Италимæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. кусæгон балцы тыххæй
2014 азы 27-31 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. кусæгон балцы уыдис Италийы. Балцы фæлгæтты уый горæдтæ Ассизи, Беллуно æмæ Венецийы ауагъта къорд хъуыддагон фембæлды.
Горæт Ассизийы йын фембæлд уыдис горæты мэры фыццаг уынаффæгæнæг Франческо Миньаниимæ, кæцыран æркастысты Цхинвал æмæ Ассизийы ‘хсæн экономикæйы, культурæйы æмæ ахуырады къабæзты перспективон бастдзинæдтæ аразыны фарстатæм.
Уый фæстæ та Санахъоты Д.Г. фембæлд горæт Беллунойы мэр Джакоппо Массароимæ. Фембæлды уынаффæ кодтой хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл къухтæ ‘рфыссынмæ кæй цæттæ кæнынц, уыцы суагъæйыл.
30 марты министры хæстæ ‘ххæстгæнæг уыдис Венецийы, кæцыран фембæлдис Венецийы провинцийы регионалон муниципалитеты уынаффæгæнджытимæ. Дыууæ фарсы дæр бадзырдтой контакттæ адарддæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Венетойы провинцийы ‘хсæн ахастыты рæзты тыххæй дæр. Фембæлды фæстæ уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты æмæ Венетойы провинцийы регионалон муниципалитеты уынаффæгæнджыты иумиаг конференци дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн.
Цхинвал, 2014 азы 31 март