Новости

Archive

Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг спонсортæ сæ ныфс нæ сæттынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы, сæ «хæдбардзинад сын нæ банымайгæйæ, сæхимæ басайыныл», сæ хæдбардзинад сын нымæг кæнынæй. Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны ахастыты сæраппонд Батумы цы конференци уыдис, уым Евроцæдисы Æттагон архайды Службæйы минæвар Гунар Виганд йæ раныхасы раразмæ кодта ахæм инициативæ, зæгъгæ, Брюссель æмæ Тбилисы ‘хсæн сæрибарæй базар кæныны тыххæй къухæрфыссынмæ цы ассоциаци цæттæ цæуы, уый иу хай хъуамæ апарахатгонд æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Абхазыл.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 24-æм раунды фæдыл

2013 азы 25-26 июны Женевæйы дунеон дискусситы фæлгæтты уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады радон раунд. Уым хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

2013 азы 27 июны мыхуырæй рацæудзæнис газет «Вестник Республики Южная Осетия»-йы сæрмагонд рауагъд. Уадзы йæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварад Приднестроваг Молдоваг Республикæйы. Ацы рауагъд цæуы, куыд ПМР республикон газет «Приднестровье»-йы уæлæмхасæн, афтæ, 2009 азы февралæй фæстæмæ æрвыл квартал дæр.

БНО ГА йæ пленарон 67-æм рабадты цы резолюци райста, уый фæдыл

2013 азы 13 июны Нью-Йоркы БНО ГА 67-æм пленарон рабадты ист æрцыдис Гуырдзыстоны резолюци Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдонты æмæ рæстæгмæ иу бынатæй иннæмæ сæ цæрæн бынæттæ цы адæймæгтæ аивтой, уыдон фæдыл. Рекомендацигæнæг характер кæмæн уыдис БНО ГА ахæм резолюцитæ ныр ист цæуынц фæд-фæдыл фондз азы дæргъы.

БНО Генералон Ассамблейы 67-æм пленарон рабадт лигъдæтты æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ æвæндонæй йæ цæрæн бынат чи аивта, уыдон тыххæй Гуырдзыстон цы резолюцийы проект райста, уый фæдыл

2009 азæй райдайгæйæ Гуырдзыстон æрвылаз дæр БНО Генералон Ассамблейы сессимæ рахæссы Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй лигъдонты æмæ рæстæгмæ иу ранæй иннæ ранмæ йæ цæрæн бынат чи аивта, уыдон тыххæй резолюцийы проект. Ахæм радон резолюци та хаст цæуы БНО Генералон ассамблейы 67-æм пленарон рабадтмæ дæр.

Гуырдзыстонимæ арæныл демаркацион куыстыты тыххæй

Фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны цы хъæрахсты æмæ нуархалæн истери рапарахат, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уый сбæлвырд кæныны фæдыл демаркацион куыстыты тыххæй, уый у радон мæнг провокаци, кæцы йæ разы æвæры йæ адæмы фæсайыны æмæ йын цæмæй дунеон æмæхсæнад хæца йæ амбициты фарс, ахæм хæс.

2013 азы 6 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады ног Сæргълæууæг Валентинæ Кимы.

Фембæлды рæстæджы бауынаффæ чындæуыд æмкуысткæнынады бындурон аспекттыл, сæйраджыдæр та уынаффæ цыдис, гуманитарон æмæ социалон характер кæмæн уыдис, къорд ахæм практикон фарстытыл.
Министр ныфсдзинад загъта, Сырх Дзуары Дунеон Комитетимæ дарддæры ахадæн æмкуыст кæй цæудзæн, уый тыххæй.

Цхинвал, 2013 азы 6 июнь

 

Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады делегацийы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæхимæ кæй райста, уый фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. æрхуындмæ гæсгæ, 2013 азы 1-3 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис делегаци Италийæ, Итали æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн хæлардзинады æхсæнады президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй.

Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы фæдыл

2013 азы 28 майы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ æнæразыдзинад загъта, цыма Хуссар Ирыстоны арæн уæрæсейаг æфсæддонтæ æварстæй ахастой размæ æмæ йæ бабастой сындзтелæй Дицы æмæ Дуаны хъæуты цур фадгуыты.

- Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уымæй рацыдис фондз азы бæрц. Дæумæ гæсгæ цахæм сты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бындурондæр фæдæздæхтытæ банымадгонд паддзахады?

2013 азы 20 майы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Давид Закалиани брифингы фехъусын кодта: «Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кæй æххæст кæнынц, уыдонæй сæйрагдæртæй иу у хæдбардзинад ма банымайын æмæ уымæ бахъавдтытæ мах иунæг бон дæр не ‘рурæдтам».

2013 азы 20 майы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты, 1992 азы Зары фæндагыл гуырдзиаг агрессийы амæттаг чи баисты, уыцы сабыр цæрæг адæймæгты нæмттæ мысыны сæраппонд мадзæлттæ.

1992 азы 20 майы æрхъулагонд Цхинвалы горæты иннæ дунеимæ чи баста, Зары уыцы Царды фæндагыл комкоммæ æхст æрцыдис, бахъахъæнæг кæй нæ уыдис, уыцы сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ зæрæдты машинæйы колоннæ. Фæмард дзы сты 33 адæймаджы æмæ дзы 16 та фесты цæфтæ. Чи фæмард, уыдонæй се ‘ппæты хистæрыл цыдис 73 æмæ æппæты кæстæрыл та – 11 азы.