Майрæмты мæйы 31-æм бон Сухумы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты Сæрдар Дриаты Заза, ФХъМ-йы фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар Санахъоты Алексей хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Боциты Олегæн фæстаг хæрзбон зæгъыны охыл хъынцъымы церемонийы.
Сообщения МИД РЮО
Майрæмты мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Италийы Мауро Мурджайы æмæ Ассоциаци «Венето-Уæрæсе»-йы Сæрдар Палмарино Дзоккателлийы, кæдон æрцыдысты Цхинвалмæ кусæгон балцы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд гуманитарон æмæ культурон æмгуыстад уæрæх кæныны фарстатыл.
2025 азы майрæмты мæйы 29-æм бон
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ хъусын кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Боциты Ильяйы фырт Олегы æнæрæстæджы цардæй ахицæны охыл.
Боциты Ильяйы фырт Олег райгуырд 1954 азы тæргæйтты мæйы 26-æм бон Абхазаг АССР-ы г. Ткварчалы. 1976 азы фæцис Харьковы паддзахадон университет. Куыста Республикæ Абхазы алыхуызон бынæтты, æппæты зындæр рæстæджыты абхазаг адæмимæ иумæ тох кодта Апсныйы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрыл.
Майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар пресс-центр Sputnik Хуссар Ирыстоны хайад райста видеомост «Цхинвал-Сухум-Мæскуы»-йы куысты, кæцы ацыд Уæрæсейы 'рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Хæдбардзинад банымайыны боны цытæн.
Видеомосты хайад райстой: Сухумы – Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Михаил Шургалин; Мæскуыйы – Уæрæсейы Уæвæг Абхазы Минæварады Минæвар Кан Тания.
Майрæмты мæйы 26-æм бон нысан цæуы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй æвддæс азы рацыды бæрæгбон.
Хуссар Ирыстоны адæм бирæ азты дæргъы фæтох кодтой сæ хæдбардзинадыл. Бирæ зындзинæдтæ, цæлхдуртимæ æмбæлдысты, уыдоны ‘хсæн 2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агресси, кæцы арæзт æрцыд ныгуылæны бæстæты æппæтварсон æххуысæй. Ацы цаутæ æркодтой регионы ног геополитикон реалиты сырæзтмæ.
Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Тымбыл фынг «Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй хæдбардзинады банымады размæ æмæ уый фæстæ»-йы куысты, кæцы Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 17 азы рацыды бæрæгбоны фæлгæтты сорганизаци кодта РПП «Иудзинад».
Майрæмты мæйы 14-æм бон, 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты охыл Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы Райгуырды аргъуан æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны ацыдысты фæмард Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ цæрджыты рухс нæмттыл службæтæ. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан.
2025 азы майрæмты мæйы 14-æм бон
Майрæмты мæйы 8-æм бон, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Республикæйы æдде дæр.
Мæскуыйы Ирвæзынгæнæг Чырыстийы Аргъуаны ссардтой гуырдзиаг агрессийы рæстæджы фæмардуæвæг Хуссар Ирыстоны цæрджыты рухс нæмттæ, афтæмæй ма Цхинвалы хъахъхъæнджыты, ирон æмæ уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты хæстонты, уæрæсейаг æфсады солдаттæ æмæ офицерты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ царды аргъæй хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны.
Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.
Майрæмты мæйы 7-æм бон ацыд къамты равдыст «08.08.08 – 08.08.25», уый фæстæ мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ы раз ацыд мысæн церемони, кæцыйы рæстæджы акцийы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинтæ мемориалмæ æмæ фæмардуæвджыты рухс номыл ссыгътой цырæгътæ.
Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны ацæудзысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ æвддæс азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.
Цалынмæ 2008 азы майрæмты мæйы æнæхъæн дуне каст Пекины XXIX Сæрдыгон Олимпаг хъæзтыты бакæныны церемонимæ, уæдмæ Гуырдзыстон, æхсæнадæмон барады æппæт нормæты сæрты ахизгæйæ, мæнгардæй æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ. Гуырдзиаг хæстон тыхтæ æхстой адæм кæм цæрынц, уыцы бæстыхæйттæ, цы æркодта стыр зиæнттæм. Атакæйы бын бахаудысты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр. Пырхæнтæ фестадысты социалон объекттæ, медицинон уагдæттæ.
Майрæмты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты Сæрдар Саид Ассадуллайы æмæ РХИ-йы уæвæг СДÆК-ы Минæварады Æдасдзинады хайады кусæг Марко Дошлякы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл. Афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æндæр актуалон гуманитарон фарстатыл.
Сусæны мæйы 30-æм бон Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Министрадты 'хсæн 2024-2025 азтæм бафыстгонд Консультациты пъланмæ гæсгæ дывæрсон консультацитæ.
Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты А.М. æмæ РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В.
Консультациты рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой æхсæнуагдонон æмгуыстады актуалон фарстатæ æмæ æхсæнадæмон аренæйы æмархайдыл.
2025 азы сусæны мæйы 31-æм бон