Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Казбулаты дзуаппытæ радиостанц «Голос России»-йы фарстатæн

Фарст: Цахæм аргъ кæныс Баиугонд Нациты Организацийы Дунеон тæрхондоны вердиктæн Косовойы статусон проблемæйы тыххæй?

Дзуапп: Баиугонд Нациты Организацийы Дунеон тæрхондоны уынаффæйæн кæд консультативон характер ис, уæддæр аразы бæрæг дунеон-барадон прецедент. Принципиалонæй ахсджиаг у уый банысан кæнын æмæ тæрхон аргъ скодта æрмæстдæр хæдбардзинад расидыны Декларацийæн.

Фарст: Гæнæн ис æмæ уыцы уынаффæйæ спайда чындæуа, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад суа дунеон банымад?

Дзуапп: Фæнды мæ ууыл æууæндын æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинады фарстмæ дæр æркастæуа Баиугонд Нациты Организацийы бæрзонд трибунæйæ æмæ фадат фæуа уый сбæлвырд кæнынæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидын кæй ницы ныхмæдзинад æвзæрын кæны дунеон барады нормæтæм. Ныфс мæ ис уымæй æмæ Ныгуылæн раджы уа æви æрæгмæ кæй ахиздзæнис «дывæр стандартты» политикæйæ æмæ Хуссар Ирыстоны тыххæй уынаффæ исгæйæ, уæвæг реалитимæ кæй сразы уыдзысты æмæ уый та æркæндзææн нæ паддзахаддзинад банымад ноджыдæр кæй фæуæрæхдæр уыдзæнис.

Цхинвал, 23 июль 2010 аз

27.01.2011