны фæдыл контрактты.

Уац 7

Дыууæ Фарсæй иу дæр æртыккаг фарсæн не ‘ргом кæны ахæм информаци, кæцы развæлгъау нымад æрцыд сусæг информацийыл æмæ лæвæрд æрцыд иннæ Фарсæн ацы Фидыды фæлгæтты иумæйаг архайд æххæст кæныны рæстæджы, куыд архайды рæстæджы, афтæ ацы Фидыды архайд æруромыны фæстæ дæр, гæнæн ис æрмæстдæр уæд, кæд æмæ иннæ Фарс уый тыххæй бар ратта фысты хуызы.

Уац 8

Ацы Фидыд Дыууæ Фарсæй никæцыйы бартæ æмæ хæстæ хъыгдары, кæцытæ æвзæрынц, йæ паддзахад хайадисæг кæм у, уыцы æндæр дунеон бадзырдтæй.

Уац 9

Дыууæ Фарсы ‘хсæн ацы Фидыд æмбарын æмæ (кæнæ) реализаци кæнынмæ хауæг фарстаты цыфæнды быцæутæ æмæ (кæнæ) æнæразыдзинæдтæ дæр скъуыддзаг цæуынц Дыууæ Фарсы ‘хсæн консультацитæ æмæ (кæнæ) баныхæсты фæрцы, æртыккаг фарсмæ æнæбахатгæйæ.

Уац 10

Ацы Фидыдмæ бахæссæн ис ивындзинæдтæ Дыууæ Фарсы æмхуызон æмразыдзинадмæ гæсгæ, кæцытæ арæзт цæуынц хицæн суагъæтæй.

Уац 11

Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы къухтæ йыл æрфыссыны бонæй æмæ архайы 4 азы æмгъуыдмæ.

Йæ архайд автоматикон æгъдауæй дарддæр кæны æндæр фæдфæдылон цыппаразон æмгъуыдтæм, кæд æмæ Дыууæ Фарсæй иу йæ фыццаградон, кæнæ иннæ кæцыфæнды фæдфæдылон æмгъуыды фæуыдæй æппынкъаддæр 6 мæйы раздæр иннæ Фарсæн фыстæй нæ фехъусын кæна йæ архайд æруромыны фæндон.

Ацы Фидыды архайд æруромын нæ хъыгдары иумæйаг программæтæ æмæ проектты, кæцытæ райдыдтой ацы Фидыды архайды рæстæджы æмæ æххæстгонд не ‘рцыдысты йæ архайд æруромыны бонмæ, кæд Дыууæ Фарсы æндæр ницæуыл бадзурой, уæд.

Арæзт æрцыд сахар Цхинвалы 2011 азы сентябры мæйы «20»-æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзагыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

Date of issue
20/09/2011