Паддзахадон арæн кæуылты цæуы, уый фæдыл
Гуырдзыстоны дипломати стыр тыхтæ хардз кæны, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территоритыл йæ даутæн ссара комкоммæ кæнæ фæрссаг фарсхæцынад. Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг спонсортæ сæ дæлбарты домæнтæм дзуапп дæтгæйæ, рæстæгæй-рæстæгмæ иу кæнæ иннæ формæйы Тбилисимæ сæ æмзæрдæдзинад равдисынц. Гуырдзыстон уæлдай тынгдæр та тыхсы, Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уый бынаты снысан кæныны фæдыл куыстытæ æххæст кæй цæуынц, уый тыххæй. Гуырдзыстонæн иуæй-иу европæйаг фæзуæтты йæ бон бацис, ацы мадзæлтты йæхæдæг куыд амоны, ахæм цæстæй сæм цæмæй кæсой æмæ йæ къухты цæмæй бафта уыдон дæр равдисой сæ «катайдзинад», «телтæй æмбонд» кæй монтаж цæуы æмæ «дыууæрдæм цæуыны сæрибардзинадыл». Уый та Тбилисы æвдисынц, куыд гуырдзиаг дипломатты æнтыст, афтæ.
Афтæмæй та хъуыддæгты æцæгдзинад бæлвырд цæуы ахæм уавæртæй æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæны сæрты ахизыны фæтк чи хъуамæ бæлвырд кæной, ахæм дипломатон ахасты тыххæй нæй сразыдзинæдтæ. Хуссар Ирыстон у суверенон паддзахад, йæ паддзахадон арæны режим кæуылты цæуы, уый бынаты снысан кæнын æмæ йæ аразыны хъуыддаг амынд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Сразыдзинад иумиаг тыхтæй паддзахадон арæн хъахъхъæныны фæдыл иумæ æххæст кæнынц хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ.
Гуырдзыстоны позицитыл цæмæй сразы уæм, уымæ йæ цахæмфæнды бахъавдтытæн дæр нæй перспективæ. Гуырдзыстоны хæрзæбонæн бирæ хуыздæр уаит æххуыс Страсбурджы кæнæ Венайы агурыны бæсты куы бафæзмит Уæрæсейы Федерацийы цæвиттон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ куы бадзурит арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл.
Уæ хъусдард уым здæхæм уымæ æмæ Хуссар Ирыстон кæй у суверенон паддзахад æмæ йæ мидæггаг хъуыддæгты æттагонтæ сæхи кæй хæццæ кæнынц, уымæн перспективæ кæй нæй. Уыимæ иумæ ма мах ноджыдæр зæгъæм дунеон барты нормæтæ æмæ принциптæм нæ æмзæрдæдзинад æмæ нæ ныфс ис дунеон ахастыты хайадисджытæ сæ кæй æххæст кæндзысты, уымæй.
Цхинвал, 2014 азы 7 май