Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр – Дыууæ Фарсы,
Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн 2008 азы 17 сентябры арæзтæрцæуæг хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийон æххуысы тыххæйыл Бадзырдæй къухдариуæггæнгæйæ,
мидхъуыддæгты органты кусджыты æмæ сæ бинонты социалон ифтонгады къабазы æмгуыстад кæнынмæ тырнынад æвдисгæйæ,
сразы сты дæлдæруæвæгыл:
Уац 1
1. Аы Фидыд у Дыууæ Фарсы мидхъуыддæгты органты кусджыты (дарддæр – кусджытæ) æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады фæдыл.
2. Кусæг куы амæла, уæд йæ бинонтæн пособитæ снысан кæнын æмæ бафидынмæ хауæг фарстатæ æмæ кусджытæн æнæмæнгхъæуæг паддзахадон фæдзæхстадмæ хауæг фарстатæ бæстонгонд нæ цæуынц ацы Фидыдæй.
Уац 2
1. Кусæгæн пенси снысан кæнын хауы уыцы Фарсы компетентон органтæм, кусæг куыстæй пенси райсыны баримæ сæрибар кæцыйы территорийыл æрцыдис, уыцы Фарсы закъондæдтынадмæ гæсгæ.
Мидхъуыддæгты органты кусджытæн службæйы азтæм гæсгæ пенси снысан кæныны рæстæджы хынцыд цæуы (уыцы нымæцы - хатырты уавæрты) Гарзджын Тыхты æмæ уæлдæр паддзахадон органты саразгæ æндæр æфсæддон баиугæндты, Дыууæ Фарсы паддзахадты æдасдзинады æмæ мидхъуыддæгты органты, афтæ ма раздæры ССР Цæдисы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады Баиугонд Гарзджын Тыхты службæ дæр, службæ кæм кодтой, уыцы Фарсы закъондæдтынадæй сфидаргонд фæткмæ гæсгæ. Сфидаргонд службæйы азтæн фæивæн нæй иннæ Фарсæн.
2. Кусæгæн пенси снысан кæнын æмæ фидын æххæст кæнынц, иугæндзон кæм цæры, уыцы Фарсы компетентон органтæ, уыцы Фарсы закъондæдтынадмæ гæсгæ.
Уац 3
1. Бинонты дарæг фесафыны рæстæджы амæлæг кусæджы бинонтæн пенси снысан кæнын æмæ фидын æххæст кæнынц, иугæндзон кæм цæрынц, уыцы Фарсы компетентон органтæ, уыцы Фарсы закъондæдтынадмæ гæсгæ.
2. Амæлæг кусæджы бинонты иугæндзон цæрæнбынаты Фарс ивд куы ‘рцæуа, уæд ахæм рæстæджы уыдонæн сæ дарæг фесафыны тыххæй пенси фидын æххæст цæуы, иугæндзон цæрæн бынат кæм равзæрстой, уыцы Фарсы компетентон органты фæрцы, уыцы Фарсы закъондæдтынадмæ гæсгæ.
Уац 4
Кусджыты æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады хæрдзтæ Дыууæ Фарсы æххæст кæнынц хæдбарæй сæ бюджетты хæрдзтæй, се ‘хсæн æнæ æмхуызон хыгъдтæй.
Уац 5
Ацы Фидыд реализаци кæныны тыххæй дзуаппдæдтæг органтæ сты:
Хуссарирыстойнаг Фарсæй – Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад;
Уæрæсейаг Фарсæй – Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрад.
Дыууæ Фарсы сæ органты баивыны рæстæджы уый тыххæй кæрæдзийæн хъусын кæнынц дипломатон каналтыл.
Уац 6
Ацы Фидыд реализаци кæнынæн дзуаппдæдтæг органтæ кæрæдзийæн информаци дæдтынц кусджытæ æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады тыххæй сæ паддзахадты закъондæдтынад æмæ йæ ивындзинæдты тыххæй.
Уац 7
Ацы Фидыды уагæвæрдтæ æмбарын кæнын æмæ дзы пайда кæнынмæ хауæг фарстатæ скъуыддзаг цæуыц, Фидыд реализаци кæнынæн дзуаппдæдтæг органты ‘хсæн, баныхæстæ æмæ консультациты хуызы.
Уац 8
Ацы Фидыды фæлгæтты æмгуыстад æххæст цæуы уырыссаг æвзагыл.
Уац 9
1. Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, Дыууæ Фарсы йæ тыхы бацæуынæн æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ, кæй сæххæст кодтой, уый фæдыл фæстаг фыст хъусынгæнинаг райсыны бонæй.
2. Ацы Фидыд арæзт цæуы фондз азы æмгъуыдмæ æмæ автоматикон æгъдауæй дарддæр кæны радон фондзазон æмгъуыдтæм, кæд æмæ йæ фыццаг кæнæ кæцыфæнды æмгъуыды фæудæй æхсæз мæйы раздæр Дыууæ Фарсæй иу иннæ Фарсæн нæ фехъусын кæна йæ архайд æруромыны фæндон.
3. Ацы Фидыды архайды рæстæджы фæзынгæ æмбæстæгты пенсион ифтонгады бартæ хъахъхъæд цæуынц, йæ архайд урæд куы ‘рцæуа, уæд дæр.
4. Дыууæ Фарсы æмразыдзинадмæ гæсгæ ацы Фидыдмæ бахæссæн ис ивындзинæдтæ.
Арæзт æрцыд сахар Мæскуыйы 2011 азы июны «13»-æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.