Новости

Archive

Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ бацæуыны фæткы тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн бар ис, цæмæй бахатой Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ РХИ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ бацæуыны æрхуындимæ. Æрхуынды гæххæттимæ хъуамæ уой РХИ æмбæстаджы паспорты халдих, хуынд чи цæуынц, уыцы адæймæгты тыххæй зонæнтæ, афтæ ма сын сæ хæстæгдзинадон бастдзинад чи бæлвырд кæны, ахæм документтæ (кæд æмæ уой ахæмтæ). Æрхуынды æмгъуыд у 10 календарон боны онг.

17 июлы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сæрмагонд хъусынгæнинаджы æвзæрыл банымадта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 58-æм арми Хуссар æфсæддон округы æмæ Хуссар Ирыстоны цы æфсæддон ахуыртæ ауагъта, уыдон æмæ сæ схуыдта «провокацион архайдтытæ».

15 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фембæлдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Казбулатимæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Гасситы Знауримæ.

Фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой Министрадмæ хауæг фарстатл, банысан кодтой ног хæстæ æмæ сæ сæххæст кæныны курсы фæдыл.

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радон хатт фехъусын кодта,зæгъгæ, хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæныл бахæцыдысты Гуырдзыстоны ‘рдæм, инженерон æмбондгæнæн дзы куы арæзтой, уæд. Хуссар Ирыстоны арæны фехæлд ма бæттынц Европæйаг Цæдисы сæргълæууæг Дональд Тускы Гурдзыстонмæ плангонд визитимæ, кæцыйы гуырдзиæгты фæндыдис, арæнмæ йæ бæлвырд провокацион нысанæн æркæнын.

14 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбон кодтой Фидауынгæнджыты бон. Растдæр ацы бон 1992 азы гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ баконд æрцыдысты Сабырадæн ахъазгæнæн æмхæццæ тыхтæ (САÆТ). Фидауынгæнæг тыхтæ 16 азы дæргъы регионы фидыдад æмæ сабырдзинадæн уыдысты иунæг-иу гарант æмæ æппæты раздæр сæхимæ райстой 2008 азы августы гуырдзиаг æфсады цæфтæ. Хъайтарты сгуыхтдзинад кæддæриддæр баззайдзæнис Хуссар Ирыстоны адæмы зондахасты æмæ зæрдæты.

10 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады коллективы базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Казбулатимæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «ног урæд министр уагдоны ног адæймаг нæу, хорз зонгæ у коллективимæ æмæ йын йæ бæрны цы уагдон бакодтон, уый куыстимæ».

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад у бындурон уагдон, кæцы æххæст кæны æттагонполитикон фарстатæ, сæрмагондæй та йын нæ паддзахаддзинады дунеон позицитæ фидар кæныны фæдыл Президент йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон.

Цхуырбаты Казбулат Иналы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны тыххæй

2015 азы 9 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указмæ гæсгæ Цхуырбаты Казбулат Иналы фырт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.

Цхинвал, 2015 азы 10 июль

 

Цалдæр азы дæргъы фæд-фæдыл БНО Генералон Ассамблея райсы Гуырдзыстон кæй æрбавдисы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдæттæ æмæ рæстæгмæ сæ цæрæн бынæттæ чи аивтой, уыцы адæймæгты тыххæй резолюцийы проект. Гуырдзыстоны азæй-азмæ документы текст фæлхатт кæнгæйæ, фæнды, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн политикон æмæ зыгъуыммæгондæй лигъдæтты проблемæ равдиса афтæ, цæмæй бафидар кæна йæ æнæлегитимон территориалон даутæ.

Гасситы Знауыр Никъалайы фырты Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй

2015 азы 26 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указмæ гæсгæ Гасситы Знауыр Никъалайы фырт нысан æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй.

Цыбыр биографион бæлвырдгæнæн:

Гасситы Знауыр Никъалайы фырт райгуырдис 1974 азы 13 майы г.Цхинвалы.

Ахуырдзинад:

Ацы аз, 8 декабры бафидауын кæныны æмæ æмбæстагон æмбардзинады фарстаты фæдыл Гуырдзыстоны Паддзахадон министр Закареишвили Паата фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон цæттæ у цахæмфæндыйы формæйы диалогмæ дæр, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны Хицауиуæгадимæ дæр. Уыимæ иумæ май æ министрады куысты фæдыл æлдар Закареишвили Паата банысан кодта, зæгъгæ, уый сæйраджыдæр «йæ хъусдард здæхта абхазаг æмæ ирон æхсæнадимæ кусынмæ», кæцы фадат радта адæмы ‘хсæн æмахастытæ фидар кæнынмæ æмæ ахъаз кодта кæрæдзийыл æууæндындзинад фидар кæнынæн.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 30-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2014 азы 9-10 декабры Женевæйы дунеон дискусситы фæлгæтты уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл радон фембæлд. Уагъд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæйы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегациты, афтæ ма ЕЦ, ИНО, ЕЦÆО минæвæртты скондæй. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.