19 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты минæварады сæрдар Нальан Антмены.
Конструктивон æмæ бæстон ныхасы рæстæджы дзырд цыд, Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Миссийы Хуссар Ирыстоны архайды æппæт фарстатыл, сæрмагондæй, Антмен радта информаци организаци цы куыст бакодта фæстаг мæйты дæргъы, уый тыххæй. Радзырдта ныртæккæйы проектты æмæ æввахс периоды пъланты тыххæй.