Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 38-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2016 азы 13-14 декабры Женевæйы уыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 38-æм раунд. Дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры цы фидыдтытæ баконд æрцыд, уыдон бындурыл. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ-ы делегацитæ, æмæ ма ЕЦ, ИНО æмæ ОБСЕ-йы минæвæрттæ.

Хуссариыстойнаг делегацийы сæргълæууæг уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.

Куыст цыд дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл.

Раунды рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт уыд регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстатæм æмæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фарстатæм. Фæнд кодтой, æмсæрдæрттæ цы документы проект тыхæй ма спайда кæныны принципыл æнувыддзинады тыххæй æрбавдыстой, ууыл куыст кæронмæ бакæнын. Уыцы документ суыдаид юридикон тых кæмæн ис, тыхæй ма спайда кæныны фидар æхсæнадæмон гарантитимæ, ахæм фидыдтытæ бацæттæ кæнынмæ астæукъахдзæф. Фæлæ та проектыл куыст æмæ документы райст ногæй бакъуылымпы сты гуырдзиаг делегацийы деструктивон архайды фæстиуæгæн, уымæн æмæ та æрбавдыстой рагацау зындгонд чи у æмæ райсæн кæмæн нæй, ахæм формулировкæтæ.

Хъуыдытæ загъд æрцыдысты хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг æмæ абхазаг-гуырдзиаг паддзахадон арæнты районты æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл. Банысангонд æрцыд абаргæ стабилондзинад хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны районы. Дискуссийы хайадисджытæ æвæрццаг аргъ скодтой Инциденттæ ма æруадзыны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны механизмы (МПРИ) куыстæн æмæ йæ бадзырдтой йæ адарддæр кæныныл. Банысангонд ма æрцыд МПРИ-йы цур функцигæнæг «тæвд хахх»-ы басдзинады эффективондзинад.

Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ гуырдзиаг фарсæн сæ зæрдыл æрлæууын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æнхъарæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацимæ иумæйагæй бавналын. Бансангонд æрцыд гуырдзиаг фарс фæстаг рæстæджы кæй архайы чъизи пропагандистон методтæй, уый, ома, арæнхъахъхъæнджытæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты куы æрцахсынц Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны сæрты æнæзакъононæй рахызты рæстæджы, уæд æй радзурынц куыд «ахст æрцыд æхца дзы байсыны тыххæй», зæгъгæ.

Хуссарирыстойнаг делегаци равдыста тыхстдзинад НАТО Гуырдзыстоны территорийыл йæ уæвындзинад кæй уæрæх кæны, уый фæдыл, сæрмагондæй, НАТО-Гуырдзыстоны æфсæддон ахуыртæ ауадзыны тыххæй.

Куыд æдасдзинад æмæ гуманитарон ситуацийы иумæйаг хай, афтæ ныхас цыд Гуырдзыстоны территорийыл æбæрæгæй сæфт Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ссарыны фарстатыл дæр. Хуссарирыстойнаг хайадисджыты ныфс ис, 2017 азы æхсæнадæмон эксперт кæй адарддæр кæндзæн гуырдзиаг службæтæ 2008 азы октябры кæй адавтой, уыцы ирæтты агурыны фæдыл архайд.

Бынтон деструктивон æмæ тенденциозоныл банымадтой Гуырдзыстоны ФХМ цы æрвылкварталон хыгъд ныммыхуыр кодта адæймаджы барты фæдыл ситуацийы тыххæй «оккупацигонд территоритыл», уый æмæ ма Къорд бæстæйы – Гуырдзыстоны æмбæлтты номæй фидиуæн, цыран сидынц Уæрæсемæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад аива, «Гуырдзыстоны конфликт» æрбæстонгонд æрцæуа, «оккупацигонд территоритæй» хотыхджын баиугæндтæ раконд æрцæуой æмæ «ОБСЕ-йы æххæстбæрц мисси» Гуырдзыстоны ногæй архайа.

Бæрæг у, ацы къахдзæфтæ кæй сты здæхт паддзахадтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз сзыгъуыммæгондæй равдисынмæ, цæмæй сæ æхсæнадæмон изоляцийы бакæндæуа, уый нысанæн.

Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ та ногæй сæвæрдтой фарст, цæмæй Гуырдзыстон раздæха Ирыстонæн культурон æргъадтæ, уыдон нымæцы хуссарирыстойнаг музейæ давд æмæ ныртæккæ Гуырдзыстоны чи ис, уыцы уникалон византиаг иконæ-триптих. Хъусдард здæхт æрцыд Гуырдзыстоны контролы бын уæвæг Скæсæйнаг Ирыстоны (Тырсыгомы) цы ирон историон-культурон цыртдзæвæнтæ ис, уыдон бавæрыны фарста. Уырдæм уагъд нæ цæуынц раздæр уырдыгæй сырд чи æрцыд, уыцы ирон цæрджытæ.

Лигъдæтты фарстаты фæдыл дискусси ацы раунды уагъд нæ ацыд. Лигъдæтты тематикæйыл дзуырæн уыдзæн æрмæстдæр Гуырдзыстон куы ныууадза ацы проблемæ барæй политизаци кæныны фæлварæнтæ, уæд.

Женевæйаг æхсæнадæмон дискусситы 38-æм раунды фæлгæтты уагъд æрцыд æхсæнадæмон экспертты хайадистæй информацион сесси «Ахуырад мадæлон æвзагыл бирæнацион средæйы».
Женевæйаг дискусситы радон фембæлд уагъд æрцæудзæн 2017 азы марты.

Женевæ, 2016 азы 15 декабрь

 

15.12.2016