Archive

28 февралæй 3 мартмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдис Итали æмæ Сан-Маринойы делегаци Итали-Хуссар Ирыстоны хæлардзинады Æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй.

Делегацийы йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. Ныхасы рæстæджы банысан æрцыдис, бирæрæстæгмæйон интерестæн дзуапп кæй дæтты ахастыты дарддæры рæзт æмæ фидардæр кæнынæн, сæрмагондæй та Итали-Хуссар Ирыстоны хæлардзинады Æхсæнады базарадон-экономикон æмæ культурон къабæзты фæлгæтты.

28 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Дауыт Абхазы Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны ног снысангонд Минæвар Елбачиты Аланæй райста æууæнчы грамотæты халдихтæ.

Санахъоты Дауыт арфæ ракодта Елбачиты Аланæн, бынаты нысангонд кæй æрцыдис, уый тыххæй, æмæ йын загъта, цæмæй йын дывæрсыг ахастыты рæзты хъуыддаджы йæ куысты уа æнтыстытæ. Йæхи рады, Елбачиты Алан йæ цæттæдзинад загъта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æппæтфарсон æмгуыстады дарддæры рæзтмæ.

Цхинвал, 2014 азы 28 февраль

 

Фæстаг рæстæджы дзыллон информацийы фæрæзтæ се’ мыдзаг сты Гуырдзыстоны къухдариуæгады хъусынгæнинæгтæй, цыран уыдон радон хатт «тынг тыхсынц» Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хаххыл кæй сног сты инженерон-хъахъхъæнæн æмбонды арæзтады куыстытæ, уый фæдыл.

2014 азы 10-20 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид æмæ горæт Цхинвалы мэр Æлборты Алан кусæгон балцы уыдысты Италийы. Визиты нысан уыдис Итали æмæ Хуссар Ирыстоны хæлардзинады Ассоциацийы хайадистæй Цхинвал æмæ Ланузейы горæтты ´хсæн хæлардзинады Бадзырдыл къухтæ æрфыссын, кæцы æххæст æрцыдис 2014 азы 13 январы г. Ланузейы. Фидыдыл сæ къухтæ æрфыстой горæт Цхинвалы мэр Æлборты Алан æмæ горæт Ланузейы мэр Давидэ Ферелли.

12 февралы Бафидауын кæныны æмæ æмбæстагон æмбардзинады фæдыл Гуырдзыстоны министр Паата Закареишвили вашингтойнаг Карнегийы Центры йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы бастдзинад у «хæдаразгæ æмæ историон чи нæу, ахæм» æмæ «Уæрæсейæн ныртæккæ регионы чи ис, уыцы иунæг-иу ресурс та у сындзджын тел».

Ацы бонты æгас дунейы хъусдард здæхт у XXII зымæгон Олимпиадæйы райдианмæ. Уый байгом уыдзæнис 2014 азы 7 февралы Уæрæсейы Федерацийы горæт Сочийы. Уæрæсейы Федераци, куыд Олимпиадæ организацигæнæг æмæ уадзæг, афтæ æрсидтис хотыхджын конфликты æппæт хайадисджытæм, цы бæстæты æмæ континенты сты, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, цæмæй расидой «олимпион бафидыды» рæстæгæй.

Елбачиты Аланы Республикæ Хуссар Ирыстоны Абхазы Республикæйы Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй

Республикæ Абхазы президент Александр Анквабы 30 январы Указæй Елбачиты Алан Мухарбеджы фырт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Абхазы Республикæйы Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй.

Цыбыр биографион зонæнтæ:

Елбачиты Алан Мухарбеджы фырт райгуырдис 1959 азы Сазалеты хъæуы Хуссар Ирыстоны Автономон областы.

1974 азы каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола.

- Дæ хорзæхæй, радзур ма нын ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухты цахæм бындурондæр æнтыстытæ бафтыдысты, уыдон тыххæй?

- Вильнюсы саммит «Восточное партнерство»-йы цыдирæстæджы Гуырдзыстон рагацау йæ къух æрфыста дунеон бадзырдыл ЕЦ ассоциацийы тыххæй æмæ йыл кæройнаг фыст æркæнын та плангонд цæуы фидæнмæ азы, фæлæ ныридæгæн хъусын кæнынц экономикон æгъдауæй Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны иумиаг проектмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы баласыны тыххæй.

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæ дипломаттæн зын уавæртæ цы бæстæты ис, уыдон нымæцæй Хуссар Ирыстоны сисыны тыххæй ноджыдæр иу хатт бæлвырд кæны уый æмæ ситуаци Хуссар Ирыстоны стабилон æмæ æдас кæй у, куыд Республикæйы æмбæстæгтæн, афтæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн дæр.

2013 азы 31 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырт цы Указ рауагъта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны ‘мбæстæг Джерапты Таймураз Савелийы фыртæн хатыргонд æрцыдис йæ фыдракæнд, кæй тыххæй йын 2010 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондон УФ УК 278 статьямæ гæсгæ тæрхон рахаста 13 азы ‘мгъуыдмæ йæ сæрибардзинад байсын.