Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. комментарий

Украинайы хотыхджын тыхмиты эскалацийы тыххæй хъусынгæнинæгтæ æвзæрын кæнынц ацы бæстæйы хъысмæты фæдыл катайдзинад. Хицауады де-факто, кæцыйы легитимондзинад бындуриуæг кæны Киевы Майданæй кæй райста, ууыл æмæ карз хæст самадтой Украинайы хуссар-скæсæн областты адæмы ныхмæ. Радикалон-националистон организацитæй кæй ацарæзтой, уыцы боевиктæ марынц сабыр цæрджыты, сæ æрд æмæ сын сæ кармæ нæ кæсгæйæ. Режимы размæбырсæг къордтæ æххæст кæнынц æнæхъæнбæстæйы тасуадзæг уæрæхмасштабон акцитæ. Æрмæст 2 майы уыдон Одессайы æргæвдæны кæй сарæзтой, уым мард фесты 40 адæймагæй фылдæр. Сæ аххосаг свæййы режимы идеологийы ‘вварс чин æ хæцы, уыдоны æнæтæрхонæй марыны ‘фсон.

Украинайы нæ цæстыты раз рæзы уыцы Гуырдзыстон, кæцы дыууæ дæс азы дæргъы Звиад Гамсахурдиайы лæгæтон фашизмы фæндагæй рацыдис, Ныгуылæн йе ‘вварс кæмæн хæцы, Михаил Саакашвилийы уыцы хъæддаг тоталитаризмы фæндагмæ.

Украинайы абоны цаутæ æмæ Гуырдзыстоны фæстаг дыууæ азы цаутæ сты иу рæхысы цæгтæ. 20 азы дæргъы Гуырдзыстоны дæр æмæ Украинæйы дæр алыгъуызон фæсарæйнаг организациты руаджы, бынæттон æнæхицауадон организациты спонсордзинады æххуысæй «зыгъуыммæгонд цæуы цæрджыты сæры магъз». Ацы рæстæджы дæргъы фæсарæйнаг агенттæн сæ къухты бафтыдис национ къордты зæрдæйы уаг сзыгъуыммæ кæнын æмæ растæр уыдон уыдысты гуырдзиаг «уардиты революцийы» æмæ украинаг Майданы цауты сæйраг архайæг тыхтæ.

Фæнды мæ зæрдыл æрлæууын кæнон уый æмæ Гуырдзыстоны трагикон оберрациты фæстиуæгæн сæвзæргæ националистон зондахасты аххосæй мард кæй фесты, кæй сзыгъуыммæ сты дæсгай мин адæймæгтæ, сæдæгай мин адæймæгты хъысмæттæ, экономикон фæстæзаддзинады æмæ æндæр уæззау фæстиуджыты аххосаг. Украина ма дарддæр дæр гуырдзиаг фæндагыл куы цæуа, уæд ын тас у паддзахаддзинады коллапсæй æмæ революцион Майданы комæй сæхицæн хицауиуæгады бартæ чи радтой, уыдонмæ та æнхъæлмæ кæсы гуырдзиаг лидерты хъысмæт.

Ныфсæвæрæн ис уымæй æмæ Украинайы адæммæ кæй разындзæнис ахæм тых æмæ зондджындзинад, цæмæй ма ахауой æмбæстагон хæсты сæрсæфæнæй æмæ раздæхой ныхмæдзыдтæ цивилизацион æгъдауæй скъуыддзаг кæнынмæ, дунеон æмæхсæнад та, бонæн йæ фæстагмæ, бамбардзæнис æцæгæй йæ хъуыддаг кæй уыдзæнис майданаг режимы адæймæгтимæ, уый.

Цхинвал, 2014 азы 4 май

 

14.05.2014