Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Гуырдзыстоны делегаци БНО ГА лигъдæтты тыххæй резолюцийы проект æркæсынмæ кæй бахаста, уый фæдыл

Ацы аз 19 майы Гуырдзыстоны делегаци БНОГенералон Ассамблеймæ æхсæзæм хатт бахаста Хуссар Ирыстонæй æмæ Абхазæй лигъдæтты æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдис, уыдон тыххæй резолюцийы проект. Уыцы резолюцийыл хъæлæс аппарын фæнд кæнынц июны фыццаг декадайы.

2009 азæй райдайгæйæ, æрвылаз дæр гуырдзиаг инициативæйæ БНО ГА иувæрсыгонæй цы резолюцийы проект бавдисынц, уымæн ницы иудзинад ис уæвæг æцæгдзинадимæ, æмæ лигъдæттыл æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдысты, уыдоныл æцæгæй тыхсой, уымæн, фæлæ йæ нысан у æрмæстдæр гуманитарон фарстаты политизаци. Ацы проектæй Гуырдзыстон радон хатт фæнд кæны, цы позицитæ фесæфта, уыдон фæстæмæ раздахынмæ, цæмæй БНО ГА бæстæтæ-хайадисджытæн бауырнын кæна ахæм миф, цыма Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз сты Гуырдзыстоны территорийы хæйттæ. Уымæй дарддæр ма гуырдзиаг фарсы æнæбасæттонæй нæ фæнды, цæмæй бамбара æмæ æмбæлон хатдзæгтæ сараза уый тыххæй æмæ фæдфæдылонæй фæлхатгонд чи цыдысты Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны уыцы бабырстытæ, цæрджыты масон æгъдауæй марыны æмæ этникон асыгъдæг кæныны фæстиуæгæн Хуссар Ирыстонæй ирон лигъдæттæ æхсæз мин адæймагæй фылдæр кæй баисты.

Дисы æфтауы ахæм факт æмæ уал хатты дæргъы ацы резолюцийыл уынаффæ кæй фæцæуы, Хуссар Ирыстоны æмæ дзы Абхазы минæвæрттæ хайад нæ фæисынц афтæмæй æмæ «разыйы» хъæлæс чи радты кæнæ хъæлæс кæнынæй йæхиуыл чи фæхæцы, иунæг ахæм бæстæ дæр никуы вæййы æмæ бацымыдис кæна, иннæ фарс чии с, уыцы бæстæйæн та цахæм у йæ позици, уымæ. Афтæ ма Хуссар Ирыстонæн æмæ Абхазæн БНО ГА форматы паддзахадтæ-хайадисджыты размæ сæ позицитæ рахæссыны фадат кæй нæй, уымæй документ вæййы объективон чи нæ вæййы, ахæм. Афтæ ма Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы фæзуатыл ахгæны ацы фарстатыл æруынаффæ кæныны перспективæ, кæцытæ 2008 азы октябрæй райдайгæйæ фæдфæдылонæй уагъд цæуынц БНО, Евроцæдис, ЕЦÆО, Уæрæсе, АИШ, Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстоны минæвæртты хайадистæй.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хаты дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй ма рахæцой гуырдзиаг документы проекты ‘вварс, уымæн æмæ уым гуымир æгъдауæй зыгъуыммæгонд цæуы регионы политикон æмæ гуманитарон реалондзинад æмæ нæ ахъаз кæны Женевæйы дискусситы ацы ахсджиаг гуманитарон фарстыл æруынаффæ кæныны хъуыддагæн.

Цхинвал, 2014 азы 3 июнь

 

03.06.2014