Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Фæстаг æзты æндæр æмæ æндæр дунеон фæзуаттыл æмæ бирæ бæрзонд бынат ахсæг ныгуылæйнаг политиктæ арæх аразынц ахæм хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æппынæдзух æвзæрдæр кæнынц царды уавæртæ, алыран дæр, зæгъы, хæлд цæуынц адæймаджы бартæ. Уыцы иу рæстæджы Гуырдзыстоны фарс хæцджытæ, æвæллайгæйæ, фидарæй фæлхатт кæнынц, цыма, дам, Гуырдзыстон у æнтыстджын витрина æмæ бæрзонд демократийы тырысахæссæг.

Фæлæ рæстæг куыд æвдисы æмæ Ныгуылæны цас гуырдзиаг демократийæ тынгдæр æппæлынц, уыйас ын бæстæйæн йæхи мидæг ис къаддæр фарсхæцджытæ. Гуырдзыстоны демократи, бæстæйый йæхицæн æнцойад нæ аргæйæ, у тынг конвульсивон. Ныгуылæн цъус тыхтæ, мыййаг, не здахы цæмæй Гуырдзыстонæн лæвæрд цæуа демакратон стандарттæ, фæлæ ма уый абоны онг дæр у иууыл æнæпайдадæр æмæ йын ис мингай ирд æвдисæндартæ.

Зæгъæм, Гуырдзыстон ацы бонты барæй фехæлдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæ цъæхахст хъæлæсты уавæры адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл фехъуыса. Уый у, бирæнымæц гуырдзиæгтæй сæ иу, кæцыйы фæдыл зылдæуы сæ политикон цæстæнгасмæ гæсгæ æмæ сын нæй сæхи бæстæйы сæ бартæ бахъахъхъæныны фадат.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сиды дунеон æмæхсæнадмæ, бындурон барæдхъахъхъæнаг организацитæм, цæмæй сæ хъусдард аздахой, Гуырдзыстоны адæймаджы бартæ хъахъхъæныны хъуыддаг æвзæрæй-æвзæрдæр кæй кæны, уыцы æнæаргъæвгæ ситуацимæ. Гуырдзыстон цыдæриддæр æвзæр хъуыддæгтæ аразы, уыдон ын Ныгуылæн æнцонæй кæй бары, уымæй йын æвзæр лæггад кæнынц. Уый фæстиуæгæн цæрджыты 'хсæн демократийы æргъадтæ цæуынц дæлæмæ-дæлæмæ.

Уымæй дарддæр ма Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарайнаг хъуыддæгты министрад дунеон æмæхсæнады хъусдард иу æмæ дыууæ хатты не здæхта уымæ æмæ гуырдзиаг хицауад йæ раздæры хицæуттау æнцой кæны милитаризмыл æмæ Хуссар Ирыстонмæ ахасты у, реваншистон характер кæмæн ис, ахæм. Уый бæлвырд цæуы уымæй дæр æмæ Шида Картлийы бынæттон органтæм æвзæрстыты дыккаг бынат И.Окруашвилийы парти кæй бацахста, кæцы 2004-2006 азты Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр уæвгæйæ, хайад иста Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты марыны хъуыддаджы.

Гуырдзыстоны ахæм къахдзæфтæ йæ бынтондæр нæ сæрибар кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны закъæттæм гæсгæ бæрндзинадæй æмæ сæ чифæнды дæр хала, уыдон иууылдæр хæсдзысты бæрндзинад.

Цхинвал, 2014 азы 27 июнь

 

27.07.2014