Фарст: Цы комментари у уæ бон радтын Республикæ Хуссар Ирыстонмæ зынгæ италиаг журналист æмæ политикон архайæг Джульетто Кьезайы æрцыдимæ баст ситуацийы тыххæй?
Дзуапп: Æцæгæйдæр, 23 январы г-н Кьеза парламентон партитæй иуы æрхуындмæ гæсгæ æрцыд Цхинвалмæ. Хъыгагæн, Кьезайæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæныл рахизынæн ныхдуртæ фæзынд, уымæн æмæ йæ чи æрхуыдта, уыцы фарс ницæмæ æрдардта Республикæйы закъондæттынады домæнтæ РХИ территоримæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ æрбацæуыны тыххæй. Ситуаци тагъд æрцыд бæстонгонд, фæлæ æрхонæг фарс нæ ауагъта фадат политикон скандал саразын бынтон афтид бынатыл æмæ сæ бæстæйы закъондæттынады сæхи ницæмæдардæй ратæдзгæ инцинденты фæстиуджытæ ФХМ-ыл æккой сæвæрын.
Куыдфæнды ма уа, уæддæр г-н Кьеза - Хуссар Ирыстоны рагон æмæ æнувыд хæлар, кæцыйæн мах стыр аргъ кæнæм, абон ис Цхинвалы, æмæ нын йæ æрцыд алыхатт дæр у цины хабар.
Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ хъус æрдардтам г-н Кьезайы æрцыд куыд æрцыд æвдыст алыхуызон дзыллон информацийы фæрæзты, сæрмагондæй, «Эхо Кавказа»-йы сайтыл цы публикаци уыд, уымæ. Уым дæр уыцы политикон партийы рог къухæй Республикæйы æххæсгæнæг хицауад, растдæр зæгъæйæ та РХИ ФХМ зылынгонд цæуы æдзухдæр фæсарæйнаг æмбæстæгты кæй хъыгдары Республикæмæ æрбацæуын, уымæй.
Ацы хъуыды абсурдон кæй у, ууыл дзурын уæлдай у, уымæн æмæ дызæрдыггаг нæу, Хуссар Ирыстоны кæй фæнды æхсæнадæмон æмгуыстады гæнæнтæ фидар кæнын æмæ дунеон аренæйыл ног контакттæ арын, æмæ ФХМ-ы бирæазон куыстæн та уыцы фадыджы бæлвырдгæнæнтæ нæ хъæуы. Фæлæ публикацийы авторы, ныхасæн зæгъгæйæ г-н Кьезайы æмбæлццоныл ивддзагæй чи банымадта ныртæккæ Ромæйы уæвæг РХИ ФХМ Минæвары Италиаг Республикæйы г-н Мауро Мурджайы, бынтондæр нæ æфсæрмы кæны нæдæр æм фаг информаци кæй нæй, уымæй, нæдæр компетентон кæй нæ у, уымæй.
Дисы нæ æфтауы æндæр хъуыддаг, сæрмагондæй та, номхуыдæй дзургæйæ – парламентон фылдæр хайы æнгом информацион æмгуыстад Хуссар Ирыстоны территорийыл аккредитаци кæмæн нæй æмæ анти-ирон æмæ анти-уæрæсейаг ориентаци кæмæн ис, ахæм интернет-ресурсимæ. Фаг у зæрдыл æрлæууын кæнын, раст уыцы ресурсы журналисттæй æддагон тыхтæ кæй пайда кодтой Хуссар Ирыстоны раздæры президентон æвзæрстыты периоды политикон кризис максималон æгъдауæй сцырын кæныны нысанæн.