- Цытджын министр, августы мæйы сæххæст ис авд азы Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг æфсад куы æрбабырста, уыцы трагикон цаутыл. Абоны перспективæйæ цы цæстæй кæсыс уыцы цаутæм?
- Августы мах банысан кодтам, 7-æм августы æхсæвы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста æмæ уый фæстиуæгæн сæдæгай æнæаххос адæм куы бабын сты, Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы уыцы тугкалæн æмæ трагикон цауты æвдæм афæдзы бон. Уыцы зиæнттæ сты тынг уæззау чысылнымæц ирон адæмæн æмæ сын баххæстгæнæн нæй. Гуырдзиаг æфсæдтæ ирон зæххыл цы æвирхъау митæ æмæ фыдракæндтæ фæкодтой, уыдон нæ не сты æмæ æнæбайгасгæнгæ хъæдгомæй баззадысты алы ироны зæрдæйы дæр. Цхинвалы хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинад, Хуссар Ирыстоны адæмы физикон скуынæгæй чи бахъахъхъæдта,уыцы ирон æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицертæ, кæддæриддæр уыдзысты сæрыстырдзинад æмæ табуйы сæр. Ныгуылæйнаг бæстæтæ уæ хъуыддæгты сæхи кæй фæтъыстой, растдæр уый аххосæй æрцыд ивд 2000-æм азты уæ хицауад æмæ уый фæстиуæгæн та сымахæй атындæуыд Косово, фæлæ РХИ ууыл никуы сразы ис.
Нырыккон конфликтты, фыццаджыдæр, цæсты хауы, сæ парахат кæныны хъуыддаджы æддагон тыхтæ фæстаг бынат кæй нæ ахсынц, уый. Растдæр ныгуылæн бæстæты комкоммæ хи тъыссыны руаджы уæ паддзахады хицауады раивд ис 2000-æм азты. Уый фæстæ æрцыд Косовойы тыхæй ист, архайд, кæцы Республикæ Хуссар Ирыстон нæ банымадта. Чи зоны уæм фарст фæзына: «Цæуылнæ?», зæгъгæ, умæг æмæ, Хуссар Ирыстоны цы процесстæ уыд, уыдоны тыххæй сæвзæргæ рæдыд хъуыдыты бындурыл, Сербийы мах дæр, косоваг албайнæгтау, нымайынц сепаратисттыл. Фæлæ уый раст нæу, сепаратизм фыдракæнд у æмæ йæ хицæн кæнын хъæуы националон-сæрибаргæнæн тохæй. Кæд Косовойы хæдбардзинад расидынæн ницы закъонон бындуртæ уыд, уæд Хуссар Ирыстоны адæмы тох та, кæцы райдыдта суанг 1989 азы, Советон Цæдис ма куы уыд, уæд бындуриуæг кæны, ССР Цæдисы цы архайæг закъæттæ уыд, уыдон комплексыл.
Махæн нæ тохы мидис уый мидæг ис, æмæ, Гуырдзыстоны ССР куы сфæнд кодта ССРЦ-ы скондæй рахизын, уæд Хуссар Ирыстоны та ССРЦ-ы скондæй рахизын нæ фæндыд. Уый расайдта конфликт Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн. Дæхи паддзахады сконды баззайын дæкуы фæнда, уæд уый фыдракæнд нæу. Цæмæй Хуссар Ирыстоны позици компрометацигонд æрцыдаид , уый тыххæй гуырдзиаг пропагандæ райдыдта парахат кæнын ахæм мæнг хъуыды, зæгъгæ хуссайраг ирæттæ сепаратисттæ сты. Гъе фæлæ, сепаратизм амоны хи паддзахадæй ахицæн уын, уырдыгæй рахизын, йæ мидæг баззайын нæ, фæлæ. Ахицæн кæныны фæндагыл та Хуссар Ирыстонæ нæ ныллæууыд, фæлæ Гуырдзыстон. Æмæ уæдæ ирæтты позици албайнæгтæ нæ, фæлæ сербты позициимæ у æмхуызон. Цæвиттон, сербаг фарс ардыгæй сербаг хотыхджынтимæ хæцыдысты Ирыстойнæгтæ дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый Сербийы сусæггаг нæу.
Хуссар Ирыстон рагæй архайы, Гуырдзы ирæттæн цы геноциды сарæзта, уыцы темæмæ æхсæнадæмон хъусдард раздахыныл, уымæн æмæ ирон адæмы ныхмæ гуырдзиаг хицауады архайдæн æндæр никуыд ис схонæн. Цæвиттон, ацы аз мах банысан кодтам Гуырдзыйы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны адæмы геноцидыл 95 азы сæххæсты бон. Ирон адæмы геноциды тыххæй нæм æрмæджытæ фагæй фылдæр ис. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент суанг 2006 азы апрелы мæйы райста «1989-1992 азты Хуссайраг ирæтты геноцид тыххæй Деклараци». Лæвæрд æрцыд политикон-барадон аргъгонд Хуссар Ирыстоны 1989-1992 азты æрцæугæ цаутæн, стæй ма 2004 азæй 2008 азмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийæн политикон-барадон аргъгонд, цыран фидарæй дзырдæуы, зæгъгæ, Гуырдзыстоны архайд карзæй халы æхсæнадæмон барады нормæтæ, уыимæ гуманитарон нормæтæ дæр, уый халы бирæнымæц æхсæнадæмон конвенцитæ æмæ декларацитæ адæймджы барты тыххæй куыд сабыр, афтæ хæстон рæстæджы дæр, уыдон нымæцы 1949 азы 12 августы Женевæйаг цыппар конвенцийы Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæнын бахъуыд æнæбары æмæ уый Уæрæсейы Федераци бакодта, цæмæй хуссайраг ирæтты геноцид баурома æмæ агрессоры рохтыл æрхæца. Хуссар Ирыстоны кæй банымадта, уый та у агрессоры сабырадмæ æркæныны логикон фæстиуæг æмæ, нæ адæмы геноцид фæлхаттгонд кæй не’рцæудзæн, уый фидар гаранти.
Абон Республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар, дунейы нымад паддзахад. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цы фыдракæндтæ æрцыд, уыдон фæстæ дунейы макæмæуал хъуамæ уа иллюзитæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонæн иу паддзахады уæвыны тыххæй.
Махæн уый бар нæй, æмæ Гуырдзыстонæн барæм йæ фыдракæндтæ, рох сæ кæнæм. Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы сæйраг хæстæй иу у канд уыцы æбуалгъ цауты тыххæй дунеон æхсæнадæн рæстдзинад фехъусын кæнын нæ, фæлæ ма афтæ бакæнын, цæмæй уыцы трагедийы аххосджын чи у, уыцы фыдгæнджытæн тæрхон хаст æрцæуа. Дунеон æмæхсæнад хъуамæ барадон аргъ скæна ацы цаутæн æмæ бандава Гуырдзыстоныл, цæмæй уый бæрн райса йæ баконд агресси æмæ сæ фæстиуджыты тыххæй. Дунеон æмæхсæнад уыцы цауты тыххæй рæстдзинады кой куынæ кæна æмæ Гуырдзыстоны агрессивон политикæйы тыххæй пассивон реакци куы æвдиса , уæд ын ног æмæ ног фыдракæндтæ кæнынæн ратдзæни бар. «Адæймагады ныхмæ фыдракæндтæм» чи хауы, уыцы карз фыдракæндтæ, ма хъуамæ баззайой æнæфхæрд. Уый у ахсджиаг дунейы æппæт адæмтæн дæр, цæмæй 2008 азы августы трагедийы хуызæн трагедитæ мауал æрцæуа.
- Исты аивта уæдæй нырмæ уæ ахастыты Гуырдзыстонимæ? Раздæры президент Михаил Саакашвилиимæ абаргæйæ, цы политикæ ис Гуырдзыстоны ног президентæн?
- Гуырдзыстоны ног хицауады кой куы кæнæм, уæд Хуссар Ирыстонимæ йæ ахастытæ æрнывыл кæныны фæндонæн ис декларативон ахаст. Ахæм ныхæстæ гуырдзиаг хицауад раздæр дæр кодта. Гуырдзыстоны ног хицауады курс, сæ рахзмæ чи уыд, уыдонæй бирæ ницæмæй хицæн кæны. Æцæгæй та хъуыддаг афтæ у, æмæ официалон Тбилисы, стæй гуырдзиаг æхсæнады фылдæр хайы дæр, нæ фæнды нымайын уæваг реалитæ æмæ дарддæр йæ ныхас кæны, «гуырдзиаг территорийы иу хайы уæрæсейаг оккупаци æруромыны» фæдыл.
Гуырдзыстоны ног хицауад ма æрцæугæ цауты регулярон æгъдауæй азымджын кæны йæ размæйы хицауады М. Саакашвилийы сæргълæудæй. Гуырдзыстоны алы ног къухдариуæггæнæг, йæхи цæмæй хорзæй равдиса, уый тыххæй йæ размæ чи уыд, уыдон фæаххосджын кæны æппæт тæригъæдты. Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агресси куы фæсыкк, уæдæй абонмæ цы азтæ рацыд, уыдон равдыстой, гуырдзиаг æхсæнад æмæ паддзахад кæй не сты цæттæ æцæгдзинадæн критикон аргъ скæнынмæ, сæ реалон националон интерестæ æмæ уыдон къухы бафтауыны фæндæгты тыххæй хатдзæгтæ саразынмæ. Сæ маст райсыны дойны нæма байсысти. Æмæ уымæн та æцæг æххуыс æмæ эффективон сты гуырдзиаг æфсад дæр йæ хотыхтæ цы америкæйаг æхцайæ æлхæны, уыдон.
Цæвиттон, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахастыты фæдыл Гуырдзыстоны принципиалон позици кæй нæ ивы, ууыл дзурæг у ахæм факт дæр æмæ Тбилис раздæрау нæ разы кæны, юридикон тых кæмæн уа тых нæ бахæссыны тыххæй, ахæм документыл йæ къух æрфыссыныл. Растдæр ууыл архайæм мах, абхазаг æмæ уæрæсейаг делегацитæ Женевæйы дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл ныр 33 раунды дæргъы. Ахсджиаг хъуыддаг у, цæмæй махмæ уа, Гуырдзыстон тыхæй кæй нал спайда кæндзæни, уыцы гарантитæ. Уый нын фадат радтид дыууæ бæстæйы æхсæн æууæнчы ахастытæн бындур æрæвæрынмæ. Æмæ растдæр уыцы фарст аскъуыддзаг кæнынæй Гуырдзыстон йæхи тылиф кæны æппæт амæлттæй.
Уыимæ ма гуырдзиаг хицауад дарддæр политизаци кæнынц ахæм ахсджиаг фарста, куыд лигъдæтты æмæ рæстæгмæ сырд адæймæгты проблемæтæ. Æрвылаз дæр, 2009 азæй фæстæмæ, Гуырдзыстон ИНО ГА æркастмæ рахæссы лигъдæтты тыххæй резолюцийы проект, цыран ис æрмæст гуырдзиаг позици, кæцы хынцы æрмæст этникон гуырдзиæгты проблемæ, æмæ æнæ хъусдардæй та зайы сæдæ минæй фылдæр ирæтты проблемæ, кæцытæ этникон æууæлмæ гæсгæ сырд æрцыдысты Гуырдзыстонæй æмæ цæрыны бынат ссардтой Уæрæсейы Федерацийы. Абоны онг уыдонæй иу дæр нæ аздæхт кæм царди, уыцы бынатмæ, æмæ сæ хъысмæт цæмæдæр гæсгæ аззайы Гуырдзыстон æмæ ИНО Генералон Ассамблеяйы хъусдардæй иппæрд, кæцыйы сконды, стыр хъыгагæн, Хуссар Ирыстон нæй æмæ йын дзы нæй хъæлæсы бар дæр. Æмæ, абон лигъдæттæ кæй хонынц, уыцы этникон гуырдзиæгтæ та Гуырдзыстоны фыдракæндон политикæйы фæстиуæгæн сæхæдæг организацигондæй ныууагътой Хуссар Ирыстоны территори 2008 азы августы хæстæй цалдæр бон размæ. Уымæ гæсгæ ацы темæйыл ныхæстæ сты популистон æмæ политикон æгъдауæй ангажиргонд.
- Ацы аз марты мæйы Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы президент Владимир Путин Мæскуыйы бафыстой сæ къухтæ историон Бадзырдыл æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй. Дæ бон у æмæ мын бæстондæрæй бамбарын кæнай, цы нысан кæны ацы фидыд, æмæ Хуссар Ирыстон æнæхъæнæй уыдзæн интеграцигонд æви ма йын исты суверенитет баззайдзæн?
- Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы ахсджиагдæр здæхæн уыд æмæ баззади Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстад. Уæрæсейы Фæдæраци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта 2008 азы 26 августы, уæд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци 2008 азы 17 сентябры сарæзтой хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй Бадзырд. Уыцы Бадзырды райрæзты охыл 2015 азы 18 марты Мæскуыйы къухтæ æрфыстæуыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырдыл. Ацы Бадзырд нæу æртыккаг бæстæты ныхмæ арæзт, йæ нысан у дыууæ бæстæйы æхсæн интеграцийы æмвæзады гъæд фæбæрзонд кæнын. Бадзырдмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн арæзт æрцæудзæн хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумæйаг тыгъдад, кæцы уыдзæн Республикæйы хуссар арæнтыл сабырад æмæ стабилондзинады гаранти. Фæстаг рæстæджы регионы цы уæззау политикон уавæр сæвзæрд уый, стæй нырыккон дуджы домæнтæ хынцгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон хъуамæ йæ сæйраг стратегион партнер Уæрæсеимæ фидар кæна æмцæдисад. Уымæй дарддæр ма, Бадзырд дæтты æмгуысткæнынады фадат барадхъахъхъæнынад, таможнæйон æмæ социалон-экономиком сферæты.
Республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ нымад паддзахад, йæхæдæг бæрæг кæны йæ мидæггагон æмæ æддагон политикæ, йæ адæмы интерестæ æмæ йæ закъондæттынадыл бындуриуæггæнгæйæ. Бадзырд ма уæлдай хатт у дыууæ суверенон паддзахадтæ - Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбар æмæ хæларсыхагон ахастыты райрæзтæн æвдисæн.
- Ацы Бадзырды пункттæй иумæ гæсгæ Хуссар Ирыстон у хæсджын йе’ддагон политикæ Уæрæсеимæ æмдзых кæнын. Дæ бон у æмæ райхалай, уый куыд бандавдзæн Дæ куыстыл Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры бынаты?
- Цы пункты кой ракодтай, уый чысыл æндæрхуызон у фыст: «Бадзырдаразæг Фæрстæн ис æрæмдзыхгонд æддагон политикæ, кæцы хынцы Бадзырдаразæг Фæрсты интерестæ æмцæдисады алы сферæты дæр», æмæ уый та нæу ууыл дзурæг, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон иуварсонæй хъумæ æмдзых кæна йе’ддагон политикæ Уæрæсейы Федерациимæ. Æниу, ацы уагæвæрд у, 2009 азы 20 январы РХИ æмæ УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæ æхсæнадæмон фарстаты фæдыл æмцæдисады тыххæй цы Меморандумыл бафыстой къухтæ, уымæн йæ дарддæры къахдзæф æмæ бирæбæрцæй сты æнгæс. Ацы пунктмæ гæсгæ, дыууæ Фарсæн æмдзыхгонд æддагон политикæ, æмæ арæзт у кæрæдзи интерестæ хынцгæйæ. Уæрæсейы Федерацийы ФХМ æртыккаг бæстæтимæ æмæ æхсæнадæмон организацитимæ дзуры Хуссар Ирыстоны номæй, æмæ, Гуырдзыстоны хъæппæрисæй арæзт изоляцимæ æнæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстон йæ уæрæсейаг коллегæты æххуысæй цадæггай реализаци кæны йæ æддагонполитикон райрæзты стратеги. РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æдзухдæр æмархайд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварадимæ. Зæгъæн ис, æмæ уæрæсейаг коллегæты æххуыс æвæрццагæй зыны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстыл.
- Куыддæр уæ бæстæ æмæ УФ сæ къухтæ бафыстой фидыдадыл, афтæ Европæйы Цæдис райста документ, цыран уый равдыста ацы проблемæмæ йæхицæстæнгас. ЕЦ-йæн цы реакц уыд Хуссар Ирыстон æмæ УФ-йы æхсæн бафыстгонд фидыдмæ?
- Хъыгагæн, Европæйы Цæдисы реакци уыд рагацау бæрæг, уымæн æмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ нæ паддзахадмæ кæсынц гуырдзиаг позицитæй, уæвæг реалитæй хатдзæгтæ нæ аразгæйæ. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн ахастытæ ныр 7 азы дæргъы арæзт цæуынц бадзырдон бындурыл, æхсæнпаддзахадон ахастытæн куыд æмбæлы, афтæ, æмæ уымæ гæсгæ ЕЦ арæх цы терминтæй пайда кæны, «аннекси» кæнæ «оккупаци», зæгъгæ, уыдон барадон æгъдауæй раст не сты æмæ равзæрдысты æрмæстдæр политикон интерестæй. Бадзырд бафыст æрцыд хæларадон æмæ æмбар паддзахадты æхсæн, цæмæй хъæуæг æдасдзинад ифтонггонд уа.
- Æрæджы Сербийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ивица Дачич æмæ Гуырдзыстоны ФХМ сарæзтой фидиуæн ОБСЕ-йы миссийы куыст Хуссар Ирыстоны сног кæныны æнæмæгдзинады тыххæй. ОБСЕ афтæ æнæнхъæлæджы цæмæ бадомдтой адæймджы бартæ Хуссар Ирыстоны, æмæ куыд аргъ кæныс Ды ацы организацийы авторитетæн?
- Республикæ Хуссар Ирыстон никуы уыд йæ территорийыл æхсæнадæмон организациты уæвындзинады ныхмæ æмæ бирæ хатт æвдыста йæ цæттæдзинад ахæм æхсæнадæмон организацитимæ æмгуыстадмæ, кæцытæ сæ гуманитарон архайд нæ политизаци кæнынц æмæ цæттæ сты, махмæ куыд суверенон паддзахады, афтæ кусынмæ. Республикæ Хуссар Ирыстон тырны æхсæнадæмон æмæхсæнады æмбар уæнгадмæ. Мах архайæм куыд хицæн паддзахадтимæ, афтæ æхсæнадæмон организацитимæ дæр æмгуыстад срæвдз кæныныл. Хуссар Ирыстоны хорз хъуыды кæнынц ОБСЕ-йы куысты рæстæг. 2008 азы 8 августы онг Цхинвалы уыд Гуырдзыстоны ОБСЕ Миссийы офис. Ацы организаци хайад иста гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны процессы. Уæлдай нæ уыдзæн зæрдыл æрлæууын кæнын уый æмæ, ОБСЕ-йы цæстдарджытæ уыдысты, Гуырдзыстон тыхон сценари кæй цæттæ кæны, уый æвдисæнтæ, рагацау сæ кусджыты сэвакуаци кодтой, ницы сарæзтой тугкалд не’руадзыны тыххæй æмæ цымыдисгæнæг фæрстæн æмбæлон информаци фехъусын кæнынæн. Уымæ æнæкæсгæйæ, нæ уагдон æвдыста æмæ æвдисы цæттæдзинад æхсæнадæмон структурæтимæ, уыдонимæ ОБСЕ-имæ дæр, комкоммæ конструктивон диалогмæ, фæлæ – ног реалитæ хынцгæйæ.
- Цы у Дæ бон, Украинæйы цы цаутæ цæуы, уыдон тыххæй зæгъын? Цы сты ацы конфликты аххосæгтæ æмæ цы прогноз дæттыс ацы конфликт æрбæстон кæныны æмæ Украинæйы фидæны тыххæй?
- Сусæггаг нæу, Украинæйы цы æндыгъдад фæзынд, уый саразыны хъуыддаджы кæй уыд ныгуылæйнаг бæстæты æмæ АИШ-ы иуæй-иу бæрзондбынатахсæг политикты æнæмбæхсгæ хитъыст суверенон Украинæйы мидхъуыддæгты. Уыдоны фæндыди, цæмæй дзы саразой сæ геополитикон хъæзтыты бынат æмæ сæхицæн та бацæттæ кæной регионалон арæнты рацарæзтæн уавæртæ. Абон зын зæгъæн у, цас ахæсдзæн украинаг кризис æмæ йын цы фæстиуджытæ уыдзæн, уый. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Украинæйы адæм сæхæдæг хъуамæ аскъуыддзаг кæной сæ хъысмæт. Мах амæй фæстæмæ дæр нæ хъус лæмбынæг дардзыстæм Украинæйы ситуацимæ æмæ сидæм æппæт политикон тыхтæм, цæмæй тыхми бауромой æмæ ситуаци фæстæмæ сабырадон фæндагмæ кæной.
- Апрелы мæйы Хуссар Ирыстон бакодта йæ минæварад ДАР-ы. Хуссар Ирыстойнæгтæ куыд уынынц Донбассы конфликттæ?
- Донбассы бынтон æндæр процесстæ уыд. Демократон æгъдауæй равзæрст хицауады раппæрсты уавæрты, доминантон позицитæ бацахстой иттæг националистон тыхтæ, кæцытæ сидтысты уырыссаг цæрджыты марынмæ. Уыдон æмбæхсгæ дæр нæ кодтой, сæ хъайтартæ, сæ цæвиттойнæгтæ, æртыккаг рейхы специалон службæтимæ си æмгуыст кодта, уыдон кæй сты, æмæ активонæй пайда кæнынц уыцы азты нацистон символикæйæ. Райдыдтой адæмы нæмын æмæ марын. Донбассы цæрджытæ сыстадысты сæ бинонтæ æмæ хæдзæрттæ хъахъхъæнынмæ. Расидтгонд æрцыдысты Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæтæ. Æмбарын хъæуы уый дæр, æмæ Донбассы цæрджытæн сæ нысан нæ уыд Украинæйæ рахицæн кæнын. Уыдон сæйраджыдæр сты шахтертæ, сабыр кусджытæ. Уæды онг тынг дард уыдысты стыр политикæйæ. Фæлæ куы фæзынд сæ æрвылбонон цардуагмæ сын чи бацагайдтой ахæм тыхтæ, æнаххос адæмы куынæггæнæг артиллерион æхстытæ, уæд сын æндæр гæнæн нал уыд - хъуамæ сæхи хъахъхъæдтаиккой. Алы адæймаг æмæ алы адæмæн дæр ис йæхи бахъахъхъæныны бар. Сабырадон референдумæн, адæмы сабыр фæндонзагъдæн хицауад дзуапп куы дæтта нæмгуытæй æмæ сармадзантæй, репресситæй, æрцахстытæй, над æмæ мардæй, уæд уый у антиадæмон хицауад. Уый у тиранон æмæ деспотион хицауад, æмæ БНО Устав комкоммæ нымайы адæмы бар ахæм тиранон æмæ деспоитон хицауады ныхмæ растад. Киев сабыр адæмы ныхмæ æфсад арвыста. Фæлæ æфсадæн æрмæст иу хатт вæййы йæ адæмы фехсыны фадат. Æмæ йæ уыцы æхст адæмæн æнæуынон æмæ æцæгæлон скæны.
Мах Донбассы конфликты дарддæр афтæ уынæм: æнæмæнгхъæуæг у куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр хæстон архайдтытæ æруромын, дыууæрдыгæй дæр æфсад акæнын æмæ æппæтвæрсыг æрбæстонкæнынадыл диалог райдайын. Мах нæ æмбарæм официалон Киевы сабырадон æнæразыдзинад адæмон республикæты минæвæрттимæ бадзырдтæ райдайыны тыххæй. Фыццаджыдæр, хъæуы хъуыды кæнын хи политикон амбицитæ æмæ капризты тыххæй нæ, фæлæ адæмы цард бахъахъхъæныныл. Хъуамæ дын уа паддзахадон хъуыдыкæнынад. Киевы хицауадæн ахæм хъуыдыкæнынад ис æви нæй – уый равдисдзæн рæстæг.