Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. комментарий РИА Новостийæн

12 февралы Бафидауын кæныны æмæ æмбæстагон æмбардзинады фæдыл Гуырдзыстоны министр Паата Закареишвили вашингтойнаг Карнегийы Центры йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы бастдзинад у «хæдаразгæ æмæ историон чи нæу, ахæм» æмæ «Уæрæсейæн ныртæккæ регионы чи ис, уыцы иунæг-иу ресурс та у сындзджын тел».

Ирыстоны æмæ Уæрæсейы историон бастдзинæдтыл цæуы мингай азтæ æмæ политикон æгъдауæй та баиу сты 240 азы размæ. Уæрæсейæн регионы цы ресурстæ ис, уыдоныл дзырд куы цæуа, уæд та банысан кæнын хъæуы уый æмæ ма йын, æдасдзинадæй дарддæр, ноджыдæр кæй ис социалон гарантитæ дæр, уыдон та сты экономикон рæзт, социалон, культурон æмкуысткæнынад, бæрзонд гъæды ахуырад райсыны, медицинон аххуысы æмæ хæдзарады æнæхъæнæй рæзын кæныны гарантитæ, кæцыйы фæстаг 20 азы дæргъы фæдфæдылонæй пырх кодта Гуырдзыстон. Ацы цæстуынгæ факттæ зыгъуыммæ кæнгæйæ æмæ сыл нæ сæтгæйæ, г-н Закареишвили комкоммæдæр сайгæ æмæ рæдийын кæны дунеон æмæхсæнады.

Æмæ иннæ ‘рдыгæй фарс дæр, Гуырдзыстон нын цы альтернативæйы кой кæны, уый дæр иттæг хорз зонæм. Гуырдзыстоны ССР нæ иумæ царды хуыздæр рæстæджыты дæр хуссайраг ирæттæ æвзæрстой дæлдзиныгад æмæ къуындæг цард. Иууыл ногдæр историйы уый райрæзтис ирон адæмы скуынæг кæныны бирæазон бафæлвæрдтытæм паддзахадон терроризм методикон æгъдауæй æххæст кæнгæйæ, æмæ 2008 азы августы Пекины Олимпиадæйы рæстæджы кæй сæххæст кодтой, уыцы уæрæхмасштабон агресситæ.

Хъыгагæн, П. Закареишвилийы уагдон йæ ном кæй фæивта, уый афтæ нæ нысан кæны æмæ официалон Тбилис йæ политикæ дæр фæивта. Цалынмæ нæ паддзахадты ‘хсæн дзырд бафидауыныл æмæ баныхæстыл цæуа, уæдмæ уал, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ цы фыдракæндтæ фæцарæзта, уыдонæн æмбæлон аргъ скæна, æрфæсмон сыл кæна, бафида цы зиæнттæ ракодта, уыдон аргъ æмæ банымайа Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитет.

Цхинвал, 2014 азы 13 февраль

 

13.02.2014