Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. комментарий

Украинайы æрцæугæ цауты фæдыл

Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны катайгæнгæ сæ хъус дарынц Украинайы цы вазыгджын цаутæ цæуынц, уыдонимæ, кæцыран паддзахадон фæфæлдæхты фæстиуæгæн Киев æмæ Ныгуылæн Украинайы бирæ горæдтæ бахаудтой хотыхджын радикалон экстремисты къухты. Уыдон архайд кæны масштабондæр æмæ йын ис агрессивон характер.

Ситуаци ахызтис барадон æмæ конституцион фæлгæтты арæнтæй, пырх кæнынц, халынц цыртдзæвæнтæ, хъуысынц антиуæрæсейаг лозунгтæ, Сæйраг Рада исы уынаффæтæ, чысылдæр адæм цы ‘взæгтыл дзурынц, уыдонæн арæнæвæрд аразынц сæ бартæн, бар нæ дæттынц, сæ къух сын чи нæ аразы, ахæм политикон партиты архайдæн, гуымир æгъдауæй сæхи хæццæ кæнынц аргъуанты хъуыддæгты, рæзы æргом нацистон диктатурæ. Мæнмæ гæсгæ, бæстæмæ æнхъæлмæ кæсы экономикон фæстæзаддзинад æмæ гуманитарон катастрофæ æмæ уый та бæрæгбæрцæй бандавдзæнис æнæхъæн европæйаг континентыл.

Сусæггаг никæмæн у уый æмæ æндыгъддзинады здыхтæджы архайдыл тынг кæй бандæвтой иуæй-иу ныгуылæйнаг бæстæты æмæ АИШ бæрзонд бынатахсæг политиктæ суверенон Украинæйы хъуыддæгты сæхи кæй хæццæ кæнынц, уыцы хъуыддаг. Уыдон фæндыдис, цæмæй дзы сарæзтаиккой сæ политикон хъæзтыты бынат æмæ сын уавæртæ фæуыдаит регионалон арæнты ногæй дихтæ кæнынæн.

Æппæт ацы хæццæ-мæццæты ныхмæ рæстагæй се ‘нæразыдзинад равдыстой Хъырымы Автономон Республикæйы, афтæ ма Украинайы скæсæйнаг областты цæрджытæ дæр, кæцыты фылдæр хай сты, уырыссаг æвзагыл чи дзурынц, ахæмтæ æмæ сæ нæ бафæндыдис, цæмæй сæм ногæй фæлхаттгонд æрцыдаит ситуацийы ахæм рæзт. Хуссарирыстойнаг адæмæй хуыздæр ничи æмбары, Украинæйы ацы регионты цы цæуы, уый, уымæн æмæ йæхæдæг 2008 азы августы, йæхиуыл банкъардта гуырдзиаг национализмы фæстиуджытæ. Æниу уæд се ‘вварс рахæцыдысты æргомæй фашистон идеологийыл чи хæцыдысты, уыцы организацитæ, цахæмтæ сты УНА-УНСО. Æнæгуырысхойæ зæгъын хъæуы уый æмæ æххæстæй солидарон кæй стæм Уæрæсейы Федерацийы архайдтытимæ, Украинæйы се ‘мфыдыбæстæйонты ‘вварс кæй хæцынц, уыцы хъуыддаджы. Уымæн æмæ сæ архайд здæхт у ситуацийы æндыгъдады эскалаци ма ‘руадзынмæ æмæ тугкалд ма бауадзынмæ.

Æз афтæ нымайын, æмæ Украинайы адæм сæ хъысмæт сæхæдæг хъуамæ аскъуыддзаг кæной. Мах дарддæр дæр лæмбынæгæй нæ хъус дардзыстæм ситуацийы рæзтмæ Украинайы æмæ сидæм æппæт политикон тыхтæм, цæмæй æруромой тыхми, ногæй сæндидзын кæной закъондзинад, ситуаци ахизын кæной конституцион æмæ барадон фæдмæ. Æмæ уый та арæзт хъуамæ ‘рцæуа æрмæстдæр сабырадон уагыл, æнæтугкалдæй скъуыддзаг æрцæуа ситуаци.

Цхинвал, 2014 азы 5 март

 

05.03.2014