Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментарий

Абон райсом киеваг режим украинаг горæт Славянскы сабыр цæрджыты ныхмæ ракодта бронетехникæйæ ифтонг æфсады, авиаци, артиллери æмæ Рахис секторы экстремисты къордты. Хи адæмы ныхмæ гарзджын тыхтæй спайда кæнын нысан кæны, йæхи Украинайы хицауад чи рахуыдта, уыдонмæ кæй нæй бæстæйы Хуссар-Скæсæн адæмы зæрдæйы уаг бамбарыны æнкъарæн.

Куыд зыны, афтæмæй Киевы хицауад чи байста, уыцы адæм кæй ницæмæ дарынц сæ архайдтыты комкоммæдæр æбуалгъы кæй халынц барад. Киевы режимы фыдракæндон архайды тыххæй бæрндзинад хæссынц февралы Украинайы цы фæфæлдæх уыдис, уый æвварс Ныгуылæны бæстæтæй чи хæцыдис, уыдон дæр. Украинайы хицауад сабырцæрæг хи адæмы ныхмæ гарзджын тыхтæй кæй спайда кодта, уымæн Хуссар Ирыстоны адæм аргъ кæнынц, куыд уæззау фыдракæнд, афтæ.

Дунеон æмæхсæнадмæ фидарæй хъуамæ бахъара Киевы хæстон тыхмитæ иууыл карздæр æгъдауæй, æмæ сæ ныгуылæйнаг фарсхæцджыты хæс та у, цæмæй æрхæцой сæ коммæгæсты рохтыл, кæцытæ хъæрхъыллисты руаджы архайынц сæ хицауиуæгад къухæй ма ауадзыныл, цæмæй сæхи æрæмбарой æмæ æруромой тугкалд, Украинæйы æппæт хæйтты адæмæн дæр радтой, сæ фидæн сæхæдæг цæмæй равзарой, уый фадат.

Цхинвал, 2014 азы 2 май

 

13.05.2014