Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевæйы дискусситы 27-æм раунды тыххæй
2014 азы 25-26 марты Женевæйы уыдис Женевæйы дискусситы æнæрадон 27-æм раунд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæйы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ минæвæрттæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.
Дискусситы цыды рæстæджы хуссарирыстойнаг делегаци йæ хайадисджытæм æрсидтис, цæмæй Женевæйы дискусситы сæйраг фæдæздæхты сæ куыст фæактивондæр кæной – бакуыст æрцæуой юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документтæ Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстон æмæ Абхазы ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл, кæцыты проекттæ бавдыст æрцыдысты уымæй размæ. Дарддæргонд æрцыдис дискусситы хайадисджыты иумиаг хъусынгæнинаджы текстыл экспертон куыст æмудзинад тыхæй ма спайда кæныны принципы тыххæй. Ахæм хъусынгæнинаг суаит вазыгджын æмæ ахсджиаг къахдзæф дискусситы сæйраг нысанмæ фæндагыл. Фæлæ та Гуырдзыстоны делегацийы деструктивон позици ногæй фадат нæ радта, цæмæй кæронмæ фæуыдаит хъусынгæнинагыл куыст.
Хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг паддзахадон арæны районы æдасдзинады æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл уынаффæ кæнгæйæ, дискусситы хайадисджытæ банысан кодтой инциденттæм афоныл æркæсын æмæ сæ иувар кæныны механизмы (МПРИ) эффективондзинад æмæ позитивон нысаниуæг, кæцытæ кусынц Женевæйы дискусситы эгидæйы æмæ æрвылмæй дæр паддзахадон арæныл ауадзынц фембæлдтытæ. Æвæрццагæй банысан æрцыдис МПРИ хайадисджыты ‘хсæн бастдзинады «тæвд хахх». Уыцыиу рæстæджы ма банысан кодтой Гуырдзыстоны фарсы ‘рдыгæй арæныл уагъдцæуæг акциты дестабилизацигæнæг фæдæздæхт дæр. Куыд барæй æмæ тæссаг провокаци, ахæм аргъ æрцыдис гуырдзыстойнаг радикалон организацитæ 3 марты паддзахадон арæны цур хъæутæ Атоц æмæ Балтайы кæй ауагътой, уыцы митингтæн. Уый фæстиуæгæн хуссарирыстойнаг делегаци катайдзинад загъта Гуырдзыстоны чии с Евроцæдисæй уыцы цæстдарджыты Миссийы позицийы фæдыл, кæцыйæн йæ бæрндзинады зонæмæ хауынц Гуырдзыстоны территоритæ æмæ æмарæн сты хуссарирыстойнаг паддзахадимæ, уыдон «нæ бафиппайдтой» тæссагдзинад æмæ æнæнхъæлæджы цы ‘рцыдаит ацы провокацион акцийы фæстиуæгæн, уый.
Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ ногæй банысан кодтой, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенон бартæ куыд амонынц, ахæм æгъдауыл кæй архайынц æмæ кæй ахъаз кæнынц бынæтты стабилондзинад ифтонг кæнынæн. Æрбавдисгæ æрмæджыты бæлвырд кæнынц, цы ма дзы бынат ис арæнгæрон цæрджыты бартæ къуындæг кæнынæн, афтæ ма æвдисынц хуссарирыстойнаг хицауады гуманон ахаст сæ домындзинæдтæм. Уыимæ иумæ ма банысан æрцыдис гуырдзыстоны фарсы ‘рдыгæй информацион æндыгъдзинады, дестабилизацийы æмæ провокацион фæдæздæхты архайд дæр.
Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ зæрдыл æрлæууын кодтой гуырдзыстойнаг фарсæн, цæмæй иумæ рæвналой арæны делимитацимæ æмæ Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæм та бахатыдысты, цæмæй ацы хъуыддаджы æрлæууой æхсæны лæгтæй.
Куыд æдасдзинады æмæ гуманитарон сферæйы иумиаг ситуацийы хай, афтæ уынаффæ цыдис, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыцы æмбæстæгты агурыны фарстимæ баст хъуыддæгтыл æмæ дыууæ ‘рдыгæй фарсæй дæр ахæстæтты чи сты, уыдон кæрæдзийыл баивыны фарстыл дæр. Хайадисджытæ райгондæй фембæлдысты æмсæрдæртты информацийыл, Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ, Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ 2008 азы октябры Хуссар Ирыстонæй цы æртæ æвзонг адæймаджы æрцахстой, уыдон хъысмæтмæ æркæсыны хъуыддаг кæй фæтагъддæр кæндзæнис æмæ уголовон хъуыддаг кæй бакæндзæнис, ногæй ма æбæрæгæй цы адæймаг фесæфтис, уый тыххæй дæр.
Женевæйы дискусситы 27-æм раунды фæлгæтты дунеон эксперт æнæниздзинад хъахъхъæныны иумиаг фарстаты фæдыл ауагъта информацион сесси.
Женевæйы дискусситы радон раунд ауадзын нысан цæуы 2014 азы 17-18 июны.
Женевæ, 2014 азы 27 март