РХИ æмæ УФ-йы æхсæн æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды фæлгæтты уæлæмхас фидыдтытæ саразыны рæстæджы «пакетон принцип»-æй спайда кæныны гæнæнты фæдыл
Æхсæнадæмон ахастыты цалдæр дыууæварсон фидыды уыцы иу рæстæджы æрфыссыны практикæ ис, фæлæ стæм хатт æмбæлы. Арæхдæр уый саразынц бæстæты сæргълæуджыты визит кæнæ стыр æхсæнадæмон форумы рæстæджы. Уæд вæййы дзурæн æхсæнадæмон фидыдтыты пакетыл къухтæ æрфыссыныл. Ацы практикæ æнæмæнгхъæуæг нæу.
Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырдон æмахастыты истори йæхæдæг у уымæн æвдисæн. 2008 азы 17 сентябры æрфыст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн Бадзырд хæларад, æмгуыст æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй. Уый у фæлгæтон бадзырд (афтæ хуыйнæг Стыр Бадзырд), йæ райрæзты охыл къухтæ æрфыстæуыд 80-йæ фылдæр алыхуызон æмвæзады фидыдтыл (æхсæнпаддзахадон, æхсæнхицауадон æмæ æхсæнуагдонон), фæлæ «пакетон принцип»-ы тыххæй фарст æвæрд никуы цыд.
Махæй алкæй дæр фæнды, цæмæй РХИ æмæ УФ-йы æхсæн æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды фæлгæтты уæлæмхас фидыдтытыл къухтæ фыст æрцæуа, фæлæ, раздæр куыд загътон, афтæмæй ацы процессы кризис нæй. Проекттæ кусæгон уавæрты, дыууæ фарсы хъуыды хынцгæйæ, æмныхгонд цæуынц. Мæ бон ма у бафтауын, зæгъгæ, абоны бонмæ къухтæ фыст æрцыд иумæйаг мадзæлттæ ауадзыны тыххæй дыууæ планыл, æртæ фидыды та цæттæ сты къухтæ бафыссынмæ.
Цхинвал, 2016 азы 18 январь